Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй уагъд æрцыд 2021 азæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстаты фæдыл штабы рабадт.

Рабадты куысты хайад райстой Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, финансты министр Хæбæлаты Азæ, арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, афтæ ма подрядон организациты сæргълæуджытæ.

Президент байхъуыста Зæгъойты Эдуарды хыгъдмæ, республикæйы сæйраг горæт æмæ районты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй.

Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд уынгтæм, цыран ныртæккæ аразджытæ кусынц инженерон хызæгтæ хæдзæрттæм уадзыныл.

«Сабырады уынджы 4 июлмæ куыстытæ фæуыдзысты газы коммуникацитæ реконструкци кæнын æмæ нымайæнтæ сæвæрыны фæдыл. Ацы уынг асфальт кæнынмæ цæттæ уыдзæн сентябры æмбисмæ.  Саулохы фырты уынг та асфальт кæнынмæ цæттæ уыдзæн июлы æмбисмæ», – банысан кодта арæзтады министр.

Президент бахæс кодта, цæмæй арæзтады темптæ фæтагъддæр кæной æмæ куы бахъæуа, уæд æрбахоной аразджыты уæлæмхас бригадæтæ.

Бибылты Анатоли ма бацымыдис кодта, горæт Къуайсайы Ленины уынджы арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уымæ дæр. Паддзахады сæргълæууæгæн раздæр куыд фехъусын кодтой, афтæмæй къуайсайæгтæ разы не сты, уынг аразгæйæ ам цы бæлæстæ ис, уыдоны кæй калынц, ууыл.

Зæгъойты Эдуардæн Президент бахæс кодта, цæмæй рабадты фæстæ уый ацæуа бынатмæ æмæ базонгæ уа, Къуайсайы цæрджытæм æнæразыдзинад чи равзæрын кодта, уыцы проблемæимæ.

Рабадты рæстæджы ма Президенты базонгæ кодтой нæ горæты Гуыбаты æфсымæртæ æмæ Хъайтарты уынгты цæрæн корпусты арæзтадимæ.

Арæзтады министры ныхæстæм гæсгæ Хъайтарты уынджы цæрæн хæдзар эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн ацы аз октябры мæйы, Гуыбаты æфсымæрты уынджы хæдзар та – ноябры кæронмæ.

Иумиагæй сисгæйæ, ацы аз эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты 135 фатеры, 2022 азы та – 2 хæдзары фæйнæ 75 фатеримæ, республикæйы районты цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ арæзт цæуынц, уыдон нæ нымайгæйæ.

Рабадты ма афтæ уынаффæ цыдис Дзауы районы Кировы хъæуы хиды арæзтады, Уанат-Цхинвалы донуадзæны донæмбырдгæнæны капиталон цалцæджы, афтæ ма Инвестицион программæмæ реализаци кæнынмæ хауæг æндæр фарстаты фæдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.