ГÆЛÆБУТАУ-ИУ ТАХТЫСТÆМ ЙÆ РУХСМÆ …

Ирыстоны нывкæнынадмæ уазджын хуынтæ чи бахаста, ирон нывкæнынады скъолайæн фидар бындур чи сæвæртта, Кавказы нывкæнынады кадджындæр профилон ахуыргæнæндон – Дзæуджыхъæуы нывкæнынады училищейы дуæрттæ кæй руаджы байгом сты, уыцы арфæйаг адæмы хсæн сæрмагонд бынат ахсы РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг, Уæрæсейы Аивæдты Академийы æвзист майдан фыццаг Ирыстоны нывгæнджытæй лæвæрд кæмæн æрцыд йæ бæрзонд аивады  æмæ профессионалондзинады тыххæй, уый  –  ХЕТÆГКАТЫ Хъазыбег.  

Цы уыдысты 49 азы цæрынæн… Фæлæ йын куыд бирæ бантыст саразын йæ цыбыр сфæлдыстадон фæндагыл дæр… аскъуыд нывгæнæджы зарæг, фæлæ баззад уæлæуыл йæ ном, йæ кад, йæ фарн..

Хетæгкаты Хъазыбег райгуырд 1936 азы 10 июлы Къостайыхъæуы. Хъæууон скъолайы фæстæ каст фæцис Дзæуджыхъæуы педагогон училищейы аивадон-графикон хайад. Уый фæстæ уæлдæр ахуырад райста Ленинграды И.Е. Репины номыл нывкæнынады, скульптурæйы æмæ архитектурæйы институты. 1973 азы ссис ССР Цæдисы Нывгæнджыты цæдисы уæнг. 1981 азы Хъазыбегæн лæвæрд æрцыди Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæджы ном. 1985 азы Уæрæсейы Аивæдты Академи Хъазыбегæн йе сфæлдыстадон сгуыхтдзинæдты тыххæй саккаг кодта æвзист майдан. Хъазыбег уыд курдиатджын нывгæнæг, Ленинграды академийы къамисы уæнгтæ ацы хæрзиуæджы аккаг Ирыстонæй фыццаг уый скодтой. Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн… Нывгæнæг цæрæнбонты цы сфæлдыстадон бынтыл фæфыдæбон кодта, уыцы бæлæстæ нæртон дидинæг куы ракалдтой, æмæ йæ царды рагвæззæджы дыргътæ æмбырдгæнæн афон куы ‘рхæццæ, уæд … уæд ын сæ ад базонын нал бантыст, нал дæр ын сæ аууоны хи æруадзын æмæ уæнгты фæллад суадзын бантыст.

1985 азы 5 декабры Хъазыбеджы кадджын уавæры хъуамæ схорзæхджын кодтаиккой академийы æвзист  хæрзиуæгæй, фæлæ йыл нал сæмбæлд… Уыцы бон  Иры дзыллæ Хъазыбеджы  фæндараст кодтой йе ‘нусон дунемæ. Бæстæ баталынг. Дыдзы цырагъау Иры фарнæн нывгæнæджы уд басыгъд. Фæлæ ма искуыдæр æцæг адæмон нывгæнæгæн амæлæн уыд? Нæ. Цы бинонтæ æмæ бирæ хæлæрттæ ныууагъта йæ фæстæ, уыдоны фарнæй цæры нæ зæрдæты, йæ ахуыргæнинæгты мысинæгты, цæры йæ конд кæттæгтыл, цæры Ирыстоны аивады историйы, газеттæ, журналтæ æмæ чингуыты фæрстыл… Цæры æмæ нæм нæ хъуыдыты раздæрау йæ мидбылты худы, хæрзаудæн кæны… Хъустыл та ауайы йæ зарæг… Уæдæ цæры…

Æгæрон сты Хъазыбеджы сфæлдыстадон бынтæ Ирыстоны нывкæнынады. Нывгæнæг дзы ссардта йæхи фæндаг æмæ йыл кадимæ кæронмæ ацыд. Уый уыд йæ цард æнæхъæнæй дæр аивадимæ чи сбаста, ахæм адæймаг. Йæ куыстытæй бирæтæ абон сты Уæрæсейы стырдæр музейты экспонаттæ. Паддзахадон Уырыссаг музейы, Скæсæны адæмты паддзахадон музейы, Уæрæсейы Нывгæнджыты цæдисы Мæскуыйы, Ленинграды Е.И.Репины номыл Аивæдты Академийы фонды, уыимæ Ростовы, Гуырдзыстоны, Болгарийы, Кæсæджы… Ирыстоны нывкæнынады историйы Хъазыбег баззад ирон Рембрандтæй. Уыцы хъуыды сæ рæстæджы загътой Ирыстоны зынгæ аивадиртасæг Дзантиаты Анатоли, скульптор Дзбойты Михал, нывгæнджытæ Бедойты Шалва, Джыккайты Мурат, Гæгойты Таймураз, дзæнæтыбадинаг Æрчъегкаты Аслæнбег. Йе сфæлдыстадыл цæст ахæсгæйæ æнцонæй рахатæн ис, йæ куыстытæн сæ фылдæр хай кæй сты бирæфигурон нывтæ. Алы нывгæнæг нæ бахæсдзæн йæ ныфс ацы хуызы нывтæ кæнынмæ. Хъазыбег та фæлтæрд уыд куыстмæ. Йæ бирæфигурон композициты райтыгъта йæ адæмы, фыдæбонгæнджыты сурæттæ. Йæ хъайтартæ агуры куыстуæтты, колхозон быдырты, æрзæткъахæнты сын æвдисы сæ цард, сæ уды конд, се ‘гъдау, фæтк… Семæ хорз зонгæ уæвгæйæ, уыдон разындысты йæ бирæфигурон ахæм куыстыты куыд: «Металлургтæ», «Киров хохæгтимæ», «Зырнæйзилджытæ», «Хохкъæртгæнджытæ», «Хоры куывд», «Чындзæхсæв», «Зиан» æмæ æндæрты. Нывгæнæг цы портреттæ ныффыста, уыдон йе сфæлдыстады ахсынц зынгæ бынат. Сты æххæст æмæ уæззау сурæттæ. Уыдонæй иу у, цæстытæ атонын кæмæй нал фæкомынц, уыцы «Телойы портрет». Уæдæ йæ иннæ портреттæ: «Хъæуккаг постхæссæг», «Зæронд салдат», «Адæйы портрет», «Мæ цардæмбалы портрет» «Сылгоймаджы портрет» дæр сты удæгас шедевртæ. Хъазыбег хорз фыста пейзажтæ дæр. Йæ нывты зарыд ирон æрдзы æнæбафæзмгæ аивдзинадыл «Изæрыгон хохы», «Хохаг хъæу», «Зæрæмæг», «Фыййагдон» æмæ æндæртæ. Йæ натюрморттæ сты алцæмæй æххæст, суанг кæцыдæрты цы æнæфснайддзинад равдыста, зæгъæм, «Нывгæнæджы æрмадзы», уыдон дæр сты зæрдæмæ хæстæг æмæ уарзон. Хъазыбеджы сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсы Къостайы сурæт. Нывтæ «Номарæн», «Къоста хасты фæстæ», «Хæрзбон поэтæн», «Къостайы зиан», «Зиан», «Трагикон этюд»… æвдисынц нывгæнæджы ахаст поэтмæ. «Къостайы зиан» – ссис Иры артдзæсты шедевртæй иу. Хъазыбег равдыста, поэты мæлæт адæмæн цы хъыг æрхаста, уый. Æрмæст кæттагыл нæ нывтæ кодта, фæлæ дæсны уыд графикон куыстытæ кæнынмæ дæр. Ручкæ, кърандас, тушь, гуашæй йæхицæн арæзта цæттæгæнæн куыстытæ, эскизтæ стыр кæттæгтæм.

Фæлæ алы эскиз хицæнæй райсгæйæ йæхæдæг у æнæхъæн аивадон дуне. Фыста дзы, куыд бирæфигурон композицитæ, афтæ портреттæ æмæ пейзажтæ дæр. Уæлдайдæр та хорз арæхст акварелæй кусынмæ, кæцы у йæ технологийæ уæззаудæр, домы арæхстгай бавнæлд. Хетæгкаты Хъазыбеджы номы цардысты адæймаджы удыхъæды хæзнатæ: цардмæ æмæ адæммæ уарзондзинад, бæрнондзинад, æнæхиндзинад, уды сыгъдæгдзинад. Йæ зæрдæ гом уыд алкæмæн дæр, сывæллонау цин кодта алкæй циныл дæр. Хъазыбег уыд Ирыстонæн – фарнхæссæг хъæбул, йæ ныййарæг мадæн – коммæгæс фырт, йæ хæлæрттæн – ныфсы мæсыг, æфсымæрæн – фидар уæхск, йæ бинойнагæн – хорз цардæмбал, йæ цотæн – хорз фыд. Йæ хъæбулты хъæбултæн дæр æнæмæнг уыдаид æппæтæй хуыздæр дада… æмæ у.

Уымæн æмæ сæм уыцы бæстæйæ дæр йæ фарн хæццæ кæны, уæлæуыл цы кад ныууагъта, уый та сын кæны рухс сæ цардвæндаг. Хъазыбег уæззау æмæ мæгуыр уавæрты бахъомыл. Йæ равзæрст ахорæнтæ дæр сты морæхуыз, тар, хуымæтæг. Ахæм хуызтæй банкъардта нывгæнæг цард. Уый æмбæрста, кæй у æцæгæй цард трагеди. Чи зоны, йæ адзал дæр æмбæрста æмæ æппынæдзух кодта тагъд, йæхиуыл æнауæрдгæйæ куыста йæ æрмадзы. Йæ фæстæ цы бынтæ ныууагъта, уыдон сты 600 куыстæй фылдæр. Фæлæ цы гыццыл азтæ рацард, уыдонæй хаста йæ адæмæн рухс æмæ хъæлдзæг бонтæ. Раст хуры тыны рухсау уыд йæ фæзынд …

ХЕТÆГКАТЫ ХЪАЗЫБЕГ – 85 АЗЫ

Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, фæзæгъынц. Хъазыбег йæ фæстæ цы кæстæрты ныууагъта, уыдон дæр сты Ирыстонæн лæггадгæнджытæ. Йæ фырт Аслан равзæрста нывгæнынады фæндаг. У РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг, каст фæцис Ленинграды Нывкæнынады Академи. Разамынд дæтты Дзанайты Азанбеджы номыл Нывкæнынады училищейæн. Уым бирæ рæстæг нывкæнынады ахуыргæнæгæй фæкуыста Хъазыбег йæхæдæг дæр. Йæ чызг Дзерассæ ссис филологон наукæты кандидат. Фæлæ йын æрдзæй лæвæрд у ныв кæнын дæр. Фарон ЦИПУ-йы уырыссаг филологийы бæстыхайы байгом йæ нывты равдыст.  Хъазыбег, хъыгагæн, нæ базыдта хъæбулы-хъæбулты ад. Уыцы амонд дз нæ уыд…  Йæ къамтæ, йæ нывтæ ауыгъд сты къулыл æмæ йæ кæстæртыл, йæ хъæубæстыл, йæ бирæ хæлæрттыл, Ирыстоныл уырдыгæй хæрзаудæн кæны…

УАНИОН

 

НÆХИ КАЗБИЧ

Уый уыд ивгъуыд æнусы 60-æм азы сентябры мæйы фыццаг бонты. Уæд ахуыр кæнын райдыдтон ОсПУ-йы (Ирон педа-гогон училище, ныры Педагогон институт) нывкæнынады хайады.

«Хетагуров Казбек», – фæрсæгау кæны ахуыргæнæг. «Мæскуыйы ис, декадæйы!» – хъуысы кæйдæр цин хъæлæс (фæстæдæр æй базыдтон: Хъазыбеджы бæсты дзуапп лæвæрдта йе ‘мхъæуккаг Еналдыты Бек). Афтæ уыцы бон фæсаууонмæ базонгæ дæн Хетæгкаты Хъазыбегимæ – Казбичимæ. Октябры фыццаг бонты нæ къласы фæзынд хъæлдзæг, цæхæрцæст лæппу. Мæнæй хистæр, йæ сæр чысыл фæгæмæхгомау. Къласмæ цы бон æрбакъахдзæф кодта, уæдæй фæстæмæ нæ къласы цард, стæй канд нæ къласы цард нæ, фæлæ æппæт училищейы цард дæр фæхъæлдзæгдæр. Цæвиттон-иу Казбичмæ стыр переменæйы куы бахатыдыстæм, иу зарæг ма сис, зæгъгæ, уæд-иу йæ мидбылты бахудт. – Цæй-ма, ныууадзут мæ, худинаг у… – Зарын худинаг кæдæй ардæм у! Уæлдайдæр стыр переменæйы… Æмæ-иу уæд систа йæ нæргæ хъæлæсæй нæхи ирон, кæнæ та Карузойы репертуарæй исты зарæг. Училищейы уæрæх тыргъты-иу аленк кодтой зарæджы зæлтæ, бæрзонд рудзгуыты æвгтæ-иу змæлæгау кодтой. Æз зарын нæ – хъырнын дæр нæ зыдтон, æмæ-иу иуварсæй хъуыс-тон æмæ дис кодтон йæ аив хъæлæсыл. Мæхинымæр-иу дзырдтон: ахæм хъæ-лæсы хицау ам цы кусы, уый хъуамæ искуы оперон театры зарит… Иу хабар мæ зæрдыл арæх æрлæууы: Чеджемты Геор, Дзиуаты Батрадз, Рæмонты Геор æмæ æз рахызтыстæм Къостайы номыл паркæй. Уыцы рæстæг проспекты та сцæйцыд Казбич. Куы нæ ауыдта, уæд йæ цыд фæтагъддæр кодта, йæ мидбылты бахудт æмæ афтæ бакодта: «Цы хорз у, мæ размæ кæй фестут, уый! – йæ цæстытæ цæхæрæрттывд кодтой. – Мæнæ æфсæддон училищейы мах училище концерт дæтты, æмæ мын хъырнджытæ нæй. Уæ хорзæхæй, ма фæзивæг кæнут, мæ фарсмæ æрбалæуут, бахъырнут мын…» – мæнмæ фæрсæджы каст æрбакодта. «Адон ма чысыл бахъырнæгау кæнынц, фæлæ мæн зарыны охыл искуы мæ дзых схæлиугæнгæ федтай?» – дисхуызæй йæм бакастæн æз дæр. Уый дын мын афтæ: «Æрмæст мæ фарсмæ æрбалæуут, ирон зарæг æнæ хъырнæгæй нæ фидауы, сымах-иу уæ дзыхтæ фæхæлиу кæнут, æндæр, заргæ дæр æмæ хъырнгæ дæр, мæхæдæг кæндзынæн». Иннæтæй мæ ныфс уыди æмæ сразы дæн. Концерты Казбич ныззарыд æмæ, куыд загъта, афтæ рауад: заргæ дæр æмæ хъырнгæ дæр йæхæдæг кодта. Иннæтæ дæр ын цас æххуыс уыдысты, фæлæ æз æрмæстдæр мæ дзых æфсоны хæлиу кæй кодтон, уымæй æфсæрмы кодтон æмæ, зарæг куы фæцис, уæддæр ма иуцасдæр мæ дзых хæлиуæй аззад. (Ацы цау æрымысгæйæ, мæ зæрдыл арæх æрлæууынц нæ абоны эстрадон зарæггæнджытæ – фонограммæ цæуы, зарæггæнæг йæ дзых фæхæлиу-фæхæлиу кæны. Æвæццæгæн фонограммæйы бындурæвæрæг æз уыдтæн.) Тыхджын къухæмдзæгъд анæрыд залы. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæнæн не ‘мдзæгъд кодтой, фæлæ Казбичæн! Уæвгæ, уæд махыл куы нæ амбæлдаид, уæддæр иунæгæй дæр азарыдаид! Училищейы фæстæ алы фæндæгтыл ацыдыстæм, Казбич Питеры аивæдты академимæ, æз – фæстæдæр Мæскуыйы М. Горькийы номыл литературон институтмæ, фæлæ, зæгъæн ис, кæрæдзийæ никуы адард стæм. Институты фæстæ кусын райдыдтон телеуынынады, Казбичы æрмадз та уыд Сæрибары уынджы Штыбы фæзмæ хæстæг. Куыстæй цæугæйæ-иу арæх нæ фæндаг ракодтам ууылты. Мах-иу чысыл фынджы уæлхъус бадтыстæм, уый та-иу, хатыр ракургæйæ, йæ куыст дарддæр кодта. Мæ цæстытыл абон дæр уайы, палитрæйыл ахорæнтæ куыд змæс-та æмæ сæ кæттагмæ куыд хаста, уый. Уыцы рæстæджы йæ сæйрагдæр куыс-тытæй иу уыд «Чындзæхсæв». Хатт-иу дзы айрох, мах дæр уым стæм, уый æмæ-иу чындзхæсджытæн базарæгау кодта. Йе сфæлдыстады тыххæй телевизион равдыстытæ дæр бацæттæ кодтон. Фæлæ мæхицæн иу хъуыддаг абон дæр нæ хатыр кæнын: йæ зараг хъæлæс ын кæй нæ ныффыстон, уый. Æмæ афтæмæй йе ‘вæджиауы хъæлæсы зæлтæ бамыр сты йæ ацыды фæстæ. Хъазыбег зарæджы фæндагыл куы ацыдаид, уæд дзы стыр зарæггæнæг кæй рауадаид, уый мæн иу лæгæй уырны, фæлæ равзæрста æндæр фæндаг – нывгæнæджы фæндаг! – уый та ноджы вазыгджындæр æмæ кадджындæр фæндаг у! Казбичы йæ фæстаг фæндагыл куы афæндараст кодтам, уымæй цалдæр боны фæстæдæр Мæскуыйы йæ куыст райдыдта Уæрæсейы фысджыты съезд. Æз та уыдтæн уыцы съездмæ хуынд уазæг. Мæхинымæр хъуыды кæнын: хуынд уазæг дæн, хъæлæс кæныны бар мæм нæ хауы, ам уон, уым уон, ничи мæ агурдзæн, дæлæ Манежы та ис Уæрæсейы нывгæнджыты равдыст æмæ фæлтау мæ рæстæг уым арвитон, чи зоны, уым исты хорзæй фенон. Загътон æмæ кæнгæ дæр афтæ бакодтон. Кæуылты у Манежы фæзуат! – æмæ дæргъмæ-цæхгæрмæ уынгауты цæуын. Фæлæ ам дæр цæст уадиссагæй ницæуыл хæцы. Кæсын нывтæм: уыцы иухуызон цæхæркалгæ ахорæнтæй цæст фæллайын райдыдта… Мæ ных дуары ‘рдæм сарæзтон, фæлæ мыл цыма цыдæр æнæзынгæ тыхтæ фæстæмæ хæцынц, афтæ цæхгæрмæ рæнхъытыл дыууæрдæм мæ цæстæнгас ахæссын. Æмæ дын иу цæхгæрмæ ацæуæны мæ цæст иу нывыл куы ‘рхæцид. Иннæ ахорæнтæй уæлдай йæ тарæй æрныгъуылд æмæ цыма йæхицæй æфсæрмы кодта, уыйау лæууыд. Йе ‘нгасæй мæ æрурæдта. Азылдтæн æм, цæуын æм, æмæ йæм куыд хæстæгдæр кæнын, афтæ мæ йæхимæ кæлæнгондау тынгдæр æлвасы. Куыд æм æввахсдæр кæнын, афтæ мын цыдæр æхсызгон рис мæ зæрдæ агайы. Хæстæгдæр æм бацыдтæн æмæ мæнæ нæхи Казбичы ныв: «Къостайы ныгæнæн бон». Къуыри дæр нæма рацыд, Казбичæн йæ чырыны уæлхъус куы лæууыдтæн, уæдæй, æмæ ныр мæнæ Мæскуыйы Манежы равдыстыты хæдзары лæууын йæ куысты раз. Æнæнхъæлæджы æнкъард, фæлæ зæрдиаг фембæлд. Иуæй мын æхсызгон уыд, иннæмæй та мæ цæстытыл ауадысты нæ фыццаг фембæлдæй фæстæмæ цы æхсызгон бонтæ ныххал сты, уыдон… Равдысты иннæ куыстытæй уæлдай мæ цæстæнгас йæхимæ чи аздæхта, Хъазыбеджы уыцы куыст йæ тарморæ хуызтæй агайдта мæ зæрдæ. Казбич йæ фæстæ цы бынтæ ныууагъта, уыдонæн нырма кæд аивадон æгъдауæй фаг аргъгонд не ‘рцыд, уæддæр мæ уырны, нæ ирон хуызфыссынады аивады къæбицмæ ахъаззаджы хуынтæ кæй бахаста. Казбич куыд лæг, куыд адæймаг, афтæ сывæллонау уыд æнæхин æмæ æнæсайд. Мæнæ афтæ кæмæй фæзæгъынц, «йæ фæстаг хæдон дæр дын раласдзæн», раст ахæм. Адæм ын аргъ кодтой йæ хуымæтæгдзинад æмæ хæдæфсармдзинадæн. Уый та алы сфæлдыстадон кусæджы къухы нæ бафты… Лæджы цардæн æрмæстдæр Рæстæг у аргъгæнæг. Æмæ абон мах уынæм æмæ зонæм: Хетæгкаты Хъазыбег уыд нæ адæмы уарзондæр хъæбултæй иу. Кæд ын азтæй бирæ рацæрын нæ бантыст, уæддæр йæ адæмы удварнæн, Ирыстоны хæрзæбонæн чысыл нæ сарæзта. Æмæ йæ рухс ном цæрдзæн йæ куыстыты, стæй йын йæ куыстытæн чи аргъ кæна, уыдоны зæрдæты.

КОКАЙТЫ Тотрадз

 поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл

паддзахадон премийы лауреат

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.