Ома, таурӕгъон фӕлгонц уыдаид, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты у дызӕрдыггаг. Куыд йе нӕмӕлгӕ ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ цыргъ ныхӕстӕ, афтӕ йӕ номимӕ баст таурӕгътӕ дӕр ӕгӕр арф ӕвӕрд ӕрцыдысты ирон аив дзырд ӕмӕ дзыхӕйдзургӕ сфӕлдыстадон хӕзнадоны. Ӕппӕт уыдӕттӕй цыдӕриддӕр зонӕм, уыдон нын дзурӕг сты ууыл, кӕддӕр Ирыстоны зӕххыл, ирон адӕмы ӕхсӕн кӕй цард, ӕрдз генион хъуыдыкӕнынад ӕмӕ ӕвӕджиауы курдиат кӕмӕн балӕвар кодта, ахӕм диссаджы гоймаг. Ӕндӕр хъуыддаг у, реалон адӕймаг кӕй уыд, уымӕй дӕр – генион, уый тыххӕй нӕ къухы фаг бӕлвырд хабӕрттӕ кӕй нӕма бафтыд… Йӕ цард, йе сфӕлдыстады тыххӕй дӕр зыдтам ныдзӕвӕггагӕй. Бӕстондӕрӕй дзы цы базыдтам, уый дӕр – дзӕнӕттаг Хъесаты Валодяйы фӕрцы.

Ирон адæмы иумæйаг хъуыдытæ, сæ зондахаст, сæ сагъæстæ, сæ бæллицтæ, сæ хорз æгъдæуттæ, фыдæлтыккон хъæздыг, мидисджын таурæгътæ æмæ æмбисæндтимæ лæвæрд цыдысты фæлтæрæй-фæлтæрмæ, æнусæй-æнусмæ куыд æппæты зынаргъдæр хæзнатæ, афтæ. XIX æнусы, стæй XX æнусы фыццаг æмбисы ирон интеллигенцийы раззагдæртæ æнувыдæй æмæ зæрдиагæй, цыкурайы фæрдгуытау, æмбырд кодтой адæмон сфæлдыстады зæрин хæзнатæ.

Хъыгагæн, ныр уыцы ахсджиаг куыстмæ хъæугæ æргом здæхт нал цæуы. Адæмон сфæлдыстадæй æмбырдгонд цы ‘рцыд, уыдонæй дæр ма ис, мыхуыргонд чи нæма у, ахæм къухфыстытæ, чи сæ æмбырд кодта, уыдоны архивты. Уыдонæй сты Санаты Семы æмбисæндтæ æмæ таурæгътæ дæр. Нæ номдзыд, нæ разагъды лæг, нæ дзырддзæугæ фыдæл Семы æмбисæндтæ æмæ таурæгътæ хистæртæн дæр æмæ кæстæртæн дæр сты зонды хос, æмæ хъуамæ рохуаты макуы уой.

Ирон адæмон сфæлдыстады Санаты Сем ахсы зынгæ бынат, фæлæ йæм нæ фольклористты ‘рдыгæй нырма хъæугæ цæстæнгас здæхт не ‘рцыди. Семы æмбисæндтæй æмæ базырджын ныхæстæй æрхæссæм иу цалдæр: «Ахæм дуне скæндзæн, æмæ зонд мады гуыбынæй хæсдзысты», «Лæппу дзураг æмæ чызг æфсины рæстæг æрцæудзæн», «Куыдфæстагмæ зымæг æмæ сæрд сæмхæццæ уыдзысты», «Ахæм рæстæг æркæндзæни æмæ сылгоймаг нæлгоймагыл стых уыдзæни, зондамонæг ын суыдзæни, лæг йæ худæн дæр хицау нал уыдзæни, æмæ бæсты сæфт цæудзæни» æмæ афтæ дарддæр. Профессор Хацырты Æмзор йæ чиныг «Аланика – мудрость народа»-йы фыссы: «Санаты Сем дзырдта: „Ирон лæг цæсгомджын у æмæ йæ сафæгæн йæ бон афтæ зæгъын нæу: Алæма, ай мын цы ми кæныс? Зæхх адæмæн æхсæны у, адæм иу донæй хъомыл сты“. Бæркадкъух æфсины Сатанаимæ куыд фæбарынц, зондджын лæджы –  Уырызмæгимæ, дæсны за-рæггæнæджы – Ацæмæзимæ, хъаруджыны – Сослан æмæ Батрадзимæ, афтæ зондджын адæймаджы, цы ‘рцæудзæн, уый чи фæзоны, уый та фæбарынц Санаты Семимæ.

Абайты Васо йæ уырыссаг-ирон дзырдуаты дзырд «мудрец» ратæлмац кодта афтæ: дæсны, зондджын, «Сем». Профессор Блиты Макс æмæ Бзарты Руслан сæ чиныг «Ирыстоны истори»-йы Санаты Семы хонынц «пророк, мудрец».

Санаты Семы сурæт ссис æппæтадæмон, иумæйаг су-рæт, уырыссагау «нарицательный образ» кæй хонынц, ахæм.

Адæмы, искæцы нацийы сагъæстæ, сæ зондахаст, сæ бæллицтæ равзӕрынц иу курдиатджын, генион лæгмæ æмæ уый номыл ахæлиу вæййынц æппæт дзыллæтыл. Ахæм курдиатджын ирон лæгтæй иу уыд Санаты Сем дæр. Дзырдта рæсугъд, хъæздыг æмæ зæрдæмæхъаргæ æвзагыл. Æппæтзонаг уыдис Сем. Суанг ма йæхæдæг кæд, цы боны амæлдзæн, уый дæр зыдта. Хæхтыл, рæгътыл, хъæутыл зилгæйæ Ручъы æфцæгæй Захъамæ куы ‘ркасти, уæд аргъуанмæ æнкъардæй бирæ фæкасти, стæй загъта: «О, дæлæ аргъуан, иннæ майрæмбоны дæуæн дæ кæлæн бон у, мæнæн та мæ мæлæн бон у». Æмæ, æцæгдæр, иннæ майрæмбоны ныккалдис Захъайы аргъуан, уыцы майрæмбоны амарди Санаты Сем дæр.

Семы æмбисæндтæ, таурæгътæ æмæ базырджын ныхæстæ-иу царды кæй æрцыдысты, уый тыххæй йыл адæм æууæндыдысты: фарстой йæ уынаффæйæ æмæ сын уый дæр уыд хорз зондамонæг. Суанг ма йæ бирæ хъæуты Ныхасы хистæртæ дæр фарстой зондæй. Зылди йе ‘мдзугæнджытимæ ирон хъæутыл, куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Адæм дæр æй зыдтой, уарзтой, æм-бырдтæ йыл кодтой æмæ йæм зæрдиагæй хъуыстой.

Семы сурæт хорз æвдыст цæуы Джыккайты Шамилы пьесæ «Санаты Сем»-ы. Сем ахæм дзуапп дæтты йæ монолоджы фарстæн, фидæны та цы уыдзæн, зæгъгæ, уымæн: «Адæмыл зыд бафтдзæн. Æфсис нал зондзысты æмæ сырдтау кæрæдзи хæрдзысты. Давджыты хондзысты амалджын. Худинагыл ничиуал худдзæн. Фыдгæнæгæн макæ зæгъæг нал уыдзæн. Хæтаг чызг уыдзæн кадджын. Хъахбай сыл –  фæткæвæрæг. Æвзæр хъаст кæндзæн йæ фыдæлтæй, ингæнтæ къахдзæн æмæ стджытыл кафдзæн. Адæмы Ныхасы къæзæнæг уыдзæн дзурæг, хæсты заманы тæппуд – тохмæ сидæг. Гæртамхор уыдзæн тæрхонгæнæг: йæ усы ус чи у, уый – уынаффæгæнæг». Сем йе ‘мдзугæнджытимæ, уыдон та-иу уыдысты дыууæ лæгæй дыууадæс лæджы онг, хъæутыл зилгæйæ дзырдта адæмæн, цæмæй цæрой хæларæй, кæрæдзи уарзой, хъахъхъæной æрдзы хъæздыгдзинæдтæ; цæмæй сæ хъус дарой се ‘мзæххон мæгуыртæм, æххуыс сын кæной. Кæй зæгъын æй хъæуы, Семы рухстауæн куыст зынаргъдæр, хъæугæдæр уыд, йæ-хæдæг цы заманы цард, скъолатæ нæм куы нæма уыд, адæм кæсын-фыссын куы нæма зыдтой, уæд.

Кæм райгуырди Санаты Сем? Уыцы фарстайæн цалдæр дзуаппы ис, фæлæ дзы иуæн дæр ахадгæ æвдисæйнаг, зонадон бындур нæма ис. Ӕвӕццӕгӕн растдӕр уыдзӕн, афтæ чи фыссы, райгуырди Захъагомы Мидæггаг Санаты, зæгъгæ, уыдоны вариант. Цæмæн? Дæллаг Санат æмæ Мидæггаг Санат – æрмæст Захъагомы ис. Абон дæр ма уым сты сæ фыдæлтыккон цыртдзæвæнтæ, хъæууæттæ, хæдзæртты хæлдтæ, мæсгуыты къултæ, къæйдурæй амад бырутæ… Абон дæр ма Захъагомы чи цард æмæ ма дзы чи цæры, уыдон хорз хъуыды кæнынц Санаты мыггаджы зæххытæ. Мидæггаг Санаты ис Ресы Уастырджийы кувæндон дæр, Дæллаг Санатмæ хæстæг та – Санаты Дзуары кувæндон. Захъагомы цæрджытæ, уæлдайдæр хистæр кары адæм, Семы тыххæй дзырдтой, куыд се ‘мкоймаг лæг, афтæ. Бирæ зыдтой Семы æмбисæндтæй, пайда сæ кодтой. Сем райгуырд Мидæггаг Санаты. Уыцы ныхас фидарæй загътой Захъагомы зæронд лæгтæ, уæлдайдæр та Хъесаты Дохцыхъо (зындгонд ахуыргонд-этнограф Калоты Барис куыд фыссы, уымæ гæсгæ, Дохцыхъо фæцард 125 азы, уыд уырыссаг-туркаг хæсты активон архайæг). Семы хуыдтой дзырддзæугæ, алцызонаг. Уыцы æрдхæрæны зонындзи-нæдтæ, дам, ын æрдзæй лæвæрд уыдысты; хæццæ, дам, æм кодта Хуыцауы комулæфт, халонау йæ уæны касти.

Семæн йæ фыды ном дæр чи хоны Бердыхъ (афтæ фыссы Æлборты Барысби), чи йæ хоны Мырзахъон (Беджызаты Дудар), чи – цы. Ахæм алыхуызон зондахаст ис йæ мады мыггаджы тыххæй дæр: Æлборты Барысби йæ хоны Санахъотæй, Беджызаты Дудар та йæ хоны Хъайтыхътæй. Куыдфæнды куы уа, уæддæр Санаты Сем ирон адæмы царды, нæ адæмон сфæлдыстады, ирон литературæйы бацахста йæхи сæрмагонд бынат æмæ дзы цæрдзæн фæлтæрæй-фæлтæрмæ, æнусæй-æнусмæ. Уымæн æмæ Сем у æппæт ирон адæмы иумæйаг зынаргъ хæзна, æмæ хъуамæ нæ культурæйы хæзнадоны ссара аккаг бынат. Кæд Санаты Сем кæсын-фыссын нæ зыдта, уæддæр ирон адæмæн ныууагъта бирæ аив, хъæздыг æмæ цыргъзонд таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ цымыдисаг хабæрттæ. Афтæмæй та Семы сфæлдыстад æмбырдгонд нæма у. Æмбырдгонд дзы чи нæма ‘рцыдис æмæ сæфынæй тас кæмæн у, уыдон та цас сты? Эзопы æмбисæндтæ незаманты рацыдысты мыхуыры цалдæр æмбырдгондæй. Семы æмбисæндтæ æмæ таурæгътæ æмбырдгонд дæр нæма сты. Эзопы сфæлдыстад дæр цæттæйæ, къухфыстæй нæ баззад йæ фæстæ: æмбырд сæ кодтой адæмы фæрцы, дзыхæй-дзыхмæ куыд лæвæрд цыдысты, афтæмæй.

Санаты Сем кæд цардис, уыцы рæстæг абоны бонмæ бынтон æрбаввахс кодта (æнæхъæн æнусы бæрц) Цоколаты Насырбег. Куындыхаты Алхæстæн, дам, цæуæт нæ цыд, фæлæ Хохы Санибайы иу куывды рæстæджы Санаты Сем загъта: «Куындыхаты Алхæсты æртæ чъири Хуыцау барс-тæн айста æмæ рæхджы йæ бинойнагæн райгуырдзæн лæп-пу». Æцæгдæр сын лæппу райгуырдис æмæ йыл ном сæвæрдтой – Муссæ. Уый уыдис, ирон адæмы Туркмæ чи алидзын кодта, уыцы инæлар Куындыхаты Муссæ. Муссæ рай-гуырдис 1818 азы, амардис 1889 азы. Уæдæ Санаты Сем цардис, Насырбег таурæгъ куы ныммыхуыр кодта, уымæй 176 азы размæ (чи зоны ма уымæй къаддæры размæ – Сем кæд амард, уый дæр бæрæг нæу).

Йæ амæлæты боны хабæртты фыссы Беджызаты Дудар: «Сем дарддæр нал сфæрæзта дзурын, йæ цæстытæ бахгæдта æмæ йе ‘нусон фæндагыл ныллæууыди. Дунейы адæмтæ йæм мæрддзыгой фæцыдысты Уæлладжырæй, Дыгурæй, Куырттатæй, Цъалагомæй, Хъобангомæй, Урстуалтæй. Захъагомы зæхх дæр сæ нал урæдта, уый бæрц адæм æрцыдис. Стыр кад ын скодтой адæм. Бавæрдтой йæ æмæ йын бæхдугъ сарæзтой. Бæхдугъы барджытæ уыдысты: Хъайтыхъты Слоныхъ, Андиаты Мырзæг æмæ Тотраты Тохтæби. Æртæ боны адæм Захъагомæй нæ рацыдысты, уый фæстæ алчи цыди йæ фæрныг хæдзармæ. Уарихъан æмæ йæ фырт дæр æрцыдысты сæхимæ». Фæлæ Дудар дæр нæ фыссы Сем кæм амард, кæцы азы ахицæн цардæй, уый, уымæн æмæ йæм бæлвырд æрмæг, архивтæй ист æрмæг нæ уыд.

Рагон Грекъы фæсномыгæй дзурæг, æмбисæндтæ фыссæг Эзоп уыдис тынг кадджын, номдзыд адæймаг. Ирон адæммæ та Эзопы фæдон схонæн ис Санаты Семæн. Сем дæр у кадджын, номдзыд ирон адæмы астæу. Æмæ йæхи фæсномыгæй Эзоп куы ничи хоны, уæд алчи йæхи Сем цæмæн хъуамæ хона? Уæлдайдæр та ницæйаг информациты автор. Ахæм æбæрнон автортæм редакциты дæр хъуамæ домагдæр цæстæнгас дарой.

Чи зоны, Санаты Семы тыххæй нæ фарстатæн дзуаппытæ ис аргъуанты чингуыты, уæлдайдæр та Захъайы зæронд аргъуаны чингуыты – паддзах Тамар стыр дзæнгæрæг кæмæн балæвар кодта, Сем кæмæй дзырдта: «Майрæмбоны дæуæн дæ кæлæн у, мæнæн та мæ мæлæн бон у», уыцы аргъуаны чингуыты. Санаты Сем уыд йæ рæстæджы Ирыстоны курдиатджындæр хъæбултæй иу, кад æмæ радæй лæггад кодта йæ уарзон ирон адæмæн, уыдис сын ныфсдæттæг, зондамонæг; нæй йын йæ адæмæй фæхицæнгæнæн; нæ дзыхæйдзургæ адæмон сфæлдыстады æнусты дæргъы цард, цæры æмæ кæддæриддæр цæрдзæн; хъæздыгдæр, аивдæр нын кæндзæн нæ ирон æвзаг, нæ ныхасы уаг.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.