Нæ рагфыдæлты хорзы кой дардыл раджы айхъуыст, дунейы адӕмтӕ дис кæнынц, историйӕ нӕм чи ӕрхӕццӕ, уыцы къухæй конд æвæджиауы рæсугъд дзаумæттыл. Фæлæ уыдæттæй ноджы зынаргъдæр сты, нæ фыдæлтæй нын цы бирæ ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ зонындзинæдтæ баззад, уыдон.

Нарты эпос нын цы нæрæмон фыдæлтæ ныууагътой, уыдон махæй бирæ хуыздæр зыдтой дунейы сконды сусæгдзинæдтæ. Уыдон ӕцӕгдӕр  æмзонд æмæ æмвынг уыдысты зæдтæ æмæ дауджытимæ. Æмæ уыцы æвæджиауы зонындзинæдтæ уыдон ныффæдзæхстой сæ фæстагæттæн – махæн – сæ  æгъдæутты, бæрæгбæтты, æмæ уагæвæрдты.

Уыдон тынг хорз зыдтой, афæдзы мидæг кæцы сæрмагонд бонты, цæмæй æмæ куыд хъæуы бакувын, цы æмбæлы бацæттæ кæнын, цæмæй бинонты æмæ æгас æхсæнады цард бæркадджын уа. Цы фæтчы æмæ цы нæ фæтчы кæнын, цæмæй ма фæрæдийай æмæ Хуыцауæн уарзон уай.

Хæхбæсты уавæртæ кæд цыфæнды тызмæг æмæ зынвадат уыдысты, кæд дзы адæймаг иудадзыг уæззау куыст кодта, уæддæр ирон хъæуты цард тынг аив æмæ цымыдисаг уыд мидисджын æмæ рæсугъд æгъдæутты фæрцы. Уыцы æгъдæутты уагæвæрдтæ æмæ царды фæтк æххæст кодта алчи дæр.

Ирон Æгъдау домдта кад кæнын хистæрæн, сылгоймагæн, кæстæрæн, уазæгæн, æххуыс кæнын. Æгъдаухалджытыл, ирон уæздандзинад æмæ рæсугъд миниуджытæ сафæгыл та-иу бакодтой хъоды.

Бæрæгбон гуырын кодта царды монц æмæ ахадыдта æгас хъæубæсты цардыл дæр. Ирон æгъдæуттæ бæрæгбонмæ хуынд адæмы æмзæрдæ кодтой æмæ сæ æрдзимæ бастой. Уыцы иудзинад сæ кодта цӕрдхъом æмæ цардбæллон. Фыдæлты хъуыдымæ гæсгæ, афæдзы афонтимæ баст бæрæгбæттæ афтæ арæзт уымæн сты, цæмæй адæймаг æмæ æрдзы æхсæн уа иудзинад. Афæдзы дæргъы ирон адæммæ уыд тынг бирæ бæрæгбæттæ. Сæ иутæ уыдысты афæдзы афонтимæ баст, иннæтæ та уыдысты кадджын дзуæрттæм кувыны бонтæ. Се’ппæтмæ дæр хъæубæстæ кæддæриддæр кастысты бæрнон цæстæй æмæ дзы архайдтой зæрдиагæй. Бæстон æххæст кодтой тынг бирæ арф мидисджын, табуйаг фæткæвæрдтæ. Æгъдаумæ лæмбынæгæй сæ хъус дардтой хистæртæ.

Афтæ, тынг цымыдисаг у рагон уалдзыгон бæрæгбон Рӕстӕйы бон. Рæстæйы бæрæгбон фæкæнынц Стыр Тутырты бæрæгбоны къуырийы, цыппæрæмы. Уый у сылгоймæгты бæрæгбон. Раджы заманы уыд тынг кадджын. Абон дæр ма йæ бирæтæ зонынц. Уый у афæдзы мидæг иунæг сæрмагонд бæрæгбон, сылгоймæгтæ сæхæдæг хицæнæй бакувынмæ куы  æрбамбырд вæййынц. Йæ ном у ныхас «рæстмæ»-йæ рацæугæ. Раджы заманы-иу ацы бæрæгбоны рæстæг, сæ чындздзоны кармæ цы чызджытæ бахæццæ сты, уыдонæн лæвæрд цыд разкъæртт къаба скӕныны æмæ се’фсымæрты, сæ хæстæджыты лæппутимæ хъазтмæ ацæуыны бар. Ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу у Кæхцгæнæн. Уый нæу зындгонд сыхаг адæмтæн, афтæмæй йæ уидæгтæ цæуынц дард незамантæй. Йæ кой ис Нарты кадджыты дæр. Бæрæгбоны ном «кæхц кæнын», амоны тынг рагон æгъдаумæ – ноггуырд лæппуйы мад-иу кæй æххæст кодта, уымæ. Кодта-иу æй афтæ. Кæхцгæнæны бонмæ ма-иу дыууæ къуырийы куы баззад, уæд фыццаг лæппу кæмæн райгуырд, ахæм ус-иу йæ сывæллонимæ ацыд йæ цæгатмæ. Æмæ-иу хъæдын къусимæ æрзылди йæ хиуæттыл, хæстæджытыл, цæмæй йын исты лæвæрттæ ракодтаиккой.

Чызджы фыд æмæ мад та-иу балæвар кодтой фыс кæнæ гал бæрæгбоны кусарт акæнынмæ. Æмæ уымæй æххæст цыд диссаджы арф мидисджын хъуыддаг – чындзыцыд сылгоймаг йæ цæгатæй, йæ фыдæлты дзуæрттæй йæхи нæ хицæн кодта. Йæ цæгаты, æрвадæлты фæллой нывонд кæнгæйæ Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæн, йæ райгуырæн хъæубæсты хъахъæнæг зæдтыл сабийы фæдзæхсгæйæ.

Чызджы фыд æмæ бинонтæ ма-иу фылдæр кад скæныны тыххæй сæ хæрæфыртæн балæвар кодтой байраг кæнæ бæх дæр, куыд фидæны хъахъхъæнæгæн, нæлгоймагæн. Æнæмæнг цы лæвар хъуамæ скодтаиккой цæгат, уый уыд авдæн. Уый амыдта сывæллонæн йæ мадырвадæлтимæ фидар бастдзиндмæ. Ома, йæ фыды хæдзары хъомылгæнгæйæ, ноггуырд лæппу рæздзæн æмæ хъаруджындæр кæндзæн йæ мадырвадæлты авдæны. Æмæ уым æмбæхст ис диссаджы арф, куырыхон мидис : мыггæгты кæрæдзиуыл бæттæг тугхæстæгдзинады æвдисæн.

Бирæ ис дзурын уыцы бæрæгбонты сусæгдзинæдты æмæ рæсугъддзинады тыххæй. Се’ппæт дæр сты символтæ хæссæг бонтæ, стыр арф мидисæй æххæст æмæ сӕ æнусты дæргъы бæрæг кодтой ирон адæм Иры алы кæмтты. Уыцы заманты фæлтæртæ фидарæй æууæндыдысты фыдæлты фæдзæхстыл æмæ фыдæй фыртмæ хъахъхъæдтой, цы æгъдæуттæ æрæййæфтой, уыдон. Фæлæ мах дуджы, алы аххоссæгты тыххæй, хæхбæстæ афтидæй афтиддæр кæнын райдыдта, æмæ уымæ гæсгæ тынг фæцудыдта нæ фарны мæсыг. Адæм сахарты раздӕрау нал æххæст кæнынц æппæт бæрæгбæтты.

Нӕ ирон кувинæгтæм куы æркæсæм, уæд кæуылты у сæ мидис, сæ нысан! Уæливыхтæ хуымæтæджы хæринæгтæ не сты, уыдон сты дунесконды рагон зонындзинæдты нысанхæссæг символтæ. Зиллакк у зæххы æппæтæй æххæст уæвыны æгæрондзинады æмæ кæронмæ арæзты нысан, æртæкъуымон та –  бæркаддæттæг зæххы ифтонгдзинады, дунейы фидардзинады æмæ ноггæнæг тыхты нысан. Нæ фыдæлтæм æртæ чъирийы нысан кӕнынц: Хуыцау, Хур æмæ Зæхх. Уæллаг чъири ракуывды фæстæ свæййы Хуыцауы комытæфдзыд æмæ дзы ацаходын кæнынц омменгæнджытæй тæккæ кæстæры, куыд æнæтæригъæддæры.

Уымæй уæлдай ирон адæм Ногбоны арæзтой Æртхурон-Хуры символ æмæ  алыхуызон басылтæ. Тутыры бонты куырдтæ арæзтой æфсæйнагæй æртæтигъонтæ, сылгоймæгтæ кодтой дзаумайыл сырх æндахæй дзуарæвæрд сынчытæ. Æппæт уыдæттæ уыдысты тыхдæттæг, хъахъхъæнæг символтæ.

Уæдæ цас ис нæ хæхбæсты табуйаг бынæттæ. Æмæ семæ баст æрдхæрæны таурæгътæ. Сæрддæргъы алы кæмттæм дӕр зæрдиагæй фæцæуынц дзуæртты бонты уырдыгæй ралидзгæ мыггæгты минæвæрттæ. Стыр дисы æмæ табуйаг æнкъарæнтыл æфтауы лæджы Лезгъоры Никколайы бæрæгбоны рæстæг. Ацы рагон хъæу æрбынат кодта айнæг хохы рæбынмæ хæстæг. Цæргæсы тыгъд базыры хуызæн дардмæ зынынц йæ мæсгуыты æмæ гæнæхты баззайæццæгтæ. Таурæгъмæ гæсгæ, абоны мыггæгты фыдæлтæн 5-6 сæдæ азы размæ уыцы куывддон бынат балæвар кодта хорæрзады бардуаг Никкола. 16-17 æнусы Бетанты мыггаджы фыдæл фыццаг хатт куы бахызт айнæг къæдзæхы Лæгæт-дзуармæ, уæд дзы баййæфта рагон кувæндон. Ацы зæххытыл кæддæр цы рагон фыдæлтæ цард (алантæ, царциатæ), уыдонæн дæр уый уыд сæ сыгъдæг кувæн бынат. Куыд райдыдтой Лезгъоры цæрджытæ Никколамæ кувын, уый тыххæй та баззад ахæм таурæгъ. Кæддæр Лезгъорæй дыууæ лæппуйы уацары бахаудысты. Ныккæндмæ сæ ныппæрстой æмæ сын сæ къæхтыл хъадамантæ сæвæрдтой. Уæд, зæгъы, иу æхсæв лæппутæй сæ иу, Бетанмæ, бадзырдæуыд: «Бетан, сыст æмæ ардыгæй цæугæ». Фехъал ис лæппу æмæ талынджы йæ разы ауыдта кæйдæр æмæ йæм сдзырдта: «Бæргæ цæуин æмæ мыл хъадамантæ куы ис». Дзуры та йæм ногæй æнæзонгæ лæг: «Уæдæ ма ракъахдзæф кæн». Лӕппу  ракъахдзæф кодта æмæ хъадаман йæхи æгъдауæй ахауд.

Лæг ныккæндæй куы рахызт уӕд цæргæс фестад æмæ лæппуйы уайтагъд  æфцæгмæ схаста. Уым ын йæхи раргом кодта Никкола æмæ йын бафæдзæхста æмбисонды кувыны æгъдау ӕххӕст кӕнын.

Бæрæгбон вæййы къуырисæры. Уый размæ цыппæрæмы хæлттæй бæрæггонд æрцæуы авд лæджы. Ацы лæгтæ бæрæгбоны райсомæй кусæрттаг, чъиритæ, æхсыр, бæгæны æмæ донимæ рараст вæййынц æфцæгмæ. Æрмахуыр, хæрзхаст кусæрттаг тæссаг къахвæндагыл йæхæдæг фæцæуы кувæндонмæ лæгты разæй. Чъириты сæрыл зынг æвæрд вæййы, ууыл та фиу фæсудзы, афтæмæй кувæндонмæ бацæуынц. Уырдыгæй дыууæйæ нывондимæ схизынц æфцæгмæ. Æфцæгыл нывондæн йæ туг суадзынц æмæ Никколайæн æртæ чъири æмæ физонæгæй скувынц.

Уый фæстæ кусарт æрхæссынц сæ фондз æмбалмæ, уым æй бакой кæнынц. Кувæндоны кувинæгтæ скувынц æмæ иу гыццыл абадынц. Бирæ нæ бафæстиат вæййынц, афтæмæй араст вæййынц хъæумæ. Уым се’рцыдмæ æнхъæлмæ фæкæсынц хъæубæстæ. Дзуары авд лæджы æрцыды онг кувæндонмæ ничи фæцæуы. Куы æрхæццæ вæййынц, уæд куывды хæдзарæй цалдæр лæджы рахæссынц диссаджы стыр тымбыл чъири (Хуры символ), алырдæм дæр метрыйас чи у, ахæм, йæ уæлæ æртæ раны æвæрд вæййынц æртыгай æртæдзыхæттæ. Уымæй уæлдай алы хæдзарæй дӕр рахæссынц фæйнæ æртæ æртæдзыхоны, сæ сæртыл зынг æмæ судзгæ фиу, афтæмæй. Раздæр-иу сæ хастой æртыкъахыг фынгтыл, абон та – тæбæгъты.

…Фыдæлты фарн у нацийы иугæнæг тых, удыхъæд сыгъдæггæнæг фæрæз, адæймагыл базыртæ садзæг, хорздзинадмæ йæ разæнгардгæнæг, йæ зæрдæйы ныфсы нæмгуытæ тауæг, сусæг хъару, æбæрæг хъомыс æмæ зонды хос. Йæ фыдæлтимæ йæ бастдзинады тæгтæ цы адæмыхатт фесафы, уый сидзæрау æнæныфс, æнæбон свæййы.

Хуыцау æрмæст ирæттæн бабар кодта æххæст кæнын уыцы-иу царды æмæ кувыны æгъдæуттæ æмæ сæ хъæуы не’ппæтæн дæр цæсты гагуыйау хъахъхъæнын. Цалынмæ ирон адæм хæхбæсты æнгом, æхгæд цард кодтой, уæдмæ сæ фæрæзтой сӕ рагон уагыл хъахъæнын. Хæхбæсты уыцы мидисджын, фæрнджын æмæ кадджын цард чи æрæййæфта, уый йæ никуыуал ферох кæндзæн æмæ йæ зæххы къорийы ницæуыл баивдзæн – уымæн æмæ сын сæ ныхмæ дунейы бæркæдтæй æппындæр ницы æрæвæрæн ис.

ЗАССЕТЫ Болат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.