Геомагнитон активондзинад алыхатт дæр бандавы цыдæриддæр нæ планетæйыл цæуы, уыдоныл. Зæгъæм, уый тынг бандавы адæймаджы æнæниздзинадыл. Æмæ уый тыххæй астрологтæ регуляронæй хъусын кæнынц геомагнитон активондзинады прогнозтæ.

Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ февралы мæйы уыдзæн магнитон тымыгъты цалдæр периоды.

Магнитон тымыгътæ сæ активондзинад равдисдзысты 4-5 февралы. Сæ тых уыдзæн 5 баллы. Йæ тых бирæ нæ уыдзæн (иу балл къаддæр) 10-12 февралы магнитон тымыгъæн, фæлæ уый иууыл тынгдæр бандавдзæн хистæр кары адæймæгтыл. Ахæм тымыгъмæ æнхъæлмæ кæсæн ис 19 æмæ 24 февралы.

Магнитон тымыгъты рæстæджы фылдæр хатт февзæрдæр вæййы хиæнкъарынад, адæймаг йæхи хаты лæмæгъдæр æмæ тынгдæр риссы сæр. Метеоæндæвдады бын чи ис, уыдонæн фæкъаддæр вæййы сæ куыстхъомдзинад, дыууæрдæм кæны туджы æлхъывдад, фæкарздæр вæййынц хроникон низтæ. Ацы бонты тæссаг у зæрдæ-дадзинты æмæ улæфæнты низтæй чи хъæрзы, уыцы адæймæгтæн.

Ахæм бонты ас адæймæгтæ хъуамæ уой хæдзары, сæхи бахизой физикон куыстытæй.

Афоныл фынæй, сыгъдæг уæлдæфмæ тезгъо кæнын уæ бахъахъхъæндзæн метеоæндæвдадæй.

Уæхи бахизут карз нозт æмæ сой хæринæгтæй кофеин æмæ тамакодымынæй. Хæрут фылдæр дыргътæ æмæ халсартæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.