Ивгъуыд аз Арцеуы хъæуы цæрджытæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георгиимæ сæ фембæлды рæстæджы дзырдтой сæ проблемæтыл. Уый фæдыл, Хицауады хæслæвæрдты фæстæ, æххæстгæнæн хицауады бынæттон органтæ рахастой фæндæттæ æмæ се ‘ххæст кæныны куыстытæ та сты алыгъуызон стадитыл.

Уыимæ иумæ ныхас цыд цæрджытæн медицинон лæггæдты гъæдыл, сæйраджыдæр хъæууон амбулаторийы пырх агъуыст сцалцæг кæныны тыххæй.

Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валери куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы фарст скъуыддзаг æрцыд, медпункт хаст кæй æрцыд Арцеуы хъæууон администрацийы бæстыхаймæ. Уыцы бæстыхай дæр уыд цалцæгкæнинаг  æмæ йæ, Бибылты Вале-рийы ныхæстæм гæсгæ, Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ райдыдтой капиталон цалцæг кæнын.

«Хъæууон амбулатори арæзт æрцыд 50-æм азты, æмæ ныр цалдæр азы дæргъы уым æмбæлон уавæртæ нæй рынчынты райсынæн. Ныртæккæ цæрджытæн арæзт цæуынц цæрыны хæрзвадат уавæртæ. Нуазыны дон рауагътам, тагъд рæстæджы та фæзындзæн ног медпункт хъæуæг ифтонгадимæ, цæмæй адæмæн медицион æххуыс цæуа, куыд æмбæлы, афтæ. Уымæй уæлдай ма администрацийы бæстыхайы байгом уыдзæн ног тренажорон зал, кæцы цæрджытæн у æнæмæнгхъæуæг.

Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ сæ хъус дардзысты куыстыты гъæдмæ æмæ бацархайдзысты, цæмæй бæстыхай эксплуатацимæ радтой æмгъуыдæй раздæр æмæ уымæй барухс кæной цæрджыты зæрдæтæ», – банысан кодта районы администрацийы хæстæ æххæстгæнæг.

Куыд зонæм, афтæмæй Арцеуы хъæууон администрацийы сконды ис фондз хъæуы: Арцеу, Икъорта, Ортъеу, Гоятæ, Кæрчытыхъæу æмæ дзы ис 300 цæрæджы бæрц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.