29-æм октябры Санахъоты Гришикы номыл Дзауы астæуккаг скъола-интернаты цытджын æгъдауæй баконд æрцыдис æхгæд спортивон зал. Цытджын мадзал байгом кæныны церемони уагъд цыдис карантины домæнтæм гæсгæ.

Ацы хъуыддаг районы цæрджытæн уыд, куыд бæрæгбон, афтæ æмæ йыл сæмбæлдысты цины æнкъарæнтимæ. Уæлдай тынгдæр ыл фæцин кодтой скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзау фæсивæд, уымæн æмæ сын ныр уыдзæнис, зымæгон æмæ къæвдабонты се уæнгтæ кæм айтынг кæной, спортæй кæм архайой, афтæ ма спортивон ерыстæ кæм уадзой, ахæм æхгæд спортивон зал. Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй ацы спортивон объект арæзт æрцыдис Дунеон ахыгъдон банчы æххуысы руаджы, кæцыйæн раздæр къухдариуæгад кодта дзæнæттаг Вадим Шадян. Æхгæд спортивон залы арæзтадмæ æрæвнæлдтой сæрды райдианы æмæ ныр лæвæрд æрцыдис эксплуатацимæ.

Ног спортивон объект байгом кæныны сæраппонд районы цæрджытæн æмæ сæрмагондæй ахуыргæнинæгтæн раарфæ кæнынмæ цытджын мадзалмæ æрбацыдысты нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, уæлдæр банысангонд банчы минæвæрттæ, аразджытæ æмæ Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. Мадзалмæ ма æрбамбырд сты скъола-интернаты педколлектив æмæ скъоладзаутæ.

Цытджын мадзал бацæуæн æмæ арфæйаг ныхасæй байгом кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы хæрзиуæгон хъуыддаг у æгас районæн дæр, куыд æцæг бæрæгбон, афтæ. «Абон мах цы хъуыддаджы тыххæй фембырд стæм, уый махæн у тынг æхсызгон, уымæн æмæ 90-æм азтæй нырмæ районы бæрæг аххосæгтæм гæсгæ нæ уыд æмбæлон спортивон зал æмæ уый аххосæй физкультурæйы уроктæ уагъд цыдысты кълæсты. Ныр та нын скъола-интернаты кæрты сырæзт ног æхгæд спортивон зал, кæцыйы бакæндзыстæм абон райзæрдæйæ. Махмæ бирæ ис курдиатджын сывæллæттæ æмæ уымæн та æвдисæн сты нæ республикæйæн æдтейæ  спорты æндæр æмæ æндæр хуызты цы уæлахизтæ бафты сæ къухты, уыдон. Махæн нæ хæс у, цæмæй нæ фæсивæдæн аразæм уавæртæ æмæ спорты цæ-уой размæ.

Стыр бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын æппæт уыдонæн, кæцытæ сæ хайбавæрд бахастой спортивон залы арæзтадмæ. Хицæнæй мæ фæнды зæгъын дзæнæттаг Вадим Шадяны тыххæй. Уый сархайдта ацы хъуыддагыл, тынг æй фæндыдис, цæмæй скъолайæн сарæзтаид спортзал æмæ ныр мах лæууæм бæллиццаг спортзалы раз. Вадим Шадян, стыр хъыгагæн, нал ис не хсæн, фæлæ уымæн йæ ном никуы ферох уыдзæн, кæддæриддæр ын мысдзыстæм йæ рухс ном. Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын аразджытæн дæр. Уыдон цæсгомджын куыст кодтой ацы спортивон объекты арæзтады æмæ сын цыппар мæймæ бантыст йæ саразын», – загъта Джиоты Андрей. Уый фæстæ Джиоты фырт арфæйы гæххæттытæ радта подрядон ор-ганизаци ООО «Южный Альянс» æмæ Дунеон ахыгъдон банчы ми-нæвæрттæн.

Президент Бибылты Анатоли йæ раныхасы, фыццаджыдæр, банысан кодта спортивон залы арæзтады ахсджиаг хъуыддаг æмæ загъта, зæгъгæ, ацы спортивон объекты арæзтадыл зæрдиагæй архайдта Вадим Александры фырт Шадян. «Хуыцау зæгъæд æмæ ацы спортивон залы схъомыл уой фидæны уæлахиздзаутæ спорты æндæр æмæ æндæр  хуызты. Уый махæн уыдзæнис тынг æхсызгон æмæ уын абон арфæ кæнын ацы ахсджиаг мадзалы сæраппонд.

Вадим Шадян уыд зæнджын æмæ хорз адæймаг, чи йæ зыдта, уыдон ын аргъ кодтой æмæ хæларæй цардысты йемæ. Уый уыдис уыцы адæймаг, кæцы сæрбахъуыды рæстæджы йæ къухтæм райста хæцæнгарз æмæ ирон лæппутимæ знагæй хъахъхъæдта райгуырæн бæстæ. Уый кæд ирон нæ уыд, Хæххон Хъарабахæй рацæугæ уыд, уæддæр йе уæнгты змæлыд фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы туг. Куыд зонæм, афтæмæй махæн – нæ дыууæ бæстæйæн дæр – ис æнгæс истори, иухуызон принциптæ адæмы царды», – банысан кодта Бибылты Анатоли. Нæ бæстæйы сæргълæууæг ма фæндон бахаста, цæмæй ацы спортивон зал хæсса Вадим Шадяны ном æмæ йыл иууылдæр сразы сты. Уый ма загъта, зæгъгæ, сæрыстыр у, районы ногæй цы объекттæ сырæзт æмæ йæ чи рæсугъд кæнынц, уыдонæй æмæ адæмы зæрдыл æрлæууын кодта кæддæры рæсугъд æмæ размæдзыд  Дзауы район.

«Дзауы районы цæрджытæ уый аккаг сты, цæмæй сын сæ царды уа аккаг уавæртæ, нырма дæр сын хъуамæ æрцыдаиккой арæзт. Фæнды мæ, цæмæй æрмæст Дзауы районы нæ, фæлæ æгас республикæйы рæзты темпытæ ма ныллæг кæной æмæ зæрдæйы фæндиаг ноджы фæтынгдæр уой», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Цытджын мадзалы ма Президент Бибылты Анатоли скъола-интернаты директор Галуанты Зæлинæмæ радта сертификат, цæмæй балхæной 20 фæлыст футболон уæлæдарæс æмæ уый фæстæ ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ цытджын æгъдауæй лыг æрцыдис сырх лентæ. Арфæтимæ ног уæрæх спортивон залмæ бахызтысты мадзалы хайадисджытæ æмæ йын уыдысты аргъгæнджытæ дæр.

             ЦХУЫРБАТЫ  Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.