УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Уникалон цау æрцыд Хуссар Ирыстоны спортивон царды. Фыццаг хатт уæгъдибар хъæбысхæсты спорты историйы нæ республикæйы дыууæ минæвары финалы фембæлдысты, 17 онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн уæрæсейы чемпионаты. Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы финалы фембæлдысты тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинæгтæ Зассеты Арсæмæг æмæ Бестауты Андрей. Чысыл æнтыстджындæрæй архайдта Арсæмæг æмæ фæуæлахиз 5:3 хыгъдæй æмæ ссис ерысты уæлахиздзау, Андрей та бацахста дыккаг бынат. Ныр Арсæмæг райста æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпионаты хайад райсын бар, Андрей та – æвзæнгты ‘хсæн Европæйы чемпионаты.

Ерысты ма ирон богалтæй фæуæлахиз сты Тыджыты Сослан (71 кг) æмæ Багаты Арслан (80 кг). Бронзæйон призертæ та систы Хъызынты Джамбулат (60 кг), Цхуырбаты Батрадз (65 кг), Хъарданты Магомед (71 кг), Чертхъоты Руслан (80 кг) æмæ  Саулохты Нодар (110 кг).

РАДТОЙ ЙЫН «СЫГЪЗÆРИН РОН»

Кремлы галуаны уагъд æрцыд хæстон аивæдты уæрæсейаг цæдисы преми «Сыгъзæрин рон»-ы радтыны æрвылазон церемони. Премийы лауреатте систы æндæр æмææндæр æмбуархæсты хуызтæй архайæг тыхджындæр спортсментæ, кæцытæ 2018 азы сæхи равдыстой хорз. «Азы хуыздæр спортсмен»-ы номинацийы «Сыгзæрин рон» райста ирон сумоист Мæргъиты Васили. Уый у дунейы 10-хатты чемпион, 16-хатты Еæвропæйы чемпион æмæ 14-хатты Уæрæсейы чемпион.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.