РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы сæрмагондæй дзырдæуы:

«Цытджын Сергей Викторы фырт,

Айс мæ иууыл хъармдæр арфæтæ дæ гуырæн боны сæраппонд. Нырыккон дипломатийы историйы дипломатон куысты стыр фæлтæрддзинад кæмæ ис, уыцы зынгæ архайджытæй иу уæвгæйæ, ды, цытджын Сергей Викторы фырт, ссардтай стыр авторитет дунейы адæмты зæрдæты. Ды хисæрмагонд цæвиттонæй ныфс дæттыс уæрæсейаг паддзахады национ интерестыл принципиалонæй тох кæнынæй, удцырын кæныс дипломатты æвзонг фæлтæры Фыдыбæстæйыл æнувыд уæвынæн.

Хуссар Ирыстоны адæмы мысынады æнустæм баззайдзæн не ‘взонг паддзахады дунеон позицитæ æмæ сфидар кæныны дæ хисæрмагонд хайадист.

Цытджын Сергей Викторы фырт, ацы нысаниуæгджын боны дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ, æнтыстытæ дæ бæрнон куысты Уæрæсейы æмæ йæ бирæнацион адæмы фæрныгадæн».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

Бибылты Анатоли

 

* * *

Цытджын Рауль Джумкы фырт!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ райгуырдыл 60 азы сæххæсты цытæн.

Царды дын уый у ахæм рæстæг, кæцы иуæрдыгæй бæрæг кæны Абхазы стыр æмæ чысыл хъуыддæгты дæ фæлтæрд-дзинад æмæ æнтыст, иннæрдыгæй та – уæрæх перспективæтæ ног хъуыддæгты.

Бæрзонд паддзахадон бынæтты кусгæйæ дæ энерги, тырнындзинад æмæ дæ разылæууæг хъуыддæгтæ скъуыд-дзаг кæнынмæ арæхст дын стыр ном æмæ кад скодтой кад Республикæ Абхазы нæ, фæлæ йæ арæнтæн æттейæ дæр.

Ныфс мæ ис, нæ хæларадон ахастыты рагон истори дарддæр дæр кæй рæздзæн  æууæнчы æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныны бындурыл, нæ адæмтæн фидар æдасдзинад æмæ æнцойадæн лæггад кæнгæйæ.

Дæ юбилейон боны дын, цытджын Руаль Джумкы фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ дæ бæрнджын куысты Абхазы адæмы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

 

* * *

Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы                                                                                                  Советы Сæрдар Валентина Матвиенкомæ

Цытджын Валентина Иваны чызг!

Бар мын радт æмæ дын стыр кады æмæ арфæйы ныхæстæ зæгъон Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты Владимир Владимиры фырт Путины фæуæлахизы цытæн .

Владимир Путины уæлахиз дзурæг у, Уæрæсейы бирæнацион адæм кæй хæцынц, Путин, куыд мидæггагон, афтæ æддагон политикæйы цы курс æххæст кæны, уый æвварс, кæцы здæхт у, Уæрæсейы дарддæры рæзты æмæ æхсæнадæмон политикæмæ цы фарстатæ хауынц, уыдоны скъуыддзаг кæнынмæ. Владимир Владимиры фырт Путины номимæ Уæрæсейы адæм бæттынц дарддæр сæ цард хуыздæр  кæныны ныфсимæ.

Ныфс мæ ис, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы ‘хсæн дарддæр дæр æмгуыстад кæй уæрæхдæр æмæ арфдæр кæндзæн нæ бæстæты æмæ адæмы хæрзиуæгæн.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

 

***

Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы  Сæрдар Вячеслав Володинмæ

Цытджын Вячеслав Викторы фырт!

Айс мын мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Уæрæсейы Фе-дерацийы президентон æвзæрстыты Владимир Владимиры фырт Путины фæуæлахизы цытæн.

Уæрæсейы бирæнацион адæм ноджыдæр бафидар кодтой, Владимир Путин Уæрæсейы райрæзты æмæ сфидар кæныны, æмæ йæ авторитет дунеон аренæйы фæбæрзонддæр кæныны тыххæй цы рацарæзтытæ аразы, уыдоны фарс кæй сты.

Уæрæсейы Федераци у не стратегион партнер æмæ Рес-публикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ стабилон-дзинады  гарант. Хуссар Ирыстоны адæм сты Уæрæсейы æмæ Путины политикæйы æвварс, 18 марты  æвзæрстыты рæстæджы  йын хъæлæс ратгæйæ.

Мах стыр аргъ кæнæм, Паддзахадон Думæйы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты ‘хсæн цы хæларадон æмæ æмгуысткæнынадон ахастытæ сæвзæрдысты, уыдонæн æмæ нæ ныфс ис дарддæр сæ рæзын æмæ фидардæр кæнынæй.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.