РАМБЫЛДТОЙ СЫГЪЗÆРИН МАЙДАНТÆ

Казаны уагъд цæуынц Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты фыццаг хъæзтытæ. Сæ организатор у Уæрæсейы Федераци. Ацы хъæзтыты хорз æнтыстытæ ис ирон богалтæн. Сыгъзæрин майдантæ рамылдтой Хæдæрцаты Алик, Уалыты Чермен, Хуыгаты Хох æмæ Хуыбылты Ален.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уæрæсейаг хъæбысæйхæцджытæ дæс уæзы категорийы кæй рамбылдтой авд сыгъзæрин æмæ æртæ æвзист майданы.

 

ССИС ТУРНИРЫ УÆЛАХИЗДЗАУ

Ирон богал Багаты Арслан ссис Калининграды уагъдцæуæг уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпион Андрей Шумилины призтыл дунеон турниры уæлахиздзау. Арслан сыгъзæрин майдан рамбылдта 86 кг уæзы категорийы тох кæнгæйæ. Æдæппæтæй ерысты хайад райстой 150 спортсмены.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, ацы аз сæрды Багаты Арслан сыгъзæрин майдан кæй рамбылдта Дортмунды уагъдцæуæг Европæйы чемпионаты.

 

ФУТБОЛ

Футболон национ къорды фарастæм туры «Алани» æмæ футболон клуб «Олимп – Долгопрудный» ахъазыдысты æмыдыхæй 1:1. Хъазт уагъд цыд Подмосковьейы. Цымыдисонæй банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ныхмæлæууæг командæйы тренер Роман Пилипчук зындгонд кæй у Ирыстоны футболуарзджытæн, уымæн æмæ 1991 азы уый хъазыд дзæуджыхъæуккаг «Спартак»-ы. Хъазты 5-æм минутыл «Аланийы» хъахъхъæнæг Тадтаты  Алексей иварон фæзы сфæлдæхта фысымты форвард Акмал Бахтияровы, кæцыйы фæстиуæгæн нысан æрцыд 11-метрон цæф. Пенальти æнтыстджынæй сæххæст кодта Бахтияров йæхæдæг æмæ хыгъд ссис 1:0. Уый фæстæ дзæуджыхъæуккæгтæ сæхимæ райстой инициативæ. Хъазты 30-æм минуты Гогниты Спартакы  хъомылгæнинæгтæ сæмхуызон кодтой хыгъд. Бутаты Аллон ныхмæлæууæджы кулдуары бакъуырдта рæсугъд гол. Фæстæдæр фысымтæ сарæзтой тæссаг уавæр алайнæгтæн, фæлæ хорз ахъазыдысты Бутаты Аллон æмæ кулдуаргæс Томайты Азæмæт. Уый фæстæ дæр дыууæ командæйæн бирæ хорз гæнæнтæ уыд пурти бакъуырынæн, фæлæ æнтыстджын нæ рауадысты æмæ хъазт фæцис æмдыхæй 1:1.

Иннæ туры 11-æм сентябры «Алани» Грознæйы стадионы фембæлдзæн «СКА-Хабаровск»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.