Ацы бонты кусын райдайдзæн, æрæджы Ленингоры районы Цъинагары хъæуы цы ног амбулатори  сырæзт, уый. Ныртæккæ  медицинон уагдон ифтонг цæуы хъæуæг ифтонггæрзтæй. Хъæубæстæ ацы амбулаторийы бакондмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Кæд æмæ уæдмæ дæр уыд ам амбулатори, уæддæр рæстæджы цыдимæ уый æдзæллаг уавæрмæ раджы æрхауд. Цæрджыты куырдиатмæ гæсгæ хицауад амбулатори аразынмæ бавнæлдта ивгъуыд аз, фæлæ арæзтад цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ бакъуылымпы. Ныр æппæт куыстытæ дæр ахицæн сты. Ам ис аст кабинеты. Хъæуы цæрджытæн медицинон æххуыс кæндзысты педиатр, терапевт, стоматолог æмæ генеколог. Ныр Цъинагар æмæ уымæ æввахс цы хъæутæ ис, уыдоны цæрджыты нал хъæудзæнис дæрддзæф рæттæм цæуыны сæр. «Цæрджытæ иууыл тынгдæр тыхстысты, стоматолог сæм кæй нæ уыд. Ныр сæм специалист кæй фæзындзæн æмæ бахъуыды рæстæджы бынаты кæй исдзысты медицинон æххуыс, уый æхсызгондзинад хæссы Ленингоры районы къухдариуæгадæн дæр», –  зæгъы Ленингоры районы сæргълæууæг Гулиты Владимир.

Уый ма ныфс бавæрдта ацы аз кæронмæ кæй бакæндзысты Ленингоры районы Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы куыстытæ æххæст цæуынц, уыдон. Сæрмагонд хъусдард здæхт кæй цæудзæнис Ленингорæн йæхи мидæг æмæ хъæутæм цы фæндæгтæ цæуы, уыдонмæ. Зæгъы, зæгъгæ, лæмбынæг зонгæ у районы проблемæтимæ æмæ кæй архайдзæн уыдон цадæггай скъуыддзаг кæныныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.