Пенсиисæг æмбæстæгтæн иурæстæгон æхцайон бафыстыты тыххæй

Пенсиисæг æмбæстæгтæн социалон æххуыс бакæныны нысанæн уынаффæ кæнын:

  1. Иурæстæгон бафыстытæ 5 000 (фондз мин) сомы нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийы æдзух цæрæг æмбæстæгтæн, кæцытæ 2021 азы 31 августы уавæрмæ гæсгæ сты пенсиисджытæ, æмæ сын пенси нысан æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ æмæ пенсиисджытæ не сты Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынадмæ гæсгæ.
  2. Ацы Барамынд реализаци кæнынимæ баст æхцайы хæрдзтæ, æххæст æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенисон фонд æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты фæрæзтæй.
  3. Иурæстæгон æхцайы бафыстытæ æххæст æрцæудзысты, пенси цахæм фæтк æмæ уавæртæм гæсгæ исынц, уымæ гæсгæ.
  4. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад сифтонг кæнæд бæрæг фæткмæ гæсгæ ацы Барамынд реализаци кæныны фæдыл æхцайы фæрæзтæ фидыны хъуыддаг.
  5. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2021 аз 2 сентябрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.