Алы скъолайæн дæр вæййы спортивон зал, цæмæй ахуыргæнинæгтæн физкультурæйы уроктæ уагъд цæуой. Ахæм спортзал йæ рæстæджы уыдис Дзауы астæуккаг скъолайæн дæр. Фæлæ  зæххæнкъуыст куы уыдис, уæд цæрæн хæдзæрттæ æмæ алыгъуызон уагдæтты  бæстыхæйттау, ныппырх ис ацы скъола дæр. Фæстæдæр, йæ бынаты, фæсарæйнаг организацийы æххуысæй, арæзт æрцыдис скъолайы ног бæстыхай, фæлæ – æнæ спортзалæй. Районы администраци цалдæр азы размæ скъолайы кæрты сарæзта спортивон фæзуат, фæлæ уæддæр æвзæр боныгъæдты æмæ зымæгон бонты, фадат нæ уыдис, ахуыргæнинæгтæн æмбæлон æмвæзадыл физкультурæйы уроктæ уадзынæн. Скъолайæн спортивон зал æнæмæнгхъæуæг кæй у, уый тыххæй йæ хъаст алы инстанцитæм хаста скъолайы директор, фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй не ‘ггуырст.

Ацы хъуыддаг бахынцыдта Дзауы районы администраци æмæ ам ныр арæзт цæуы спортивон зал. Аразгæ та йæ кæны хуссарирыстойнаг арæзтадон организаци «Монолит».

Объекты арæзтадмæ æрæвнæлдтой ацы аз августы мæйы. Æмæ ныр ам фенæн ис дыууæуæладзыгон бæстыхай. Объекты сæр сагъуыстой сэндвич-панелæй, бакодтой йыл рудзгуытæ, уагъд æрцыдысты инженерон-коммуникацион хызæгтæ. Ныртæккæ куыст цæуы хъæрмадон системæ   саразыныл. Сæ тæмæны сты мидæггагон куыстытæ – къултæ сæрдæн æмæ астæрдтæ лæгъзгæнæн куыстытæ. Арæзтады прораб Кæркуысты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй дзы кусынц 18 адæймаджы. Уыдоны ‘хсæн ис куыд бынæттон, афтæ æрцæуæггаг аразджытæ дæр.

Спортивон зал афтæ арæзт æрцыд æмæ йæм бахизæн уыдзæн скъолайæ. Уым арæзт цæуы алы уавæртæ дæр. Уыдзæнис дзы стыр зал, цыран хъаздзысты мини-футболæй, баскетбол æмæ волейболæй. Йæ дæргъ у 28 метры æмæ йæ уæрх та 17 метры бæрц. Уым ма арæзт æрцыд тренертæн хицæн хатæн, дзаумæттæивæн, хинайæнтæ куыд лæппутæн, афтæ чызджытæн дæр. Дыккаг уæладзыджы та уыдзæнис тренажерон зал.  Уырдæм тренировкæ кæнынмæ цæудзысты  канд скъолайы хистæркъласонтæ нæ, фæлæ Дзауы поселочы цæрæг фæсивæд дæр. Уыдонæн арæзт æрцыд хицæн бацæуæн. Кæркуысты Владмир куыд зæгъы, афтæмæй объект хъуамæ арæзт фæуыдаид Ног азмæ, фæлæ-иу сæ арæзтадон æрмæгмæ æнхъæлмæ кæсын кæй бахъуыд, уый тыххæй бафæстиат сты куыстытæ. Ныр æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуой ног азы, февралы мæйы æмбистæм.

«Сæйраг уыдис агъуысты сæр бамбæрзын, ныр нæ куыстæгтыл батындздзыстæм. Нæй проблемæтæ финанскæнынады  дæр. Боныгъæдтæ дæр нæ амонынц», – загъта прораб.

«Объекты арæзтадмæ йæ хъус дары скъолайы директор Санахъоты Алан дæр, цæмæй ма æруадзой цухдзинæдтæ, уал азы дæргъы кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы спортивон залы арæзтады.  Уымæн æхсызгон у, скъолайы цы 225 ахуыргæнинаджы ис, уыдонæн ахæм фадæттæ арæзт кæй цæуы, уый.

«1991 азæй фæстæмæ цал æмæ цал фæлтæр рауагъдоны ацыдис не скъолайæ, фæлæ дзы уагъд нæ цыдысты æмбæлон уроктæ физкультурæйæ, нæ уыдис ахæм фадæттæ. Ацы фарст мах æвæрдтам, цал Президенттæ нæм уыдис, уыдонæй алкæйы раз дæр. Æмæ ныр сæххæст нæ бæллиц. Уый тыххæй стыр бузныг стæм нæ республикæйы разамынад æмæ районы администрацийы къухдариуæгадæй», – загъта скъолайы директор.

Санахъоты Алан ныр 53 азы кусы ацы скъолайы. Уый йæхæдæг дæр уагъта физкультурæйы уроктæ æмæ хорз æмбары, ацы спортивон залы сырæзты ахсджиагдзинад. Уымæн æмæ уый æнæмæнгхъæуæг у ахуырдзауты æнæниздзинад фидардæр кæнынæн.

«Скъолайы кæрты цы сæрдыгон-спортивон фæзуат арæзт æрцыд, уый нын стыр æххуыс у, фæлæ къæвда рæстæджыты, зымæгон бонты тынг тыхстыстæм æмæ нын ныр, ахæм уавæртæ кæй уыдзæнис, уый тыххæй баззадыстæм райгондæй. Кусджыты куыстæй рахъастгæнæн нæй, цæсгомджынæй кæнынц сæ куыст, прораб йæхæдæг дæр ацы скъолайы рауагъдон у. Ныр ам ахуыр кæнынц йæ сывæллæттæ дæр. Уымæ гæсгæ æппæт куыстытæ дæр æххæст кæнынц æнæаиппытæй», – банысан кодта директор.

Ахуыргæнинæгтæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц, зал арæзт кæд фæуыдзæн, уымæ. 8-æм къласы ахуыргæнинæгтæ Гæззаты Димитр æмæ Гасситы Уырызмæг куыд загътой, афтæмæй сын спортзалы сырæзт ахъаз кæндзæн сæ физикон рæзтæн æмæ спорты æндæр æмæ æндæр хуызтыл цайдагъ кæнынæн.

 БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.