Адæймагæн царды бирæ хæрзгæнджытæ вæййы æмæ йын уыдон кæддæриддæр адджын æмæ зынаргъ вæййынц, йæ зæрдыл сæ фæдары, æрæмысы сæ арæх, а-дунейæ куы ахицæн вæййынц, уæд дæр. Нæ мысынады чи баззайы, уыдоны ‘хсæн вæййынц дохтыртæ дæр. Йæ æвæллайгæ фыдæбон рынчынтыл цас вæййы, цас! Йæ цæстуарзон лæггад, йæ хъарм ахастæн рохгæнæн нæ вæййы. Дохтырæн æдзухдæр рынчынимæ дзуры йæ зæрдæ, куыд хуыздæр ын баххуыс кæна, куыд тагъддæр ын фæсура йæ низ, ууыл вæййы йæ катай æмæ мæт.

Æрдзæй дохтыры курдиатæй хайджын чи фæци, кæстæрты æнæниздзинадыл æппынæдзух чи тыхст, уыдон нымæцмæ хауд Хетæгкаты Евгения Михаилы чызг дæр. Уымæн бирæ уыдысты йæ лæггæдтæ æнæниздзинады фадыджы. Хæрзкъаннæг сабийæ йæ пациент уыдтæн æз дæр æмæ уæд банкъардтон ацы уæздан æмæ сабитыл узæлаг дохтыры ахаст. Абонау уæды рæстæджы дæр рынчындоны сабитимæ уыдысты сæ ныййарджытæ дæр. Фæлæ иу афон мæ ныййарæг мад мæнæй фæхицæн дæргъвæтин рæстæджы, буары тынг сыгъдтытимæ йæхæдæг дæр областон рынчындонмæ кæй бахауд, уымæ гæсгæ. Тынг æй мысыдтæн, мæ чысыл уарзæгой зæрдæ æдзухдæр йемæ дзырдта. Фæлæ ацы ран дæр мæ фарсмæ æрбалæууыд сæйраг дохтыр Хетæгкаты Евгения æмæ мыл хъæбулау узæлыд.

Ирыстоны йæ ном йæ хорз хъуыддæгтæй зындгонд кæмæн уыд, йæ радтæг адæмы рухс сомбоныл удуæлдайæ чи тох кодта, уый уыд цъунайраг Хетæгкаты Михаил. Хетæгкайы фырт уыд раззагдæр интеллигенцийы минæвæрттæй сæ иу, фыццаг уырыссаг революцийы активон хайадисæг. Фæрнджын адæймаг ма цæмæй фæци хайджын, уыдонæй фыццæгтæм хауд, йæ зæнæг дæр сæ радтæг адæмæн лæггад кæнын сæ сæйраг хæсыл кæй нымадтой, уый. Зæнæджы уыцы фарнæй хайджын фæци Евгения (Женя) дæр.

Уый райгуырд 1906 азы Цъунары (Къостайы-хъæуы). Хетæгкаты чызгæн чысылæй фæстæмæ йæ бæллиц уыд дохтыр суæвын, адæмы æнæниздзинад хъахъхъæнын. Астæуккаг ахуырад райсыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Тбилисы медицинон институтмæ æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæци 1931 азы. Фæстæдæр та каст фæци ординатурæ Мæскуыйы. Медицинæйы хаххыл уæлдæр ахуыргæнæндон каст куы фæци, уæд æрбаздæхт йæ уарзон Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта æндæр æмæ æндæр медицинон уагдæтты, æппæт йæ тыхтæ æмæ зонындзинæдтæ не ‘вгъау кодта сывæллæтты æнæниздзинадæн. 1931 азæй 1949 азмæ куыста Цхинвалы сывæллæтты консультацийы сæргълæууæгæй, 1949 азæй суанг 1976 азмæ та уыд областон рынчындоны сывæллæтты сæйраг дохтыр. 1976 азæй 1982 азмæ, цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ куыста сывæллæтты областон поликлиниæйы сæргълæууæгæй.

Хетæгкаты Евгения кæмдæриддæр куыста, уым уыд намысджын фæллойгæнæг, йæ разылæууæг хæстæм каст бæрндзинады цæстæй æмæ дзы райгонд уыдысты йæ коллегæтæ æмæ сæйраджыдæр та рынчынтæ. Евгения йæ куыстыл уыд иузæрдион æмæ уыи-мæ хæларзæрдæ адæймаг æмæ йын уымæ гæсгæ уыд стыр кад. Парти æмæ хицауад ын стыр аргъ скодтой йæ намысджын фæллойæн, уый хорзæхджын æрцыд Кады нысаны орден æмæ цалдæр майданæй, стæй Кады грамотæтæй. Лæвæрд ын æрцыд «Æнæниздзинад хъахъхъæныны иттæг хорз кусæджы» риуылдарæн нысан. Лæвæрд ма йын æрцыд Гуырдзыстоны республикæйы сгуыхт дохтыры ном дæр.

Хетæгкаты Евгения цалдæр азы размæ ахицæн цардæй, фæлæ йæ фæстæ цы адæймагон хорз миниуджытæ ныууагъта, уыдонæн рохгæнæн нæй.

 

  ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.