Схонӕм ӕй фыццаг ирон скульптор. Скульптор уыд ӕви нӕ уыд, уый кой нӕ кӕндзыстӕм  – уый уыд, ӕгомыг дурты уд бауадзынмӕ арӕхсыны тыххӕй ирон адӕм легендӕтӕ кӕуыл мысыдысты, уыцы фыцццаг дорасӕн. Дорасӕн нысан кӕны дуримӕ кусыны дӕсныйад, фӕлӕ, цӕмӕдӕр гӕсгӕ ацы дзырд ирон терминологийы нӕ ныффидар, номдзыд Сослӕнбеджы амӕлӕты фӕстӕ дзы уадиссаг ничиуал пайда кодта ӕмӕ ферох.

Едзиты Дзигы фырт Сослæнбег райгуырди Ходы хъæуы. Йæ мад æмæ йæ фыд уыдысты фос æмæ зæххы куыстгæнджытæ. Сослæнбег каст фæци цыппар къласы Садоны. Сабийæ тынг бауарзта ныв кæнын, чингуытæ кæсын, музыкæ. Æхсæрдæсаздзыдæй кусын райдыдта Садоны шахтæйы. Йæ фыд куы фæзиан, уæд загъта: хъуамæ йын цырт мæхæдæг скæнон. Ацыди Петербургмæ, балхæдта ахорæнтæ, стæй нывгæнæджы кусæнгæрзтæ, грекъаг барельефты къопитæ. Стыр цырт скодта йæ фыдæн æмæ йæ сахуырста. Ныртæккæ дæр лæууы уыцы цырт Ходы уæлмæрды. Уый агъоммæ хъæуы цыртытæ нæ уыди. Хъæуы адæмæн цырт сæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ дзы кæмæндæрты лæвар скодта цалдæр цырты.

Уый фæстæ арæхдӕр райдыдта цæуын Петербургмæ. Иуахæмы та (уый уыдаид 1889-1891 азты) сыздæхти Петербургæй. Бирæ хæссинæгтæ йæм уыд æмæ уал сӕ Алагиры ныууагъта ӕмӕ Ходмӕ къахӕй араст хӕрӕг ракӕнынмӕ. Алагирӕй йæ уæргътимæ цыди фæстæмæ Ходмæ. Æхсæвы тæрккъæвда рацыд, æмæ Мызуры сæрмæ дурты лæсæн ракалди. Куы ’рбабон, уæд адæм фæндаг сыгъдæг кæнын райдыдтой дуртæй. Ацы ран Сослæнбег сæмбæлди Хетæгкаты Къостаимæ. Къоста уыди саргъы бæхыл. Дыууæ лæджы базонгæ сты, фæндаг сыгъдæг кодтой иумæ. Уæд Къостайæн йæ «Ирон фæндыр» рухсмӕ нæма рацыд, æмæ ахæм курдиатджын лæг у, уый бирæтæ нæ зыдтой. Сослӕнбег фӕстӕдӕр цалдӕр скульптурӕйы сарӕзта Хетæгкаты Къостайы мотивтыл. Къоста æмæ Сослæнбег уыдысты æмдугонтæ, карæй тынг нæ хицæн кодтой. Алкæмæн дæр дзы аивады уыд йæхи фæндаг, фæлæ ахъуыдыгæнæн ис: Къостайы нывтæ йын уыдысты дæнцæг сæрибар формæтæ фæлдисынæн. Сослæнбеджы «Æрхæндæг зæд» зæрдыл лæууын кæны Къостайы ныв уыцы номимæ, «Æргъомхæссæг сылгоймаг» та – Къостайы «Дондзау сылгоймаг».

Сослӕнбег Сындзыхъæуы райдыдта чысыл хæдзаргонд аразын. Куы срæвдз, уæд йæ бинонтæ ралыгъдысты уырдæм.

Иу рæстæджы Сослӕнбег йе ’мбæлттимæ ацыди Гуырдзымæ хæдзæрттæ æмæ систæ амайынмæ. Дыууæ азы фæстæ æрыздæхти фæстæмæ æмæ райдыдта дыууæуæладзыгон хæдзар аразын хуымæтæджы дурæй. Хæдзары раз сарӕзта чъырсудзæн. Райдыдта кулдуар амайын дæр. Арæх æм цыди Тауаситы Сослæнбег.

1910 азы хæдзар арæзт фæцис. Уынæг æм цыдысты бирæтæ. Иу хатт та йæм æрбацыдысты бельгиæгтæ. Бирæ фæкастысты хæдзармæ, уый фæстæ фынджы уæлхъус дзурын райдыдтой немыцагау. Дзырдтой, ацы лæг, дам, Бельгийы куы райгуырдаид, уæд йæ ном дардыл айхъуыстаид. Адвокат Дзиуаты Куыдзи бадти семæ, уый зыдта немыцаг ӕвзаг (юридикон скъола каст фæци Берлины), æмæ бельгиæгты ныхæстæ тæлмац кодта. Бельгиæгтæй иу афтæ, ахæм хæдзар æмæ кулдуар, дам, ам дæр æмæ Бельгийы дæр не ссардзыстут. Бельгиæгтæ ныууагътой сæ адристæ, ӕмӕ Сослӕнбегæн загътой, Бельгийы куы уай, уæд дын фысым уыдзыстæм, зӕгъгӕ. Хæдзармæ ма иу хатт фæкастысты, стæй бафарстой: цы хъуыды ис хæдзары барельефты. Сослӕнбег сын загъта, æз, дам, дæн Хуыцауыл æууæндæг лæг æмæ дзы равдыстон Уастырджийы хуыз, ирон адæм, дам, кувынц Хуыцау æмæ Уастырджимæ. Дыккаг нывы – ирон сылгоймаг фæндыримæ. Уарзын, дам, музыкæ, дзырдта сын, мæхæдæг дæр, дам, цæгъдын фæндырæй. Æртыккаг ныв: ирон сылгоймаг хъамаимæ, йæ фарсмæ –  нæлгоймаг. Сылгоймаг, дам, кæд хъамаимæ ис, уæддæр æй хъахъхъæнын хъæуы. Бельгиæгтæ йын бирæ арфæтæ фæкодтой, стæй ацыдысты.

Сослæнбег уыд æцæг гуманист. Мидхæсты заман, Сындзыхъæу урсытæ куы бацахстой, уæд нывгæнæг йæ хæдзары æмбæхста уырыссаг сырх командиры. Фæстæдæр хъæуы урсыты бынат сырхытæ куы бацахстой, уæд та Сослæнбег йæ хæдзары æмбæхста дыууæ уæззау цæф уырыссаг урс афицеры. Уыцы азты цы цаутæ æрцыд, уым Сослæнбег нæ хæцыд, кълассон принципмæ гæсгæ дзы цы дыууæ дунейы сæвзæрд, уыдонæй иуы фарс дæр. Сослæнбег уыди нывгæнæг, фæлдисæг æмæ æххуыс кодта, æххуысхъуаг чи уыд, уыдонæн.

Ралæууыди 1929 аз, райдыдтой колхозтæ аразын. Сослӕнбег колхозмæ радта йæ бæх, йæ уæрдон, йæ цуанон топп. Уыдон та йын «Книжка атеиста» радтой. Райдыдта колхозы аразджыты бригады кусын фæллойбонтыл. Цалдæр азы дзы бакуыста, фæлæ фæллойбонтæн ницы иста. Йæ хæдзары скодта тасмачъийæ пец, фæлæ суг цæмæй ластаид?.. Бинонты цæмæй дардтаид, уый нæ уыд æмæ горæтмæ ацыд. Цардис æмдзæрæны, куыста «Электроцинчы». Бакуыста дзы 13 азы. Стæй фæрынчын æмæ фæстæмæ хъæумæ æрыздæхти.

1933 азы скодта æххормаг аз. Сослӕнбегмæ уыди дзыппыдаргæ сыгъзæрин сахат – швейцариаг, ӕмӕ уыцы сахат æд рæхыс баивта бедрайы дзаг нартхорыл.

Цот ын уыди цыппар лæппуйы æмæ æртæ чызджы. Хистæр чызг мой скодта, иннæ амарди рæуджыты низæй. Æфсымæртæй дыууæ фæмард сты Фыдыбæстæйон Стыр хæсты. Æртыккаг æфсымæр каст фæци Мæскуыйы нывгæнджыты институт.

1936 азы Сослӕнбеджы æрцахстой, Къостайы сурӕт кæй скодта, уый тыххæй. Йæхæдæг афтæ дзырдта: баууæндыдтæн, газетты æмæ журналты цы фыстой, ууыл æмæ «фæрæдыдтæн». Дзырд радта, куы ма рацæуа ахæстонæй, уæд Къостайы сурӕт кæй никуыуал скæндзæни. Цыппар мæйы фæстæ йæ рауагътой.

1939 азы йын снысан кодтой пенси – 15 сомы, радтой йын хæрæг дарыны бар. Дыгуры комы Доныфарсы хъæуы кæмæндæр цырт скодта æмæ йын йӕ куыстмыздмӕ хæрæг балæвар кодтой. 1943 азы йын йӕ пенси байстой: хъæуы цæрджытæн, дам, не ’мбæлы пенси. Уӕд Сослӕнбег лӕдзӕг сарӕзта æмæ йыл ныффыста: «Работаю как эшак, а живу как дурак». Ис æм йæхи ныв дæр дурæй конд. Фыст ыл ис: 1943. Æндæр лæдзæгыл та ныффыста: «Богатый брат бедному враг, кто не верит тот дурак».

_____________________________

                      ХЪОДЗАТЫ Ӕхсар

 

ДУРТЫ СОНЕТ

Едзиты Сослæнбегæн

 

Уый уарзтой дуртæ. Загътой дзы лымæн.

Сæударæй сæм-иу Хурхормæ ыссыдис.

Бæгъæввадæй-иу се ’хсæнты фæзылдис…

Йæ Сарт, йæ Дзæбуг – Хин æмæ Кæлæн,

 

куыстой, æрттывтой, калдтой-иу тæмæн.

Æгомыг дурæй сусæг хъæлæс хъуыстис:

«Мæ туг дæ, ме стæг, хион дæ мæнæн».

Æмæ-иу лæгыл бафтыди цымыдис.

 

«Цы куыстай рагъыл,- фарстæуыд æй хъæуы,-

Сослан, Сослæнбег, дурæй гуырд, нæртон? »

Тыххæйты-иу ныуурæдта йæ кæуын:

«Уым дурты ’взагыл дуртимæ дзырдтон».

 

Ныр дугтимæ нæ бæгъæввад апостол

фæдзуры дуртæй йе ’рдиаг, йæ монцтыл.

_______________________________

1945 азы райдыдта Хурхоры Уастырджийы дурыл Уастырджийы хуыз кæнын. Хурхормæ цыди бæгъæмвадæй. Скодта къахвæндаг кувæндонмæ. Æххуыс ын кодта сындзыхъæуккаг Мæрзойты Сталин. Сослæнбег Уастырджийы хуыз куы арæзта, уæд æм-иу арæх æрцыдысты, фарстой-иу æй, чи дын радта ацы куыст, æхца дын чи фиддзæн æмæ а.д. Уый сын дзырдта: æхцайыл нæ кусын, хъыгдаргæ дæр никæй кæнын. Ӕниу Едзиты Сослæнбеджы биографийы легендæтæ фылдæр ис æцæг документтыл æнцойгæнæг цаутæй. Легендæтæ байдыдтой Ходæй. Мæнæ дзы иу – радзырдта йæ хъæуы зæронд цæрæг Рæмонаты Сона…

Тхосты рагон дурыл, хæлд скъоламæ хæстæг, ныр дæр ма фенæн ис, гæзæмæ чи зыны, ахæм нывтæ – дзæбидыр æмæ фыры сæр. Дурæн фæлтæргай у йæ конд, æмæ йыл цæрæгойты нывтæ уæллаг тарбын цъарæй æрхызтысты дæллаг урс цъармæ. Уыдонæн фенхъæлæн ис æрдзы æнахуыр хъæзтытæ, фæлæ, Сонайы ныхæстæм гæсгæ, ам фыццаг хатт æруад Сослæнбеджы сарт, Сослæнбеджы уды фыццаг хатт райхъал дорасæн. Ацы нывтæ, дам, дурыл æппæты фыццаг разындысты сæхигъдауæй, ома сæ «хъæуæн балæвар кодта Лæгтыдзуар йæхæдæг». Сослæнбег, дам, сæ æрмæст ӕргомдæр, ирддæр фӕкодта…

Сослӕнбег Хурхоры Уастырджийы дурыл фæкуыста суанг йæ амæлæты онг – 1953 азмæ.

1947 азы йæм æрцыдысты Аивады министрадæй æмæ йын йæ куыстытæй дзæвгар аластой. Æхца дӕр ын бафыстой æмæ дзы иу голлаг нартхор балхӕдта. 1948 азы та йӕм уазæгуаты фӕзынди Тауаситы Сослæнбег. Бирæ фæныхæстæ кодтой, йӕ къухтæм ын лӕмбынӕг фӕкаст ӕмӕ йын загъта хъазгæйæ, ацы сау къухтæ, дам, мæныл фæуæлахиз сты аивады. Уый уыди сæ фæстаг фембæлд Тауаситы Сослæнбегимӕ.

1949 азы йӕ фырт Геор каст фæци нывгæнджыты институт æмæ хъæумæ æрцыди Тугъанты Махарбегимæ. Сослӕнбегимӕ сæ къам систой иумæ. Махарбег ын йӕ сурæт скодта. Лæмбынæг ын фæкаст йӕ хæдзармæ, стæй йын  загъта, цалцæг кæнын, дам, æй хъæуы, уынынмæ, дам, æм цæудзысты, ирон адæм, кӕд, дам, нӕ фесæфой, уæд. Мæнæн, дам, мæ бон нæу æхцайæ феххуыс кæнын…

Ирон аивадиртасджытæ ӕмбӕлон ӕгъдауæй нæма раиртæстой Едзиты Сослæнбеджы сфæлдыстад, аргъгонд ын нæма æрцыд кæронмæ. Ӕгомыг дурты царды тых чи уагъта, уазал дуртӕн тугстӕг чи басгуыхт, уыцы номдзыд лӕгӕн ма йӕ кой дӕр фехъусӕм ныдзӕвӕггагӕй…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.