РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы сæргълæудæй уагъд æрцыд Хицауады рабадт, цыран уынаффæ цыд ссæдз фарстайæ фылдæрыл.

Ныхас райдыдта кадртæ нысан кæнынæй. Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæджы бынатмæ нысан æрцыд Туаты Алан Андрейы фырт, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæдивæджы бынатмæ та – Плиты Агуындæ Феликсы чызг, раздæр ацы дыууæ кандидаты дæр 6-æм æрсидты Парламенты депутаттæй сæ æххæстбартæ æрæвæрдтой.

Уый фæстæ Хицауады уæнгтæ æруынаффæ кодтой æмæ райстой «Патентон æууæнкджынты тыххæй» закъоны проект, кæцы хауы патентон æууæнкджынты статус райсынмæ, ома, ахæм адæймæгтæ, кæцытæн ис бар, интеллектуалон исадимæ баст æмæ йæ хъахъхъæныны фæдыл хъуыддæгтæ аразын. Афтæ ма ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты «Товарон нысæнтты, лæггад кæныны æмæ товар кæм арæзт æрцыд, уыцы бынæтты нæмтты тыххæй» закъонмæ, кæцы фадат дæтты интеллектуалон исады хъахъхъæнынимæ баст барадон конфликттæ аиуварс кæнынæн.

«Архайды хицæн хуызтæ лицензи кæныны тыххæй» закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй радзырдта РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади.

«Ныры закъоны нормæтæ æххæстæй не ‘ххæссынц барадон ахастытыл, кæцытæ фæзынынц фæдзæхсæн архайды хицæн хуызтæ лицензи кæныны рæстæджы, уымæ гæсгæ ис сæрмагонд закъондæттæн акт райсыны æнæмæнгхъæуындзинад, кæцы хауы фæдзæхсæн архайдмæ. Фæлæ йæ райдианы уал хъæуы архайгæ закъоны бæрæг хайыл арæн æрæвæрын», – загъта Бекъойты Геннади.

Хицауады уæнгтæ сразы сты бахæсгæ ивындзинæдтыл æмæ уый фæстæ райстой ноджы иу закъоны проект, кæцыйы æркæсынмæ рахаста Бекъойты Геннади – «РХИ-йы фæдзæхсæн хъуыддаг сорганизаци кæныны тыххæй», цыран фидар æрцыдысты нормæтæ, кæцытæ æххæстæй бæстон кæнынц фæдзæхсæн архайды лицензи кæныны барадон аспекттæ.

Уый фæстæ Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олегы фæндмæ гæсгæ ист æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады хорзæхты тыххæй» Уынаффæ, кæцыйы нысан сты разæнгард кæныны ахæм хуызтæ, куыд «РХИ-йы Хицауады Кады грамотæ» æмæ «РХИ-йы Хицауады Бузныджы гæххæтт».

Уымæй уæлдай ма, рабадты рæстæджы хаст æрцыдысты ивындзинæдтæ «Хыгъды фадыджы цæрæнуатон политикæ æмæ æмбæстæгтæн РХИ-йы цæрæнуат радтыны тыххæй» закъонмæ, кæцытæ баст сты цæрæнуатон-арæзтадон кооператив – 29 уæнгты проблемæимæ. Уыдонæн сæ хæдзæрттæ кæронмæ арæзт не ‘рцыдысты, гуырдзыйы хæстон агресси кæй райдыдта, уый тыххæй.

Горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй дзырд цæуы цæрæнуатон-арæзтадон кооператив-29 уæнгты бахæссын цæрæнуат райсынмæ радылæуджыты хицæн категоримæ.

«Архайгæ закъон бар дæтты адæймæгты ног категоритæ сбæрæг кæнын, кæцытæн бæрæг аххосæгтæм гæсгæ лæвæрд æрцæудзæн паддзахадон цæрæнуатон фондæй хæдзар райсыны бар социалон бардзырдмæ гæсгæ. Цæрæнуатон-арæзтадон кооператив-29 уæнгты цæрæнуатæй сифтонг кæнын, кæцыты раз паддзахадæн ис хæстæ, у иууыл ахсджиагдæр проблемæтæй сæ иу, барадон нормæтæ кæй нæй, уый тыххæй. Горæт Цхинвалы администраци нымайы, цæмæй цæрæнуатон-арæзтадон кооперативы раздæры уæнгтæ бахаст æрцæуой хицæн категоримæ, кæцытæ бахастой сæ фыццаг фиддонтæ, фæлæ уæддæр сæ цæрæнуæттæ нæ райстой», – банысан кодта Коцты Алан.

Хицауады уæнгтæ ма сразы сты Уæлвæткон эпизоотикон къамис саразын, хæцгæ низтæ развæлгъау сбæрæг, локализаци æмæ аиуварс кæныны тыххæй, уыцы нымæцы РХИ-йы территорийыл хъæууонхæдзарадон цæрæгойты уæлдай тæссаг инфекцион низтæ æмæ йын сфидар кодтой йе сконд, йæ хæстæ æмæ йæ куысты фæтк.

Хъæуон хæдзарады министр Пухаты Лев куыд банысан кодта, афтæмæй къамис хъæуы, цæмæй рæстæгыл сæ хъус дарой хъæууонхæдзарадон цæрæгойтыл сæвзæргæ инфекцион, хæцгæ æмæ уæлдай тæссаг низты фæзындмæ.

Мидхъуыддæгты министр Наниты Игоры фæндонмæ гæсгæ ист æрцыд «Транспортон фæрæзтæй пайда кæныны тыххæй» Хицауады Уынаффæ.

Министры ныхæстæм гæсгæ, уынаффæйы проектыл бакуыстæуыд, цæмæй хъæуæг контроль цæуа РХИ-йы территорийыл фæндагон змæлды æдасдзинадмæ.

Рабадты рæстæджы фидар æрцыдысты 2019 азы дыккаг æмбисæн закъоны проекттыл кусыны æмæ Хицауады рабадтыты плæнттæ.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.