Дзауы скъола-интернатæн йæ нысаниуæг егъау уыдис, цалынмæ зæххæнкъуыст нæ уыд æмæ нæ ныппырх, уæдмæ. Уый лæггад кодта, канд Дзауы районы нæ, фæлæ ма республикæйы æндæр хъæуты цæрджыты сывæллæттæн, уæлдайдæр та дæрддаг, хæххон хъæуты чи цардысты, уыдонæн. Скъола-интернаты ахуыр-хъомыладон куыст цыдис бæрзонд æмвæзадыл. Æмæ уыцы кадджын традицитæ бахъахъхъæд æрцыдысты абон дæр. Фæлæ стыр зæххæнкъуысты фæстиуæгæн ныппырх ис скъола æмæ дзы ахуыр кæнынæн æмбæлон уавæртæ нал уыдис. Фæсарæйнаг организациты æххуысæй ногæй арæзт æрцыд скъола, дыккаг уæладзыг арæзт æрцыд хъæдæрмæгæй æмæ дзы хынцыд не ‘рцыдысты зынгсирвæзты ныхмæ домæнтæ. Æмæ æрцыд  æнæнхъæлæджы æнамонд цау. Электрохæххыты аххосæй дыккаг уæладзыг басыгъдис иууылдæр. Уый уыдис 2014 азы æмæ уæдæй абонмæ сывæллæттæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр хъизæмайраг фесты. Сывæллæттæй бирæтæ цæуынц горæтæй, бирæтæ та Дзауы сæ хæстæджытæм æрбынат кодтой. Ахуыртæ та цæуынц Дзауы астæуккаг скъолайы боны дыккаг æмбисы. Сывæллæттæн хъарм хæринаг цæттæ цæуы скъола-интернатæн йæхи хæрæндоны æмæ сын сæ баласынц скъоламæ, бахæрын сын кæнынц æмæ та сæ мигæнæнтæ фæстæмæ æрбаласынц сæхи хæрæндонмæ. Хорз у, æмæ сын сæхи машинæ ис. Скъола-интернаты директор Галуанты Залинæ куыд зæгъы, афтæмæй цæсгомджын куыст кæнынц хæринаггæнджытæ. Архайынц сæ менюмæ хæрзад хæринæгтæ бахæссыныл æмæ сæ уый тыххæй райгонд у директор.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы скъолайы хъæрмады артгæнæн дæр арæзт кæй уыдис скъолайæн йæхи мидæг. Уый уыдис тæссаг сывæллæтты æмæ кусджыты цардæн дæр. Скъолайы директор, уый æмбаргæйæ, хъаст кодта алы инстанцитæм дæр, фæлæ йæ хъæр никуыдæм хъуыстис. Йæ зæрдæ æдзух сывæллæттæм æхсайгæйæ,  мыййаг, газ куы ахуысса æмæ фыдбылыз куы æрцæуа, уый тасæй скъолайы директор йæхи хæдзары нал æхсæвиуат кодта. Уый дæр æрбынат кодта скъола-интернаты æмæ-иу æхсæв цалдæр хатты абæрæг кодта артгæнæн. Афтæ хъизæмар кодтой, фæлæ уыдæттæм нæ кæсгæйæ, уæддæр ахуыр-хъомыладон куыст ам кæддæриддæр уыд æмбæлон æмвæзадыл. Скъоламæ бахизгæйæ та бæрæг дардта йæ сыгъдæгдзинад.

Ахуыргæнджыты æнувыд куыст зонгæйæ, РХИ-йы Ахуырады министрад цалдæр хатты аскъуыддзаг кодта, цæмæй сæрдыгон улæфтыты рæс-тæджы ам баконд æрцыдаид сæрдыгон улæфæн лагерь. Ам-иу сæ улæфт уагътой горæты скъолаты ахуырдзаутæ. Ахуыргæнджытæ-иу сæ æрвылбон дæр акодтой æрдзы хъæбысмæ æмæ сæ зонгæ кодтой Дзауы поселочы алыварс алæмæттаджы æрдзимæ. Скъолайы басыгъдæй фæцух сты уыцы хæрзиуæгæй дæр сывæллæттæ.  Æппæт уыцы хъуыддæгтæ бахынцыдта Дзауы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг æмæ йæ хъæппæрисон архайды руаджы æрæвнæлдтой скъола-интернаты арæзтадмæ. Ныр ам æрвылбон дæр æмызмæлд кæнынц 20 кусæджы бæрц. Се ‘хсæн сылгоймаг кусджытæ дæр. Уыдон æххæст кæнынц къулсæрдæн куыстытæ. Нæлгоймæгтæ самадтой блокæй дыккаг уæладзыг, бамбæрстой агъуысты сæр, бауагътой йæм рухс, хъæрмад, хынцыд æр-цыдысты зынгсирвæзты ныхмæ домæнтæ.

Скъолайы директор æрвылбон дæр бацæуы æмæ бабæрæг кæны куыстыты гъæд, кæд дзы, мыййаг, скъолайы домæнтæн исты дзуапп нæ фæдæтты, уæд æй аскъуыддзаг кæнынц кæрæдзи æмбаргæйæ. Кусджытæ се ‘ппæт дæр сты бынæттон, сæ фылдæр – Дзауы поселочы цæрджытæ.

Аразгæ та йæ кæны ООО «Кавказ». Йæ генералон директор у Гаглойты Артур. Уый куыд зæгъы, афтæмæй æппæт арæзтадон куыстытæ дæр фæуыдзысты марты мæйы кæронмæ, стæй сæ кæд боныгъæдтæ нæ бахъыгдарой, уæд æрæвналдзысты скъолайы территори схæрзарæзт кæнынмæ. Уый та хъуамæ арæзт фæуа майы мæймæ.

Скъола-интернаты арæзтадæн финансон æххуыс кæны дунеон ахыгъдон банг.

Райгонд у директор скъолайы арæзтадæй, ныр сын фадат уыдзæн хицæнтæй химийы, физикæйы, биологийы, компьютерон, библиотекæ æмæ медицинон кабинеттæ саразынæн. Дыккаг уæладзæджы арæзт æрцыд спортивон зал дæр.

Афтæ, уæдæ сæ ног ахуыры азыл ногарæзт скъолайы сæмбæлдзысты скъола-интернаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ.

Бестауты Валя                                                  

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.