Ӕрӕджы, Цæгат Ирыстон-Аланийы ауагъдæуыд ерыстæ ленк кæнынæй, кæцыйы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ дæр. Ацы спортивон мадзалы хайад истой, æхсæз азæй уæлæмæ кæуыл цыд, уыцы кары спортсментæ 200 бæрц, æмæ сæ арæхстдзинад равдыстой куыд индивидуалонæй, афтæ ма эстафетæйы дæр. Ерыстӕ уагъд цыдысты ӕртӕ боны дӕргъы ӕмӕ дзы хайад райстой фондз командӕйы. Хуссарирыстойнаг командæйы сконды уыдысты 32 адæймаджы æмæ сæ къухты бафтыдис стыр æнтыст, – рамбылдтой 155 майданы.

Ахæм диссаджы уæлахиз нæ спортсменты къухты бафтыдис фыццаг хатт æмæ æгас республикæйы адæм тынг фæцин кодтой се ‘нтыстджын балцыл. Ацы æнтыстытæ, фыццаджыдæр, баст сты не ‘мбырдгонды сæйраг тренер æмæ ма РХИ-йы ленк кæныны Федерацийы сæргълæууæг Евгения Терлееваимæ. Ерыстæй куы æрыздæхтысты, уæд уæлахизуæвджытыл цытджын æгъдауæй, –  æртæ уæливыхы æмæ бæгæныйы дзаг гарзимæ  сæмбæлдысты æрыгон спортсменты ныййарджытæ, æмбæлттæ æмæ тренертæ.

Евгения Терлеевайы ма йæхимæ цытджын æгъдауæй фæхуыдта РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь дæр æмæ йын йе ‘нтысты фæдыл зæрдиаг арфæтæ ракодта, стæй та йæ схорзæхджын кодта ведомствæйы Кады грамотæйæ. «Иууылдæр тынг фæцин кодтам, не ‘рыгон спортсментæ уыйбæрц майдантæ куы рамбылдтой ерысты, уæд. Уыцы уæлахиз нæ командæйы къухты нæ бафтыдаид, сæ сæргъ дæхуызæн дæсны тренер куы нæ лæууыдаид, уæд, æмæ дын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй мын уай æнæниз, æнæмаст æмæ царды хорзæхтæй хайджын. Ноджыдæр ма дын ахæм æнтыстджын балцтæ бирæ цы уа, æмæ та дын тагъд рæстæджы дæ спортсменты фæуæлахизы сæраппонд цы арфæ кæнæм, уыцы амонд дæ уæд!», – банысан кодта йæ арфæйы ныхæсты Наниты Игорь.

Арфæйы ныхæстæ ведомствæйы сæргъ-лæууæгæн загъта Евгения Терлеева дæр, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, милицийы кусджытæй стыр ныфс æвæры кæддæриддæр, уымæн æмæ алы хатт дæр активон хайад райсынц спортивон мадзæлтты æдасдзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы. «Махмæ фæсарæнтæй куы æрцæуынц командæтæ ерыстæм, уæд сæ фыццаг фарст æмæ мæт вæййы  æдасдзинад. Ӕмæ сын æз алы хатт дæр фидарæй фæзæгъын, – Хуссар Ирыстоны мацæмæй тæрсут. Нæ республикæйы уазджытæ сæхи æдас куы хатой æмæ райгондæй куы аздæхой фæстæмæ сæхимæ, уый дæр кæуылты у. Искуыдæм куы ацæуæм ерыстæм, уæд алыхатт дæр немæ вæййынц милицийы Фæндагон æдасдзинады инспектортæ. Ӕппæт ацы æдасдзинад бахъахъхъæныны фарстатæ скъуыддзаг кæнут сымах æмæ уын зӕгъын стыр бузныг», – загъта Евгения Терлеева.

Фæлтæрд тренер тынг лæмбынæгæй уыны нæ фæсивæды хъару æмæ тырнындзинад, æмæ фидарæй зæгъы, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн ис стыр потенциал æрмæст ленк кæныны нæ, фæлæ ма спорты иннæ хуызты дæр. «Мæнæн тынг æхсызгон у Хуссар Ирыстоны фæсивæдимæ кусын, уымæн æмæ мæхи цæстæй уынын бонæй-бонмæ хорзæрдæм кæй ивынц, кæй сæм ис хъæддыхдзинад, ныфсхастдзинад. Ӕз бирӕ азты кусын тренерӕй ӕмӕ амы фӕсивӕдӕй ӕвзыгъддӕрыл, курдиатджындæрыл никуыма фембӕлдтӕн. Ӕрвылбон дӕр исын мӕ куыстӕй ӕхцондзинад, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ райдыдтой ӕвдисын сӕ дӕсныдзинад, ерысты нын вӕййы хорз фӕстиуджытӕ, ӕмӕ ма уыимӕ иумӕ ныййарджытӕн дӕр сӕ ахаст махмӕ у бынтон хорз. Искуыдӕм ерыстӕм куы фӕцӕуӕм, уӕд сӕ фӕфӕдзӕхсын, цӕмӕй сӕ уагахаст уа хорз, дӕлӕмӕ ма ӕруадзой нӕ республикӕйы кад. Кӕстӕр фӕлтӕр сты нӕ фидӕн, фӕлӕ цӕмӕй уой ӕнӕниз, хӕрзӕгъдау ӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕйыл ӕнувыд, уый та махӕй аразгӕ у. Ноджыдӕр уын зӕгъын бузныг, мӕ куыстӕн мын ахӕм аргъ кӕй скодтат, уый тыххӕй», – загъта йӕ арфӕйы ныхӕсты Евгения Терлеева.

Арфӕйы ныхӕстӕ ма Евгения Терлеевайӕн загътой Мидхъуыддӕгты министрады ӕндӕр къухдариуӕггӕнджытӕ.

Уымӕй уӕлдай ма не спортсментӕ фыццаг хатт хайад райстой ленк кӕнынӕй ерысты «Ногазон старттӕ»-йы, зӕгъгӕ, кӕцытӕ уагъд цыдысты 9-ӕм декабрӕй 14-ӕм декабрмӕ Уӕрӕсейы горӕт Крапоткинайы. Нӕ коман-дӕйы сконды уыдысты 17  ленкгӕнӕджы ӕмӕ та ам дӕр сӕ къухты бафтыдис стыр ӕн-тыст – рамбылдтой ӕртӕ майданы. 9-аздзыд Уалыты Даянӕ ерысты фӕуӕлахиз дыууӕ хатты, иу ӕвзист майдан та рамбылдта Уа-лыты Александр.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.