ФÆУД КÆНЫ КУЛЬТУРÆЙЫ ХÆДЗАРЫ АРÆЗТАД

Дзауы поселок зындгонд уыд, канд йæ сыгъдæг уæлдæф нæ, йæ хосгæнæн дæттæй нæ, фæлæ дзы улæфынæн цы санаторитæ, алыгъуызон хиирхæфсæн культурон артдзæстытæ æмæ административон агъуыстытæ уыдис, уыдонæй дæр. Ардæм улæфынмæ æмæ йæ æвдадзы дæттæй сæхицæн хоскæнынмæ цыдысты Уæрæсейы алы къуымтæй дæр. Уыдонæн сæ улæфт арвитынæн арæзт уыд æппæт уавæртæ дæр.

Фæлæ поселочы цард мæгуырауæрдæм фæивта зæххæнкъуысты фæстæ. Ныппырх сты æрмæст цæрæн хæдзæрттæ нæ, фæлæ хицæн æмæ хицæн административон, культурон уагдæттæ. Уыдон æхсæн уыдис Дзауы Культурæйы хæдзар дæр. Уæдæй фæстæмæ поселочы цæрджытæн нал уыдис, культурон æгъдауæй сæ рæстæг кæм æрвыстаиккой, ахæм бы-нат. Уыцы фадат сын фæзындис 2014 азы. Уæд райцентры улæфæн парчы территорийыл арæзт æрцыд гом сценæ. Фæлæ уыцы сценæйыл алыгъуызон мадзæлттæ уагъд цыдысты æрмæстдæр сæрдыгон рæстæджы.

Ныр районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæджы хъæппæрисæй гом сценæ æхгæд æрцыд, самадтой йын йæ систæ, бауагътой йæм хъæрмад, рухс, арæзт дзы æрцыд хатæн гардеробæн. Агъуыст аразы Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон управлени. Йæ сæргълæууæг Пæррæстаты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй ам ныр фадат уыдзæн алы рæстæджы дæр алыгъуызон мадзæлттæ ауадзынæн.

Агъуысты иумæйаг фæзуат у 350 квадратон метры. Сценæ йæхæдæг у – 110 квадратон метры бæрц. Ам 208 сценæмæкæсæгæн æвæрд æрцæудзæнис фæлмæн бандæттæ. Владимир куыд зæгъы, афтæмæй уыдон æлхæд æрцыдысты Краснодары. Цы фирмæ сæ аразы, уыдон сæ бадзырдмæ гæсгæ æрласдзысты æмæ сæвæрдзысты сæхæдæг.

«Мæйы кæронмæ агъуыст эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис. Ныр сын фадат уыдзæнис æндæр рæттæй сфæлдыстадон коллективтæ æрхонынæн. Ныр дзы уавæртæ  ис спектаклтæ æвдисынæн æмæ поселочы цæрджыты горæтмæ цæуыны сæр тынг нал хъæудзæн», – загъта йæ ныхасы кæрон Пæррæстайы фырт.

Афтæ, уæдæ, Дзауы райцентр ноджы-дæр рафидаудзæн йæ ног культурон  объекттæй.

 

АХЪАЗ УЫДЗÆН ÆВЗОНГ КУРДИÆТТÆ РАЙТЫНГ КÆНЫНÆН

Рæзгæ фæлтæры æппæтфарсон хъомылады ахсджиагдзинад хынцгæйæ, Дзауы поселочы арæзт цæуы сывæллæтты сфæлдыстадон галуан. Уый рæзы Дзауы скъолайы фарсмæ.

Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Пæррæстаты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй райдианы ам бындур ныккалдтой иууæладзыгон сфæлдыстадон галуан саразынæн. Фæлæ ныр скъуыддзаг æрцыд, цæмæй дзы арæзт æрцæуа дыууæуæладзыгон корпус, æмæ дзы фадат уа, сывæллæттæн ахæм кружоктæ, куыд ирон фæндыр, гитарæ, фортепианойы кружоктæ уадзынæн нæ, фæлæ ма дзы бынат уа библиотекæ æмæ репетицигæнæн залæн дæр.

Ацы куыстытæм цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æрæвнæлдта фарон ноябры мæйы. Ногазы æрбалæудмæ  дыууæуæладзыгон корпус фæцис æмбæрзты бын. Фæлæ, Капиталон арæзтады управленийы специалисттæ куыд загътой, афтæмæй объектæн сфидардæр кæнын хъæуы йæ фасады бындур, кæцы арæзт æрцыд раздæры азты, уымæ гæсгæ куыстытæ урæд æрцыдысты.

«Æмæ куыддæр проектон-сметæйон документаци арæзт æрцæуа, афтæ æрæвналдзыстæм куыстытæм», – загъта Владимир.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ зæххæнкъуыстæй фæстæмæ сывæллæтты сфæлдыстадон галуан йæ куыст кæй кодта вагæтты.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.