29-æм апрелы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æмбырд. Хайад дзы райстой Хицауады уæнгтæ, ведомствотæ æмæ комитетты сæргълæуджытæ. Рабадт уагъта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

 «2019 азæн РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй фарсты фæдыл Финансты министр Хæбæлаты Азæ банысан кодта, æрæджы, УФ æмæ РХИ-йы Æхсæнхицауадон къамисы ‘хсæн цы 20-æм рабадт уагъд æрцыд, уым ист кæй æрцыд ахæм уынаффæ, цæмæй иуæй-иу инвестицион мадзæлттæм хаст æрцæуа корректировкæтæ. Комкоммæ зæгъгæйæ та, ацæугæ азы арæзтцæуæг объекттæй цы финансон фæрæзтæ экономи æрцыд, уыдон хаст æрцæуой Паддзахадон бюджетмæ æмæ хардз æрцæуой æндæр мадзæлттæн.

«Афтæ ма Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы фæдыл камитетæн бацамындæуыд,   цæмæй бюджеты хардзон хаймæ бахастæуа 16 милуан 660 мин сомы «Энергоресурс»-ы ифтонгдзинады фæдыл, рухс æмæ газы хæсты реструктуризацийы тыххæй сразыдзинад сæххæст кæныны мадзæлтты сæраппонд. Ивгъуыд аз уыдон уыдысты 300 милуан сомы», – дзырдта Хæбæлаты Азæ.

Пухаты Эрик æрсидт компетентон органтæм, цæмæй сæ куыст фæтыхджындæр кæной электроэнерги æмæ газы фиддонтæ æмбырд кæныны фæдыл.

Рабадты райдианы Пухаты Эрик столицæ æмæ районы администрациты сæргълæуджытæм æрсидт, цæмæй сæ хъус æрдарой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты номыл цыртдзæвæнты уавæрмæ. Фарсты фæдыл Культурæйы министр Зассеты Жаннæ банысан кодта, зæгъгæ, Уæлахизы бонмæ цæттæ у мадзæлтты уæрæх программæ, кæцытæ райдайдзысты 3 майы æмæ фæуыдзысты 9 майы Уæлахизы парадæй.

Хицауады уæнгтæ хорзыл банымадтой «Инвестицион архайды тых-хæй» закъоны проект дæр. Уый фæдыл Экономикæйы министр Бекъойты Геннади загъта, зæгъгæ, ацы закъоны проектмæ ивындзинæдтæ хаст цæуы республикæйы инвестицион имиджы фæхуыздæр кæныны тыххæй. «Инвестицион концепци саразыны тыххæй мах архайæм, цæмæй проекттæ, кæцытæм цымыдис кæнынц инвестортæ, уой приоритетон æмæ хатырон льготæ. Инвесторæн æнцондæр уыдзæнис преференцитæ æмæ Паддзахадон фиддонтæ фидын. Ацы закъоны проект ист куы æрцæуа, уæд нæ республикæмæ æрцæуынмæ цы инвестортæ хъавынц, уыдон активондæрæй равдисдзысты сæхи», – загъта министр.

«РХИ-йы рæуджыты низы апарахат кæнын ма æруадзыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проектты фæдыл раныхас кодта Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги.

Ацы проекты закъоныл дзургæйæ, бирæ фарстатæ сæвзæрд Хицауады уæнгтæм. Нæ республикæмæ кусынмæ фæсарæн бæстæтæй цы адæймæгтæ æрцæуы, уыдон дæр хъуамæ пайда кæной, рæуджыты низы ныхмæ цы льготон хостæ лæвæрд цæуы не ‘мбæстæгтæн, уыдонæй. Стæй гастарбайтертæ, республикæмæ æрбацæугæйæ хæцгæ низтæй рынчынты рафæлгъауыны тыххæй медицинон сгæрст цæуынц æви нæ. Закъоны проектмæ хаст æрцыд ивындзинæдтæ æмæ афтæмæй ист æрцыд.

Финансты министр Хæбæлаты Азæ ма рабадты рæстæджы хицауады уæнгты размæ рахаста ахæм фарстатæ дæр, куыд паддзахадон адæмон инструментты оркестр «Азмæлд»-ы кусджыты куыстмыздмæ ивындзинæдтæ бахæссын æмæ РХИ-йы информацион агентад «Рес»-ы гонорарон фонды фæфылдæр кæнын.

Рабадты цы бирæ фарстытыл дзырд цыд, уыдон ‘хсæн уыдысты ахæмтæ дæр, куыд РХИ-йы цæрынæн хъæуæг минимумы нормæтæм ногæй æркæсын æмæ социалон-демографион фарстатæ сахуыр кæнын. Куыд зонæм, афтæмæй ныртæккæ цæрынæн хъæуæг минимумы нормæтæ иу адæймагæн сты 10 мин æмæ 190 сомы, пенсионерæн – 8 мин æмæ 347 сомы.

Экономикæйы министр Бекъойты Геннади загъта, зæгъгæ, уыцы нымæцтæ нысан æрцыдысты 2018 азы. Уæдæй нырмæ, дам, цæрынæн хъæуæг минимумтæ фæфылдæр сты 223 сомæй. Уый та, дам, баст у, хæлцады æргътæ кæй фылдæр кæнынц бонæй-бонмæ, ууыл.

Рабадты дзырд цыдис Паддзахадон унитарон куыстуат «Югосетнефтепродукт»-æн авансон фиддонтæ раттыныл,  Хъæууон хæдзарады министрадæн уæлæмхас штаттæ снысан кæныныл æмæ æндæр фарстатыл.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.