Хицауады æмбырдты рæстæджы уæлдай хъусдард здæхт цæуы хъæууон проблемæтæм æмæ уыдон рæстæгыл скъуыддзаг кæныны хъуыддагмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикимæ фем-бæлды рæстæджы Цхинвалы районы сæргълæууæджы хæстæ æххсæстгæнæг Бибылты Валери радзырдта, районы цы куыстытæ цæуынц, уыдоны тыххæй.

Бибылты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, Ходы хъæуы иууыл зындæр проблемæ   у æдзæллаг фæндаг.

«Хъæуы цæрджытæ стыр зындзинæдтæ æвзæрстой хæдзармæ цæугæйæ, уæлдайдæр къæвда бонты. Цхинвалы районы Ходы хъæуы фæндаг цалцæг кæнын райдыдтой фарон, фæлæ стæй æхцайы фæрæзтæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ куыстытæ æрлæууыдысты. Ныртæккæ куыстытæ фæуд кæнынц. Кæд нын боныхъæд фадат радта, уæд æввахсдæр бонты эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн, йæ дæргъ 3 км. кæмæн у, уыцы фæндаг, æмæ цæрджытæн сæ бон уыдзæн цахæмфæнды боныхъæды дæр сæрибарæй цæуын сæ хæдзæрттæм», – банысан кодта Бибылты Валери.

Цхинвалы районы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг ма фехъусын кодта, фæндаджы фæрсты кæй сараздзысты кювейттæ – къаннæг къанаутæ, цæмæй къæвдайы дон уырдæм лæдæрса. Фæстæдæр та æрæвналдзысты, хъæумæ цы донхæргæнæн къанаутæ уагъд æрцыдысты, уыдоны сыгъдæг кæнынмæ.

Уыимæ иумæ Цхинвалы районы администраци æххуыс кæны хъæуы цæрджытæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты цырты алыварс æмбонд саразыны хъуыддаджы.

«Банысан кæнын хъæуы, æмбонд аразын кæй райдыдтой хъæуы цæрджытæ сæ тыхтæ æмæ æхцайы фæрæзтæй, цæмæй 9-æм маймæ цырт æмæ йæ алыварс территори æфснайд æрцæуа», – загъта Бибылты Валери.

Иумæйагæй сисгæйæ, районы 9-æм маймæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты цыртыты реставрацион куыстытæ фæуыдзысты Дменис, Сатихъар, Джер æмæ Арцеуы хъæуты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.