Ацы диссаджы ныхæстæ загъта зынгæ педагог æмæ РЦИ-Аланийы Национ зонадон библиотекæйы бындурæвæрæг, Хетæгкаты Къостайы хæлар Варвара Шредерс, кæцыйы ном 19-æм æнусы кæрон Дзæуджыхъæуы цæрджытæ дзырдтой уæлдай табу кæнгæйæ. Уымæн йæ райгуырдыл 30-æм марты сæххæст 170 азы æмæ 23-æм декабры та йæ амæлæты боныл сæххæст уыдзæн 120 азы.

Шредерс – Ломоносова Варвара райгуырд 1852 азы 30-æм марты Смоленскы губернийы. Уый уыд Мæскуыйаг Екатерининаг институты рауагъдон, кæцыйы каст фæуыны фæстæ ацыд Венæмæ, цыран серьезонæй сахуыр кодта педагогон процессы æрмгуыст организаци кæныны программæ. Фæсарæнтæй æрæздæхыны фæстæ бацыд Мæскуыйы Герьейы уæлдæр курсытæм. Йæ цард баиу кодта дунеон тæрхонгæнæг Владислав Шредерсимæ, кæцы службæмæ æрвыст æрцыд горæт Гжатскмæ. 1888 азы 18-æм сентябры Варварайы цардæмбал раконд æрцыд Дзæуджыхъæумæ. Владислав Шредерс уыд Дзæуджыхъæуы тæрхондонон-дунеон зыл-ды 1-æм фадыджы дунеон тæрхонгæнджыты сæрдар. Æмæ уæдæй фæстæмæ Варварайы цард цæрæнбонтæм бастæй баззад Дзæуджыхъæуимæ.  Шредерсы бинонтæ тынг æнтыстджынæй æрцардысты æнæзонгæ горæты. Балхæдтой хисæрмагонд хæдзар горæты центры Александровскы проспекты (абон Сабырдзинады проспект), уыдис сын бæхтæ æмæ файтон. Иу ныхасæй, цард сæм йæ мидбылты худт. Хетæгкаты Къоста йæ афыссæн чиныджы фыста: «Кому живется весело? – Варваре Григорьевне Шредерс». Æмæ æцæгæй дæр бинонтæ ницы хъуагдзинад æййæфтой Цæгат Ирыстоны.

Гжатскы райсгæ стыр педагогон фæлтæрддзинад Варавара Григорийы чызгæн хъæуæг разынд Дзæуджыхъæуы. 1890 азы йæ хъæппæрисæй байгом æрцыд Дзæуджыхъæуы сылгоймæгты прогимнази.  Зын уыд, бирæ хатт-иу ахуыртæ цыдысты уазал хатæнты, нæ сын уыд хъæуæг чингуытæ, инвентарь. Уроктæй дарддæр ма уагъд цыдысты лекцитæ, литературæ, историйы тыххæй беседæтæ, аивадон изæртæ, æвæрдтой спектаклтæ. Прогимназы ахуыр-гæнинæгты нымæц азæй-азмæ рæзт. Фæлæ скъолаты æмрæнхъ хъуыд культурæ æмæ рухсады æндæр артдзæстытæ дæр. Ирон культурæйы зынгæ минæвар Гæздæнты Еленæйы ныхæстæм гæсгæ: «Варвара Шредерс хорз æмбæрста, адæмы рухсадæн æрмæст скъолатæ фаг кæй не сты, уый. Æнæмæнгхъæуæг уыд чиныг кæсынæн уавæртæ саразын. Æмæ фыццаг æхсæнадон библиотекæ байгом кодта прогимназийы. Фæлæ уæддæр хъуыд алкæмæндæр æнцонвадат библиотекæ. Варвара Шредерс слæууыд прогрессивонæй хъуыдыгæнæг интеллигенцийы сæргъ æмæ бирæ рæстæджы дæргъы архайдта иумиагæй æнцонвадат библиотекæ байгом кæныны тыххæй бар райсыныл. 1895 азæй 1902 азмæ уый уыд библиотекæты правленийы æнæраивгæ сæрдар».

1880 азæй Дзæуджыхъæу ссис Цæгат Кавказы егъаудæр административон центртæй иу. Ам арæзт цыдысты сæудæджерадон куыстуæттæ, базарадон уагдæттæ, Цæгат Кавказы фыццаг театртæ, музыкалон скъолатæ, гимназтæ, библиотекæтæ. Дзæуджыхъæуы цард æмæ фæлдыста йæ æнæмлæгæ уацмыстæ ирон адæмы стыр фырт Хетæгкаты Къоста, кæцы йе ‘мдзæв-гæты æмбырдгонды ссардта ацы сылгоймаджы ном. Варвара Шредерсы архайд уыд алыварсон. Уый хорз æмбæрста профессионалон скъолаты нысаниуæг дæр, кæцытæ  йæ рауагъдонтæн дæттой хи фæдарыны фадат. Уый ацы скъолатæн куыста прораммæтæ. Алыгъуызон фадгуыты дæр æм уыдис энциклопедион зонындзинæдтæ æмæ йæ хæлæрттæ та уыдысты Ирыстоны прогрессивон интеллигенцийы æмæ у-рыссаг зонады минæвæрттæ.

Къоста уайтагъд фæхатыд ацы  хъаруджын сылгоймаджы æхсæнадон архайд. Сæ зонгæдзинад куыдфæстагмæ рахызт фидар хæлардзинадмæ æмæ аххæссыд суанг йæ царды фæудмæ. Уырыссаг классикон литературæйы традицитыл хъомылгонд Шредерс уайтагъд бамбæрста, æппæт Кавказæн, æмæ сæйраджыдæр та ирон адæмæн, Хетæгкаты Къостайы архайды нысаниуæг. Уый йе ‘ппæт царды ссис Къостайы стыр курдиатæн табугæнæг. 1895 азы Къостайы æмдзæвгæтæ уырыссаг æвзагыл куы рацыдысты, уæд дзы Варвара самал кодта цалдæр экземпляры библиотекæйæн, поэты æмдзæвгæтæ ахуыр кодта æнæкæсгæйæ. Афтæмæй стыр поэт ссардта æнувыд хæлары. Уазæгуарзон Шредерсы хæдзары дуæрттæ алы хатт дæр гом уыдысты Къостайæн. Поэт арæх рынчынтæ кодта æмæ-иу къуыригæйтты хуыссыд Варварайы хæдзары, уый-иу æй аласта дохтыртæм дæр. Къостайы фыстæджытæм гæсгæ, уый фондз азы дæргъы æртæ хатты сусæгæй æрцыд Дзæуджыхъæумæ. Уый тыххæй Р. Адамова фыссы: «Высланный на Кубань, Коста бежал оттуда и, прибыв во Владикавказ, тайно проживал у В.Шредерс… Коста преподнес Шредерс картину: горы в горах девушка-осетинка, повязанная платком. Внизу надпись: «Вы первая заро-нили луч света в наши темные аулы, Вы первая призвали нашу горянку к учению».

1900 азы  Варвара Шредерс банысан кодта йæ райгуырды 49 азы бæрæгбон. Уазджытæ йæм æрбацыд бирæ, фæлæ йæ цуры цы бандон уыд, уым ничи бадт, бæрæг уыд бæрзонд уазæгмæ кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. Æмæ уый – Къоста дæр фæзынд. Иууылдæр сыстадысты. Йæ размæ рахызт Варвара æмæ йæ сбадын кодта йæ фарсмæ. Къоста æрæджы ссыд Херсоны хастæй, уыд рынчын æмæ лæмæгъ. Уый йæ æнувыд хæларæн балæвар кодта йæ нывтæй цалдæр. Варвара сæ нæ иста, поэты уæззау материалон уавæры тыххæй зонгæйæ, фæлæ йæ Къоста нал бауагъта сдзурын. Уый уыд Варвара Григорийы чызджы фæстаг гуырæнбон. Æрмæст дзæуджыхъæуккæгтæ нæ, фæлæ Терскы областы раззагон интеллигенци дæр æрцыд йæ ныгæнæн бонмæ. Пятигорскæй æрцыдысты Цæлыккаты хотæ дæр. Чи йæ федта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ, Варварайы ныгæнæн боны Къоста æвæллайгæйæ лæууыд йæ чырыны цур æмæ тынг куыдта. Йæ æнувыд хæларæн ныффыста  фæстаг ныхæстæ, фæлæ сæ йæ бон не ссис бакæсын æмæ сæ радта йæ зонгæмæ. Уый фæстæ æрвылбон дæр цыд йæ уæлмæрдмæ дидинджытимæ æмæ-иу дзы сахатгай фæлæууыд. Къостайы хæлæртты нымæц къаддæрæй-къаддæр кодта. Уый сæ хъуыд, йæ кады бæрзæндты куы уыд, уæд, фæлæ хастæй куы ссыд, уæд æй ферох кодтой. Къостаимæ ма уыдысты Байаты Гаппо, Къубалты Алыксандр, Хетæгкаты Андухъапар, нывисæг Дзанайты Садул.

Варвара Шредерсы ном ссарынæн поэт цы æмдзæвгæ ныффыста, уым банысан кодта сылгоймаджы уæздан миниуджыты тыххæй: «На пользу всем, Трудясь с любовью, Взамен не требуя услуг». Шредерсы æмæ Къостайы фидар хæлардзинады тыххæй ма дзурæг у мæнæ ахæм цау дæр. Къостайы знаг Терчы областы хистæр, инæлар Каханов хæлар уыд Варварайы цардæмбал Владиславимæ. Æндæр бинонтæ сæхи интересты тыххæй сæхи атигъ кодтаиккой Къостайыл, фæлæ йын уыдон баззадысты æнувыд хæлæрттæй. Иу хатт уыд ахæм цау дæр – Къоста уыд рынчын æмæ хуыссыд Шредерстæм. Уыцы рæстæджы сæм уазæгуаты йæ цардæмбалимæ æрбацыд инæлар Каханов. Ма йæ райстаиккой, уый гæнæн дзы нæ уыд æмæ уæд Къоста цы хатæны хуыссыд, уый дуæрттæ сæхгæдтой. Æниу сæ Къоста йæхæдæг дæр хызта, æгæрыстæмæй, сæм Херсоны хасты куы уыд, уæд сæм иу фыстæг дæр нæ ныффыста, кæд Каханов Дзæуджыхъхæуы нал уыд, уæддæр. Фæлæ Керчы областы ног хистæр, инæлар Толстовы позици дæр бæрæг нæ уыд…

Арфæйы нысанæн Къоста сылгоймагæн балæвар кодта йæ конд ныв «Горянка», кæцыйы уый сæрыстырæй фенын кодта графиня Прасковья Уваровайæн, кæцы йæм уазæгуаты æрбацыд Цæгат Кавказы йæ археологон экспедицитæй сæ иуы рæстæджы. Кадджын уазæджы цытæн Шредерс сарæзта æхсæвæр. Æрхонгæ уазджыты ‘хсæн уыдысты Дзæуджыхъæуы интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, поэт Хетæгкаты Къоста. Изæры официалон хайы, æмæ уазджыты Уваровайæн базонгæ кæныны фæстæ, Варвара Григолы чызг раргом кодта йе стыр бæллицы тыххæй, зæгъгæ, йæ фæнды хуымæтæджы адæмæн Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон библиотекæ байгом кæнын, фæлæ, дам, нæм фæрæзтæ фаг нæй. Куыд дзурынц, уымæ гæсгæ йын Уварова йæ фæнд сæххæст кæныны тыххæй радта бæрæг суммæ. Ацы библиотекæйы сæргъ Варвара Шредерс лæууыд йæ амæлæты боны – 1902 азы декабры онг.

1920 азы онг Дзæуджыхъæуы æхсæнадон библиотекæ хаста йæ бындурæвæрæг Варвара Шредерсы ном. Варвара Григоры чызг Дзæуджыхъæуы фæцард æрмæстдæр 10 азы, фæлæ ирд фæд ныууагъта адæмы зæрдæты. Уый цардæй ахицæн 1902 азы 23-æм декабры 50-аздзыдæй. Дзæуджыхъæуæн йæ амæлæты хабар ссис стыр маст, фæриссын кодта, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæтæ, уæлдай тынгдæр хъынцъым кодтой йæ ахуыргæнинæгтæ. Сывæллæттæ сæ уарзон ахуыргæнæджы чырыны фарсмæ лæууыдысты æртæ боны дæргъы кæрæдзи ивгæйæ. Йæ ныгæнæн боны хæрдзтæ йæхим райста горæты хицауад, фæстæдæр Дзæуджыхъæуы сфидар кодтой Шредерсы номыл горæтон дæс стипендийы. Ныгæд æрцыд  линейон аргъуаны кæрты (ныртæккæ Жуковскийы номыл сывæллæтты парк). Революцийы фæстæ аргъуан ныппырх, уæлмæрд скуы-нæг кодтой æмæ афтæмæй Шредерсы ингæн фесæфт. Фæлæ абоны онг дæр Варвара Шредерсы рухс ном мысынц РЦИ-Аланийы Национ зонадон библиотекæйы. Уым йæ номыл схуыдтой стæм чингуыты хайад, æниу  уый у стырдæр кады аккаг. Октябры революцийы фæстæ кæд Цæгат Ирыстоны бирæ библиотекæтæ байгом сты, уæддæр Шредерсы библиотекæ баззад приоритетонæй æмæ хуыйны Централон зонадон библиотекæ, кæцы, хъыгагæн, хæссы йæ бындурæвæрæджы ном нæ, фæлæ Кировы ном, кæцы йæм æппындæр ницы ахаст дардта. Ацы библиотекæ 70-æм азты онг уæвынад кодта, Варвара Шредерс ын йæхæдæг цы бынат равзæрста, уым. Абон библиотекæ ис Терчы былгæрон стыр бæстыхайы.

Библиотекæйы коллектив æмæ горæты æхсæнад иу æмæ дыууæ хатты нæ сæвæрдтой фарст Дзæуджыхъæуы сæйраг библиотекæйæн Шредерсы ном радтыны тыххæй. Кæд библиотекæйы бындурæвæрæг цардæй раджы ахицæн, уæддæр Варварайы тыххæй мысынад азтæ куыд цæуынц, афтæ нæ нымæг кæны, Хетæгкаты Къоста сылгоймаджы цытæн цы ныхæстæ ныффыста, уыдонау: «Эх, была ли святая Варвара Бесконечно добра, так, как Вы?».

Рацыдысты азтæ… Ныппырх Хаххон аргъуан, бахъахъхъæд не ‘рцыд æмбонд, кæрдæджы бын нæ фæцис Варвара Григоры чызджы уæлмæрд, уымæн æмæ нал ис йæ ингæн. Фæлæ цæры æмæ рухс кæны уый бындур цы Национ зонадон библиотекæйæн æрæвæрдта, уый, кæцы 2020 азы банысан кодта йæ сырæзты 125 азы. Библиотекæ 1,3 милуан фондимæ, æцæгæй дæр, ссис «рухсады, сæрибардзинад æмæ уарзондзинады аргъуан». Библиотекæ, цыран абоны онг дæр цæры æмæ рухс кæны йæ бындурæвæрæг «рæсугъддзинад æмæ зонындзинæдты фыццаг фидиуæг» Варвара Шредерсы уд.

 Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.