1991 азы 29 апрелы æвирхъау цау æрымысыдысты Дзауы траурон митингы хайадисджытæ «Кады аллеяйы», зæххæнкъуысты амæттæгты цыртдзæвæны цур, цыран æрвылаз дæр ацы бон æрæмбырд вæййынц адæм, цæмæй æрымысой фæмард-уæвджыты рухс нæмттæ.

«Уый уыд æвирхъау хабар æппæт хуссарирыстойнаг адæмæн», – æрымысыд митингы рæстæджы уыцы фыдбæллæх бавзарæг Тыбылты Тотрадз. Уый æрæмбырдуæвджытæн радзырдта, адæмы зæххæнкъуыст куыд æрæйæфта æмæ бирæтæ йæ    амæттаг куыд  баисты.

«29 апрелы 12 сахаты æмæ 13 минутыл æрцыд стыр зæххæн-къуыст, кæцы ныппырх кодта нæ республикæйы рæсугъддæр районтæй сæ иу  Дзауы район, Хахеты хъæу та æнæхъæнæй зæххы бын фæцис. Хæдзæрттæн сæ фылдæр ныппырх сты. Хъыгагæн, адæймаджы амæттæгтæ дæр уыд, уыдоны ‘хсæн скъола-интернаты цалдæр сывæллоны, кæцытæн нæ бантыст рæстæгыл бæстыхайæ ралидзын», – загъта уый.

Тыбылы фырт æрымысыд, зæххæнкъуысты рæстæджы райцентры уагъд кæй цыд митинг æмæ уый бирæты кæй фервæзын кодта мæлæтæй.

«Цалдæр боны размæ райкомы кусæг Джиоты Заирæ фæндон бахаста, цæмæй Гуырдзыстоны политикæйы ныхмæ митинг уагъд æрцæуа 29 апрелы. Бирæтæ дзы æрбацыдысты æмæ сæ уый фервæзын кодта. Куыддæр адæм æрæмбырд сты, афтæ зæххæнкъуыст дæр райдыдта. Мах абон æмбарæм, уыцы митинг куынæ уыдаид, уæд амæттæгтæ кæй уыдаиккой бирæ фылдæр», – банысан кодта уый.

Дзауы районы администрацийы сæгълæууæг Джиоты Андрей куыд загъта, афтæмæй уыцы тæссаг цау адæмы зæрдæты баззайдзæн æнустæм.

«Зæххæнкъуыст стыр зиан æрхаста нæ районæн. Уыцы æнамонддзинады амæттæгты рухс нæмттæ нæ зæрдæты баззайдзысты æнустæм», – загъта уый.

Траурон митинджы хайад райста паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли.

«Алы трагеди дæр у тынг æбуалгъ. Ноджы æбуалгъдæр у, сывæллæттæ куы мæлынц, уæд. Арæх ис фехъусæн, рæстæг, зæгъгæ, йемæ ахæссы рыст дæр. Гæнæн ис, уый афтæ у, фæлæ ацы трагедийы рыстдзинад никуы      ахуысдзæн. 28 азы кæд рацыд, уæддæр уымæ кæсгæйæ, иууылдæр æй хъуыды кæнынц, уæлдайдæр уым чи уыд æмæ сæхиуæтты чи фесæфта, уыдон . Нæ иумæйаг хæс у, цæмæй макуы ферох кæнæм уыдоны нæмттæ æмæ сын кад кæнæм», – загъта йæ раныхасы Президент.

Къаннæг митинг уагъд æрцыд Дзауы районы скъола-интернаты территорийыл дæр. Ам æрымысыдысты интернаты æртæ хъомыл-гæнинаджы нæмттæ, кæцытæ фæ-мардысты зæххæнкъуысты рæстæджы.

Ахуырдзаутимæ дзургæйæ, Президент ноджы дæр банысан кодта, хуссарирыстойнаг адæмæн уый кæй у æбуалгъ цау æмæ скъоладзаутæй æрдомдта, цæмæй алыхаттдæр хъуыды кæной, уыцы трагедийы чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ.

Президентæн йæ цæст бауарзта, цæмæй ахæм хабар æрцæуа, цæрой сабыр арвы бын хъæлдзæгæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.