Цхинвалы районы Ветеранты совет ( йӕ сӕрдар – Гуыззыдтаты Аристо) архайы, цӕмӕй йӕ дӕлбаруӕвӕг ветерантӕ сӕ улӕфт ӕмӕ сӕрибар рӕстӕг ӕрвитой ӕмбӕлон ӕгъдауӕй. Куыд радзырдта, афтӕмӕй сӕ иумиаг нымӕц хӕццӕ кодта 412 адӕймагмӕ, фæлæ азӕй-азмæ къаддӕр кӕны, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисӕг ветеранты нымӕц æмæ ма ныртæккæ сты æрмæстдæр дыууæ. Хӕсты азты фӕсчъылдым чи архайдта ӕмӕ Уӕлахизмӕ йӕ хайбавӕрд чи бахаста, уыдон дӕр нымад сты, куыд хӕсты ветерантӕ, афтӕ, ӕмӕ сты 10 адӕймаджы. Уыдон та номгай сты Харебаты Иван, Уалыты Аннӕ, Джиоты Роланд, Уалыты Тамарӕ, Мамиты Ӕхсар, Чысиаты Раисӕ, Галуанты Ханиффӕ, Гуыззыдтаты Аристо, Къусраты Сослан ӕмӕ Цоциты Ахмӕт. Уый йедтӕмӕ ма хӕсты ветеранты идӕдзтӕ та сты 18 сылгоймаджы.

Ветеранты советы сӕрдар ма куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ ма сӕ хыгъды нымадӕуы: Мидхъуыддӕгты министрады ветерантӕ – 4, Афганистаны хӕсты ветерантӕ – 12, Венгрийы цауты ветерантӕ – 3, Куыст ӕмӕ фӕллойы ветерантӕ та сты 242 адӕймаджы.

Уӕлахизы тыххӕй йӕ цард чи нӕ бавгъау кодта, хӕсты уыцы фӕмардуӕвӕг хӕстонты номыл цыртдзӕвӕнтӕ ӕдӕппӕт арӕзт ӕрцыд 15. Уыдон рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕрцӕуынц цалцӕг. Зӕгъӕм, ивгъуыд аз ахӕм куыстытӕ бакодтой Дменис, Къостайы-хъӕу ӕмӕ Сатихъары хъӕуты. Уымӕй дарддӕр ма сӕм скъоладзаутӕ сӕ ахуыргӕнджыты разамындӕй базилынц ӕмбӕлон ӕгъдауӕй, бацӕттӕ кӕнынц Уӕлахизы бонмӕ мадзæлттæ. Ветеранты раздӕр азты улӕфӕн бынӕттӕм ӕрвыстой профцæдисты хаххыл, ныр та уыцы хӕс йӕхимӕ райста Ӕнӕниздзинад хъахъхъæныны министрад. Цӕвиттон, ивгъуыд аз Нагутни ӕмӕ Тамискъы хосгӕнӕн бынӕтты баулӕфыдысты 10 адӕймаджы ӕмӕ уыцы хӕрзиуӕгон хъуыддаг дарддӕр бакӕндзысты ацы аз дӕр. Уымӕй дарддӕр ма сын Уӕлахизы боны хӕдразмӕ бакӕнынц лӕвӕрттӕ, ахӕм ӕххуыс райсынц Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы минӕварады ‘рдыгӕй. Фӕлӕ ма Гуыззыдтайы фырт куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ ветерантӕ цух сты æндæр æмæ æндæр льготæтæй.

                                                                                  ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.