Майрæмбоны, 26-æм апрелы, уагъд æрцæудзæн фыццаг уалдзыгон зиу Хуссар Ирыстоны территори санитарон æгъдауæй ныссыгъдæг кæныны тыххæй.

Иумиагреспубликон зиу сидтæуы æппæт организацитæ, уагдæттæ æмæ цæрджытæн. РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ горæты æмæ районты администрациты сæргълæуджытæн бахæсчындæуыд организацитæ-хайадисджыты номхыгъдтæ саразыны æмæ сын фехъусын кæныны тыххæй. «Ацы майрæмбоны, 26-æм апрелы, мах сидæм, республикæйы сыгъдæгдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, æппæт уыдонмæ, цæмæй 10:00 сахатыл рахизой æввахсдæр территоритæ бафснайынмæ æмæ афтæмæй иумиаг тыхтæй нæ горæт æмæ районты скæнæм сыгъдæгдæр æмæ рæсугъддæр. Мах иууыл иумæ куы æрæвналæм ацы хъуыддагмæ, уæд нæм фæтк фылдæр уыдзæн æмæ йæ фæстиуæг та алкæмæндæр æхсызгон уыдзæн. Цæй, æмæ иумæ равдисæм нæ уарзондзинад алфæмблай дунемæ, нæ горæтмæ, куыстмæ, улæфæн æмæ цæрæн бынæттæм», – загъта Пухаты Эрик.

Горæт Цхинвалы администрацийы къухдариуæггæнæг Коцты Аланы ныхæстæм гæсгæ, зиу уагъд кæм цæуа, уырдæм æрбакæндзысты хæрзарæзтады службæйы техникæ.

Ссыгъдæггонд территоритыл фæтк сифтонг кæныны тыххæй бæрндзинад æвæрд æрцæудзæн уыдоны фæдыл сфидаргонд организациты къухдариуæггæнджытыл.

                РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.