27-æм февралы уæрæсейаг авиакомпани «Аэрофлот»-ы рейс Мæскуы-Нью-Йорк Цæгат Америкæмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уæд æнæнхъæлæджы хæдтæхæг разылд æмæ фæстæмæ ратахт Мæскуымæ æмæ æрбадт аэропорт «Шереметьево»-йы. Бæрæг куыд у, афтæмæй хæдтæхæг Канадæйы уæлдæфон тыгъдадмæ нæма бахæццæ, афтæ йæ уайтагъд фæстæмæ раздæхтой. Канадæ не сразы сты хæдтæхæг ауадзыныл, уый дæр æндæр европæйаг бæстæтау йæ уæлдæфон тыгъдад уæрæсейаг хæдтæхджытæн кæй рыхгæдта, уый аххосагæй. Ныр авиакомпани «Аэрофлот» фехъусын кодта, кæй аивын кодта æппæт дунеон авиарейстæ, уый.

Ацы рейсы Нью-Йоркмæ тахтысты ирæттæ дæр, уыдон сты хиуæттæ. Сæ иу у, не ‘мбæстæгтæн хорз зонгæ чи у, уыцы америкæйаг Джо Местасы бинойнаг. Уымæн йæ хойы чызг, ме ‘мкъласон Гогаты Аленæ нын хуыцаубоны æрдæгæхсæв куыд фехъусын кодта, афтæмæй сæ æрдæгвæндагæй фæстæмæ раздæхтой Мæскуымæ. «Мах хуыцаубоны афæндараст кодтой Мæскуыйæ нæ хиуæттæ. Стыр ныфс нæ уыдис, нæ бинонтыл дзæбæхæй кæй сæмбæлдзыстæм. Уæлдæфон тыгъдады уыдыстæм фондз сахаты бæрц, уыцы рæстæджы фæцæйхæццæ кодтам Канадæйы сæрмæ æмæ нын уалынмæ фехъусын кодтой, фæстæмæ кæй хъуамæ аздæхæм, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хабар æхсызгон никæмæн уыдис, уæлдайдæр та – мæнæн, уымæн æмæ æз Америкæйæ рацыдтæн январы кæрон æмæ уæдæй фæстæмæ уыдтæн Ирыстоны. Мæ бинонтæ сты уым æмæ ныр нæ зонæм, куыд уыдзыстæм дарддæр, куыд сæмбæлдзыстæм нæ хæдзæрттыл», – катай кæны Аленæ.

Уæрæсейы Федераци Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Луганскы Адæмон Республикæ ссæрибар кæныны æмæ Украинæйы сабырдзинадмæ æркæныны тыххæй спецопераци кæй уадзы, уый тыххæй æппæт европæйаг бæстæтæ рацыдысты Уæрæсейы ныхмæ æмæ йын йæ хæдтæхджытæн сæхгæдтой сæ уæлдæфон тыгъдадтæ. Специалисттæ куыд банысан кодтой, афтæмæй ситуаци у критикон.

27-æм февралы изæрмæ уæрæсейаг авиакомпанитæ иууылдæр сæ атахтытæ æрурæдтой æппæт европæйаг бæстæтæм.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.