Æввахс рæстæджы Икъорта æмæ Арцеуы хъæуты цæрджытæн сæ бон уыдзæн рауадзгæ нуазыны донæй пайда кæнын. Уый тыххæй фехъусын кодта, Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валери.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, дон уадзыны куыстытæ кæд фарон бакъуылымпы сты, уæддæр сæ ацы аз адарддæр кодтой æмæ ныр сты фæуынхъус.

«Цхинвалы районы администрацийы тыхтæй Икъорта æмæ Арцеуы хъæутæм арæзт цæуы доны хахх. Коммуникацийæн йæ дæргъ у 3 км бæрц. Ацы хъæутæ сты гуырдзыйы арæнтæм æввахс, æмæ сын бирæ рæстæджы дæргъы нæ уыд, дон кæцæй хастаиккой, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый цæрджытæн стыр зындзинæдтæ æвзарын кодта, ныр сæ нал бахъæудзæн дардæй дон хæссын», – загъта Бибылты Валери.

Районы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг ма фехъусын кодта, æввахс рæстæджы Цхинвалы районы Хелчуайы хъæумæ дæр кæй райдайдзысты донуадзæн куыстытæ. Ацы хъæуæн йæ уæллаг хай ифтонг æрцыд нуазыны донæй, æмæ тагъд рæстæджы та донæй ифтонг æрцæудзæн йæ дæллаг хай дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.