ООО «Шанс», афтæ хуыйны, Козаты Игорь кæмæн разамынд кæны, уыцы арæзтадон фирмæ. Уыдонæн сæ зæрдæмæ тынг цæуы ацы ном. Уымæн æмæ сын ис, æцæгæйдæр, ахæм фадат, цæмæй нæ рæзгæ республикæйы арæзтады ныууадзой сæ къухты фæд æмæ сын, цыма ацы ном сæ тыхтыл дæр тых æфтауы.

«Ахæм «шанс» уадзын нæ хъæуы, цыма уа уымæй хуыздæр æмæ дæ республикæ дæхи къухтæй аразай æмæ дын уый фæстæ æхцон мысинагæн баззайой. Хæдзар куы сырæзы, уæд дзы чи цæрдзæнис, уыцы адæймагæй йыл къаддæр нæ фæцин кæнын мæхæдæг дæр, уымæн æмæ сырæзы адæймагæн æнæмæнгхъæуæг цы у уый – хæдзар», – зæгъы Козайы фырт. Аразджытæн сæхицæн дæр къад-дæр æхцондзинад не ‘рхæссы, хæдзæртты хицæуттæ сын сæ куыстæй райгондæй куы баззайынц, уый дæр.

Æмæ, æцæгæйдæр, арæзтадон фирмæ «Шанс»-ы куыстытæм фау æрхæссæн нæй. Цы хæдзæрттæ сарæзтой нæ горæты цæрджытæн, уыдоны се ‘ппæты дæр цæрынц сæ хицæуттæ æмæ арæх раарфæ кæнынц ацы фирмæйы кусджытæн. Кусджытæн сæ куыстмæ фау æрхæссæн нæй, цы аразынц, уый – бæстонæй, цыма сæхи сæрмагонд куыстытæ кæнынц, афтæ.

Цæрæнуатæй хъуагдзинад æй-йафынц, канд горæты нæ, фæлæ нæ республикæйы районты цæр-джытæ дæр. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы разамынад хъус-дард аздæхта районы цæрджыты цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ дæр. Æмæ арæзт æмæ цалцæггонд цæуынц хъæуты цæрджытæй иууыл тыхстдæр чи вæййы, уыцы цæрджытæн цæрæнуæттæ. Ныр дæр та 18 фатеры кæм ис, ахæм хæдзар арæзт цæуы Дзауы райцентры. Ацы хæдзар аразы «Шанс» æмæ йæм аразынмæ та æрывнæлдта майы мæйы райдианы.

Кусджытæ сæ куыст афтæ разæнгардæй æххæст кодтой æмæ графикмæ гæсгæ, хæдзар, кæд 13 мæйы æмгъуыдмæ хъуамæ фæуыдаид арæзт, уæддæр уый сырæзт 5 мæйы раздæр. Ахæм тагъд-тагъд куыстыты, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ хъæндзинæдтæ разыны, фæлæ ам алцыдæр цæуы бæрæггонд æмæ кæд иу чысыл дæр фирмæйы директоры зæрдæ фехсайы ахæм куыстмæ, уæд æй ногæй фехалын æмæ саразын кæны. Ацы хъуыддаг хынцыц кусджытæ æмæ архайынц сæ куыст æнæаиппытæй æххæст кæныныл. Нæ бон нæу, нæ цæсгом нын уый бар нæ дæтты, æмæ æнæбары уæлæнгай куыстытæ акæнæм. Уымæн æмæ, мах бынæттон адæм стæм, кæрæдзийыл æмбæлæм æмæ нæ арæзт хæдзæртты цухдзинæдтæ куы уа, уæд ма хæдзæртты хицæуттæм цы цæс-гомæй бакæсдзыстæм», – зæгъы арæзтады прораб Бязырты Æхсар.

Кусджытæ райгонд сты фирмæйы директор Козаты Игорæй. Нæ сæ хъыг кæны, сæ мызд сын фиды рæстæгыл, цæуы сæ уавæры. Кусæгæн аргъ кæнын хъæуы, фæзæгъы, уый.

«Ахæм хистæримæ кусын махæн хæссы æхцондзинад. Райгонд дзы стæм. Ацы фирмæимæ кусын алкæй дæр фæнды», – банысан кодтой кусджытæ райгондæй.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фатертæ сты дыууæхатæнонтæ. Алы фатерæн дæр дзы йæ фæзуат у 60 квадратон метры. Хæдзар кæронмæ арæзт æрцыд, бауагътой йæм рухс, газ. Арæзт æрцыдысты хъармгæнæн системæ æмæ коммуникацион хæххытæ. Хæдзарæн ис ныккæнд æмæ мансард дæр. Ныртæккæ ам цæуынц  æфснайæн куыстытæ. Æддейæ та куыст цæуы фасад  рæсугъд кæныныл. Куыст ма цæуы хæдзары территори  аив кæныныл дæр. Уый æрцыдис асфальт, æвæрд дзы æрцыдысты фæхсбандæттæ æмæ брæтты асыччытæ. Иудзырдæй, хæдзар экс-плуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн ацы мæйы кæрон. Фатерты хицæуттæ чи бауыдзысты, уыдон та сбæрæг кæндзæнис сæрмагонд къамис.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.