Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн

Президент Тыбылты Леонид мæсæллæйы тел арвыста Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинмæ, хæдтæхæг Ту-154 кæй æрхауд æмæ дзы уæрæ-сейаг æмбæстæгтæ кæй фæмард сты, уый тыххæй.

Мæсæллæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Хуссар Ирыстоны стыр хъыгзæрдæимæ райстам, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады хæдтæхæг Ту-154 горæт Сочимæ æввахс кæй æрхауд æмæ уый аххосæй уæрæсейаг æмбæстæгтæ кæй фæмард сты, уыцы цау.

Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады, нæ адæм æмæ мæхи номæй, чи фæмард, уыдоны æввахс адæм æмæ хиуæттæн, стæй æппæт Уæрæсейы Федерацийы адæмæн æрвитын нæ зæрдæбын мæсæллæйы ныхæстæ ацы уæззау таргедийы охыл».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ТЫБЫЛТЫ Леонид

 

***

Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведевмæ

Цытджын Дмитри Анатолийы фырт,

Стыр зæрдæрыстимæ райстам  æбуалгъы трагедийы фыдуац, кæцы ахаста 92 уæрæсейаг æмбæстаджы цард.

Уый стыр рыст æмæ æнæ баххæстгæнгæ зиан у æрмæст фæмардуæвджыты бинонтæн нæ, фæлæ æппæт бæстæйæн дæр. Хуссар Ирыстоны адæм хъынцъым кæнынц уæрæсейæгтимæ, ацы хæдтæхæгыл чи уыд, уыдоны бинонтæн се ‘ппæтимæ. Мæхи æмæ Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй курæг дæн, цæмæй фæмардуæвджыты бинонтæм фæхæццæ кæнай фарсхæцынады æмæ мæсæллæйы ныхæстæ.

Уæ рыст уын зæрдæйæ æнкъарæм æмæ хъынцъым кæнæм сымахимæ иумæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрусмæ

Цытджын Эльбрус Хъаныхъойы фырт,

Стыр хъыг мын уыд Сау денджызы сæрмæ хæдтæхæг Ту-154-ы катастрофæ æмæ уæрæсейæгты фæмард. Æппæт дунейы милуангай адæймæгтæн уый стыр трагеди у. А-дунейæ ацыдысты бæстæйы минæвæртты хуыздæртæ, профессионалтæ, бирæ тых æмæ плантæ кæмæ уыд, уыцы адæймæгтæ. Ацы уæззау трагедийæн нæй баххæстгæнæн.

Хуссар Ирыстоны адæм дæр уæрæсейæгтимæ иумæ зæрдæрыстæй хъынцъым кæнынц фæмардуæвджыты тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти

 

 ***

УÆРÆСЕИМÆ ХЪЫНЦЪЫМЫ ÆМÆ ÆМЗÆРДÆДЗИНАДЫ НЫСАНÆН

Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр мæсæллæйы ныхæстæ загъта, ТУ-154 хæдтæхæг авиакатастрофæйы кæй бахауд, уый тыххæй.

Минæвар йæ мæсæллæйы телы хъыджы æмæ ныфсы ныхæстæ загъта фæмардуæвджыты хиуæттæ æмæ хæстæджытæн, – хъусын кæны минæварады пресс-службæ.

Уæрæсеимæ хъынцъымы æмæ æмзæрдæдзинады нысанæн Минæварады территорийыл æруагъдæуыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса.

 

***

 

Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийон Советы Сæрдар Валентина Матвиенкомæ

Цытджын Валентинæ Иваны чызг!

Стыр рыст нæм сæвзæрын кодта 92 уæрæсейаг æмбæстажы цард чи аскъудта, уыцы уæлдæфон æнамонд цау. Уæззау зæрдæимæ æппæт уæрæсейаг адæмæн ацы фыдохы бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ мæхи номæй зæгъын мæсæллæйы ны-хæстæ фæмардуæвджыты хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли

***

Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володинмæ

Цытджын Вячеслав Викторы фырт!

Стыр хъыгзæрдæимæ райстой Хуссар Ирыстоны адæм, бирæнымæц удзиæнттæ чи расайдта, æрцæуæг трагедийы тыххæй уыцы тæссаг цау. Æгæрон у уæрæсейаг адæмы рыст уыцы æнæуромгæ зиæнттыл. Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ мæхи номæй мæсæллæй кæнынц, æмæ æрвитын æмзæрдæдзинад æмæ ныфсæвæрды ныхæстæ фæмардуæвджыты æппæт хиуæттæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли

 

***

Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгумæ

Цытджын Сергей Кужугеты фырт!

Хъыг кæнæм, Уæрæсейы æмбæстæгтæ, се эхсæн æфсæддонтæ – Александровы номыл дыууæ хатты Сырхтырысаджын Академион кафт æмæ зарды ансамблы артисттимæ иумæ, хæдтæхæг Ту-154 кæй æрхауд, уый тыххæй. Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ мæхи номæй уын зæрдæбынæй зæгъын мæсæллæй, æмæ æмзæрдæдзинад æмæ ныф-сæвæрды ныхæстæ æрвитын фæмардуæвджыты æппæт хиуæттæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрусмæ

Цытджын Эльбрус Хъаныхъойы фырт!

Хъыг кæнæм уæлдæфон æнамонддзинады аххосæй цы æбуалгъы таргеди æрцыд – дæсгай уæрæсейаг æмбæстæгтæ кæм фæмард сты, уый тыххæй. Ацы фыдохы сахат Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ мæхи номæй зæгъын зæрдæбын мæсæллæйы ныхæстæ фæмардуæвджыты бинонтæ æмæ æввахс адæмæн, æппæт уæрæсейаг адæмæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдис хъыг кæнынц, Сау денджызы сæрмæ цы фыдцау æрцыд, уый фæдыл. Хæдтæхæг Ту-154 æрхауд, æмæ дзы фæмард сты уæрæсйеаг æмбæстæгтæ. Уыдоны æхсæн, экипажы уæнгтæй дарддæр, уыдысты Уæрæсейы Хъахъæнынады министрады афицертæ, хæрзаудæн фонд «Справедливая помощь»-ы минæвар Елизаветæ Глинка (дохтыр Лизæ), Уæрæсейы æфсады Александровы номыл  кафт æмæ зарды номдзыд ансамбль, афтæ ма  уæрæсейаг фыццаг канал, НТВ, телеканал «Звезда»-йы кусджытæ. Уыдон уыдысты кусæгон командировкæйы æмæ цыдысты Сиримæ: сæ иутæ – уæрæсейаг æфсæддон контингентæн Ног азы цытæн раарфæ кæнынмæ, иннæтæ – сæ куысты хæстæ æхæст кæнынмæ. Уыдонæй бирæтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты «æндыгъд бынæтты», сæ удæн тæссаг уавæрты. Уыдон уыдысты хъæбатыр адæм, бæрзонд профессионалтæ, сæ Фыдыбæстæйы патриоттæ. Мæсæллæй зæгъæм фæмардуæвджыты хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн, хъынцъым кæнæм семæ иумæ.

РХИ-йы Журналистты Цæдис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.