Ӕвӕццӕгӕн, иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕ разындзӕн, «беркъайы» чи нӕ ацыд йæ сабибонты кӕнӕ йӕ чи нӕ фехъуыста. Уыцы ӕгъдау баззад фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ абоны онг дӕр сывӕллӕттӕ тынг фенхъӕлмӕ кӕсынц ацы бӕрӕгбонмӕ. Ацы аз дӕр та нӕ бӕстӕйы алы къуымтӕй дӕр райхъуыст сывӕллӕтты цины хъӕлӕба, – зылдысты «беркъа». Тыгуыртӕ-тыгуыртӕй разил-базил кодтой хӕдзӕрттыл ӕмӕ тымбыл кодтой ӕйчытӕ, алыхуызон адджинӕгтӕ. Ӕддейӕ бакӕсгӕйӕ сӕм зӕрдӕ радис ӕмӕ-иу мӕхӕдӕг дӕр мӕ сабибонтӕ ӕрымысыдтӕн. Беркъацӕуджытӕ уыдысты алыхуызон ахорӕнтӕй ахуырст, сӕ уӕлӕдарӕс уыд тынг аив, уыдис сӕм музыкалон инструменттӕ ӕмӕ хъӕргӕнгӕ згъордтой хӕдзарӕй- хӕдзармӕ. Кӕцыдӕр къорд-тӕ дзы ӕвзыгъддӕр уыдысты: дзырдтой ӕмдзӕвгӕтӕ, кафыдысты, зарыдысты. Фӕлӕ дзы уыдис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ ӕфсӕрмы кодтой, нӕ уӕндыдысты. Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ иууылдӕр ӕмдзӕвгӕтӕ дзурой ӕмӕ кафой, фӕлӕ къордӕй хъуамӕ исчи йӕхи равдисынмӕ рӕхса, цӕмӕй сӕ фысымтӕ барӕвдауой. «Беркъайӕн» йӕ мидис уый мидӕг ис, ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕ арӕхстдзинад хъуамæ равдисой, кӕрӕдзимӕ гӕсгӕ уой уӕндондӕр ӕмӕ бахъӕлдзӕг кӕной цӕрджыты зӕрдӕтӕ.

«Беркъа» цӕуыны традици тынг хорз у, – позитивон эмоцитӕ райсынц ӕрмӕст сывӕллӕттӕ нӕ, фӕлӕ ма цӕрджытӕ дӕр. Фӕлӕ мӕ зӕрдӕмӕ иу хабар нӕ фӕцыдис. Иннӕ рӕтты нӕ зонын, фӕлӕ мӕнмӕ хӕдзармӕ  ӕрбацыдысты авд къордӕй, – Хуыцау сӕ ноджы сбирӕ кӕнӕд. Уыцы къордтӕй ӕрмӕст дыууӕмӕ уыдис иумӕйаг къалати, иннӕтӕй алы къорды сывӕллонмӕ дӕр уыд хицӕн мигӕнӕн ӕйчытӕ æвӕрынӕн. Ӕмӕ уый та мӕнмӕ гӕсгӕ раст нӕу. Ӕз дӕр чысыл куы уыдтӕн, уӕд-иу ӕнӕхъӕн хъӕуы сывӕллӕттӕ ӕртымбыл стӕм «беркъа» зилынмӕ ӕмӕ-иу нӕм уыд ӕрмӕстдӕр иумӕйаг къалати. Зылд-иу куы фестӕм, уӕд-иу сӕ нӕ кӕрӕдзийыл адих кодтам. Ӕз сывӕллӕтты нӕ азымджын кӕнын ацы   хъуыддаджы – уый сӕ хистӕрты аххос у. Сывӕллонӕн куы нӕ бацамонай, уӕд ӕй кӕцӕй зондзӕнис.

Стӕй ма «беркъайы» къордтӕй кӕцыдӕртӕ, бирӕфатерон хӕдзармӕ бацӕугӕйӕ, адихтӕ сты фатертыл. Иу къорды хъӕрмӕ дзы куы рахызтӕн, уӕд мӕ разы лӕууыд дыууӕ сывӕллоны. Уӕлдӕр уӕладзгуытӕй дӕр ӕмӕ бынӕй дӕр хъуыст сывӕллӕтты хъӕлӕба. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй иууылдӕр уыдысты иу къордӕй. Ӕвӕццӕгӕн, сывӕллӕтты фӕндыд тагъд-тагъд азилын, цӕмӕй фылдӕр ӕйчытӕ ӕрӕмбырд кӕной ӕмӕ рӕстӕг ӕнӕхъуаджы ма сафой. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг бынтондӕр рӕсугъд нӕу, традицийӕн сӕфы йӕ сӕйраг нысаниуӕг. Афтӕ куы кӕной дарддӕр дӕр, уӕд «беркъайы» цымыдисонӕй ницыуал уыдзӕнис. Уый тыххӕй та сывӕллӕттӕн хъӕуы амонын, цӕмӕй фидӕнмӕ сӕ рӕдыдтытӕ мауал сфӕлхат кӕной. 

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.