РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ  БАРАМЫНД

 «Республикæ Хуссар Ирыстоны сыввæллон райгуырды фæдыл иурæстæгон бафысты нымæц сфидар кæныны тыххæй» 2018 азы 15 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №24 Барамындмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

«Рæстæгон æгуыстдзинад æмæ маддзинады фæдыл æнæмæнгхъæуæг социалон фæдзæхстады тыххæй» 2021 азы 29 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ гæсгæ уынаффæ кæнын:

  1. «Республикæ Хуссар Ирыстоны сыввæллон райгуырды фæдыл иурæстæгон бафысты нымæц сфидар кæныны тыххæй» 2018 азы 15 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №24 Барамындмæ бахастæуыд ахæм ивындзинæдтæ:

2-аг пункты дæлпункт «б» мыхуыр æрцæуæд ахæм мидисæй:

«б) ифтонг æрцæуæд хæрдзтæн æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæнын, кæцы фыст у ацы Барамынды Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты æхцайы фæрæзтæй, фæдзæхст адæймæгтæн та Республикæ Хуссар Ирыстоны Социалон фонды бюджеты æхцайы фæрæзтæй»

  1. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бо-нæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

г.Цхинвал, 2022 азы 18 июль

 

                                                                    

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ  БАРАМЫНД

2020 азы 16 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №184 Барамындæй фидаргонд Республикæ Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады тыххæй Уагæвæрдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

  1. 2020 азы 16 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №184 Барамындæй фидаргонд Республикæ Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады тыххæй Уагæвæрдмæ хаст æрцæуæд ивындзинæдтæ ахæм хуызы:

а)1-аг пункт æххæст æрцæуæд 5-æм дæлпунктæй ахæм мидисæй:

«5) паддзахадон æмбæстагон службæйы фæдыл закъондæттынад бахъахъхъæныныл контроль сæххæст кæныны тыххæй функцитæ»;

б) 3-аг пункт æххæст æрцæуæд 11-æм дæлпунктæй ахæм мидисæй:

«11) паддзахадон æмбæстагон службæйы фæдыл закъондæттынад бахъахъхъæныныл контроль сæххæст кæныны тыххæй»;

в) 6-æм пункт æххæст æрцæуæд 23.1 дæлпунктæй ахæм хуызы:

«23.1) паддзахадон æмбæстагон службæйы тыххæй закъондæттæн органты сæххæст кæныны басгæрсты фæдыл мадзæлттæ æххæст кæнын;».

  1. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

г.Цхинвал, 2022 азы 18 июль

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ  БАРАМЫНД

«Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмбæстагон службæгæнджыты æхцайы ифтонгады тыххæй» 2021 азы 23 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №237 Барамындмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

«Республикæ Хуссар Ирыстоны æбарвæнонæй æххæст кæныны органты типон бынæттæ æмæ уæлдæр къухдариуæгады бынæтты сконды номхыгъд æмæ уыцы бынæттæн хъæугæ специалон нæмттæ сфидар кæныны тыххæй» 2022 азы 23 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №312 Барамындмæ гæсгæ уынаффæ кæнын:

  1. «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмбæстагон службæгæнджыты æхцайы ифтонгады тыххæй» 2021 азы 23 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №237 Барамынды №1 Уагæвæрдмæ хаст æрцæуæд ивындзинæдтæ, 6-æм хайæ 3-аг сæр ист æрцæуæд.
  2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы официалонæй ныммыхуыр кæныны фæстæ æмæ парахат цæуы 2022 азы 1-æм майæ фæзынгæ барадон ахастытыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

г.Цхинвал, 2022 азы 18 июль

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ  БАРАМЫНД

«Паддзахадон æмбæстагон службæйы куысты  бынæтты реестры тыххæй» 2021 азы 28 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №183 Барамындмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

«Республикæ Хуссар Ирыстоны æбарвæндонæй æххæст кæныны органты типон бынæттæ æмæ уæлдæр къухдариуæгады бынæтты сконды номхыгъд æмæ уыцы бынæттæн хъæугæ специалон нæмттæ сфидар кæныны тыххæй» 2022 азы 23 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №312 Барамындмæ гæсгæ уынаффæ кæнын:

  1. «Паддзахадон æмбæстагон службæйы куысты бынæтты реестры тыххæй» 2021 азы 28 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №183 Барамындмæ ивындзинæдтæ хаст æрцæуæд ахæм хуызы:

а) 4-æм пункты дæлпункт «д»-йæ дзырдтæ «, Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг тæрхондоны пристав (Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг тæрхондоны приставы хæдивæг» ист æрцæуæд;

б) паддзахадон æмбæстагон службæйы  куысты бынæтты реестры 6-æм хайы 3-аг сæр мыхуыр æрцæуæд ахæм редакцийæ:

«3-аг Сæр. Тæрхондоны приставты службæйы хицæн бы-нæттæ

  1. «Къухдариуæггæнæджы» категорийы бынæттæ

Куысты бынæтты сæйраг къорд

Тæрхондоны приставты службæйы хайады хистæр1)  06-3-3-45

————————————————-

1) Ацы бынат фидар æрцыд æфсæддон службæгæнджыты баивын, контракты фæдыл æфсæддон службæ чи цæуы, кæнæ та специалон ном цы кусæгæн ис æмæ нымад цæуы паддзахадон æмбæстагон службæйы бынатыл æмбæстаджы баивыны уавæры.

  1. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы официалонæй ныммыхуыр кæныны фæстæ æмæ парахат цæуы 2022 азы 1-æм майæ фæзынгæ барадон ахастытыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент   ГАГЛОЙТЫ Алан

 

г.Цхинвал, 2022 азы 18 июль

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАРИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Захарченко Андрейы тыххæй

1.Захарченко Андрей Никъалайы фырт сæрибар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæныны Паддзахадон службæйы хистæры бынатæй.

 

2.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

г.Цхинвал, 2022 азы 19 июль

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы тыххæй

1.Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 9-æм пунктмæ гæсгæ Гæджиты Иларион Русланы фырт нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæгæй.

2.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

г.Цхинвал, 2022 азы 19 июль

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР   ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Чилæхсаты Георгийы тыххæй

1.Чилæхсаты Георги Генойы фырт сæрибар æрцæуæд Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы директоры бынатæй.

2.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

г.Цхинвал, 2022 азы 19 июль

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы директоры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæджы тыххæй

  1. Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы директоры хæстæ рæстæгмæ æххæст кæнын æвæрд æрцæуæд Бестауты Алан Дмитрийы фыртыл – Паддзахадон телерадиокомпани «Ир»-ы директоры хæдивæгыл.

2.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

г.Цхинвал, 2022 азы 19 июль

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

                     Гæбæраты Юрийы тыххæй

1.Гæбæраты Юри Константины фырт сæрибар æрцæуæд газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторы бынатæй.

2.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

г.Цхинвал, 2022 азы 19 июль

 

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР  ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторы тыххæй

1.Дамбегты Иринæ Алиханы чызг нысан æрцæуæд газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторæй.

2.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бо-нæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

г.Цхинвал, 2022 азы 19 июль

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.