Нæ республикæйы фæстаг рæстæджы байгом ис бирæ тренажерон залтæ. Уыдон арæзт цæуынц Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорт райтынг кæныны концепцийы фæлгæтты бакуыстгонд программæ «Спорт в шаговой доступности»-йы фæлгæтты. Ахæм тренажерон залтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр ахъаз фæуыдзысты сомбоны æнæниз фæлтæр схъомыл кæнынæн, афтæ ма фæсивæдæн уыдзæн, сæ сæрибар рæстæг кæм æрвитой, ахæм бынат. Ацы хæрзиуæгон хъуыддагæй фæхайджын сты Дзауы районы цæрджытæ дæр æмæ æхсызгонæй сæмбæлдысты сæ зынаргъ, бирæ азты дæргъы кæмæй пайда кæндзысты, уыцы лæварыл.

7-æм апрелы Дзауы районы баконд æрцыдысты дыууæ спортивон объекты. Сæ иу у тренажерон зал, кæцы арæзт æрцыд Хуыцъейы астæуккаг скъолайы бæстыхайы. Иннæ  объект та у Дзауы поселочы Хетæгкаты Къостайы номыл астæуккаг скъолайы кæртмæ хæстæг территорийыл спортивон фæзуат. Ацы ран арæзт æрцыдысты теннис, футбол, баскетбол æмæ волейболы фæзуæттæ. Ацы  хъуыддаг районы цæрджытæн у куыд бæрæгбон, афтæ æмæ йыл сæмбæлдысты стыр цины æнкъарæнтимæ. Уæлдай тынгдæр ыл фæцин кодтой районы ахуырдзау фæсивæд, уымæн æмæ сын ныр уыдзæнис, се уæнгтæ кæм айтынг кæной æмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн кæм фæхъазой, ахæм спортивон фæзуат. Программæ фидаргонд æрцыд Президент Тыбылты Леониды инициативæмæ гæсгæ, æмæ йын æхцайы фæрæзтæ дæр хицæнгонд цыдысты Президентон фондæй. Тренажерон зал æмæ бирæфункционалон спортивон фæзуаты арæзтадыл бакуыста Дзауы районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управлени.

Ног спортивон объекттæ бакæныны сæраппонд æмæ районы цæрджытæн раарфæ кæнынмæ, цытджын мадзалмæ æрбацыдысты нæ республикæйы архайæг Президент Тыбылты Леонид, РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, РХИ-йы Хицауады сæрдары хæди-вæг Пухаты Эрик, Уæрæсейы Федерацийы уæгъдибар хъæбысхæсты сæйраг тренер Тедеты Дзамболат, горæт Мæскуыйы ЦСКА-йы уæгъдибар хъæбысхæсты сæйраг тренер Мæргъиты Анатоли, Олимпион чемпион, дунейы æмæ Европæйы чемпион Хуыгаты Алан æмæ уæгъдибар хъæбысхæсты богалтæ Тыджыты Таймураз æмæ Ибрагим Алдатов. Мадзалмæ ма æрбамбырд сты районы цæрджытæ, скъолаты ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ.

Тыбылты Леонид æмæ нæ республикæмæ æрцæуæг уазджытæ фыццаг бацыдысты æмæ федтой, Хуыцъейы скъолайы цы ног тренажерон зал сырæзт, уый æмæ уый фæстæ хайад райстой Дзауы астæуккаг скъолайы спортивон фæзуат байгом кæныны церемонийы.

Цытджын мадзалы раныхас кодта Тыбылты Леонид. Уый районы цæрджытæн ракодта зæрдæбын арфæтæ ацы нысаниуæгджын цауы тыххæй æмæ банысан кодта, абон фæси-вæдæн æнæмæнгхъæуæг кæй сты ахæм спортивон объекттæ. «Абон мах Дзауы районы нысан кæнæм спортивон объектты байгом кæныны бæрæгбон. Ам бынæттон фæсивæд фидар кæндзысты се ‘нæниздзинад æмæ хъæлдзæгæй æрвитдзысты сæ рæстæг. Мах, планмæ гæсгæ, аразæм æппæт дæр, цæмæй нæ республикæйы районты арæзт цæуой фылдæр спортивон объекттæ æмæ рæз-гæ фæлтæрæн уа ахæм уавæртæ, цæмæй райтынг кæной сæ физикон цæттæдзинад. Махмæ тынг бирæ ис курдиатджын сывæллæттæ æмæ уы-мæн та æвдисæн сты, нæ республикæйæн æддейæ спорты æндæр æмæ æндæр хуызты цы уæлахизтæ æрхæссынц, уымæй. Махæн нæ сæйраг хæс у, цæмæй нæ фæсивæдæн ара-зæм хорз уавæртæ, цæмæй цух ма æййафой, ахæм æнæмæнгхъæуæг спортивон объекттæй. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хъуыддаг хъæуы дарддæр кæнын», – загъта Тыбылты Леонид.

Фæсивæд æмæ районы цæрджытæн ма арфæйы ныхæстæ загъта Тедеты Дзамболат дæр æмæ банысан кодта, сывæллæттæн спортæй архайын кæй у æнæмæнг хъуыддаг.

Дзауы районы цæрджыты номæй Тыбылты Леонид æмæ хицауады кусджытæн бузны-джы ныхæстæ загътой районы администрацийы сæргълæууæг Чилæхсаты Владимир æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъолайы директор Санахъоты Алан. Алан куыд банысан кодта, афтæмæй скъоладзаутæ ацы спортивон фæзуаты сырæзтмæ æн-хъæлмæ кастысты бирæ азты дæргъы. «Абон нæ сывæл-лæттæн балæвар кодтой дисса-джы спортивон фæзуат. Ахæм фæзуат махæн никуы уыд æмæ йын йæ бакондыл иумиагæй цин кæнæм. Уæлдай тынгдæр та йыл фæцин кодтой нæ сывæллæттæ æмæ уый та стыр хæрзиуæгон хъуыддаг у», – загъта скъолайы директор.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.