«Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе, уым ирон туг дæр ныккалд». Ацы ныхæстæ фехъусгæйæ, цæстытыл ауайынц тохы быдыр, æрыгон цæф салдæттæ. Бирæтæ дзы, сæ туджы мæцгæйæ, Ирыстоны кадыл хъуыдыгæнгæйæ, нæ рухс фидæны сæраппонд радтой се ‘взонг удтæ. Нæ бахæлæг кодтой, адæймагæн æппæтæй зынаргъдæр цы у, уый – цард.

О, ныккалд. Æнæвгъауæй, рæстагæй, æмæ… Фашистон Герман нæ уæды иумæйаг Райгуырæн бæстæм мæнгардæй куы ныббырста, уæд та ирон адæм дæр, сæ туджы фыдæлтæй чи бахсыст, уыцы традицимæ гæсгæ фæтагъд кодтой хæсты цæхæрмæ. Иуæй – уыцы традици, иннæмæй – нацийы фидæнмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæг чиновниктæ æгъатырæй скуынæг кодтой Ирыстоны фидæн. Нæ фарстой, ныййарæгæн цал фырты ис, чи ма уыдзæн йæ дарæг, йæ ныгæнæг. Цалфæнды дын уæд, уымæй никæй фарстой: Иууылдæр – фронтмæ!..

Хус кæрдзыны къæбæр дæр йæ хъуыры кæмæн нæ хызти, афтæмæй фондз сидзæры чи схъомыл кодта, уымæн дзы иу уæддæр хъуамæ ныууагътаиккой, фæлæ афтæ нæ уыд.

Æндæргъуызон дæр ма кæй уыд, уый дæр нæ басусæг: бирæ адæмтæ, цас сæ бон уыд, уымæй ауæрстой сæ нацийы сомбон бахъахъхъæныныл, фæлæ уый нæ уыд ирон адæмы туджы.

Æмæ раст уыд? Афтæ хъуыд?

О, раст уыд, афтæ хъуыд. Уымæн æмæ, хæстæй сæ адæмы æмбæхсджытæй тохы быдырмæ йæхи чи æппæрста, уыдон къаддæр куы уыдаиккой, уæд нæ уыдаид уæлахиз, уæд абон мах кæмæндæр уаиккам цагъартæ. Уæд, хæстмæ кæнын афон дæр кæмæн нæма уыд, афтæмæй тыхæй чи цыд фронтмæ, уыцы ирон лæппутæ кæцæй зыдтой, кæддæр сæ цард кæй сæрвæлтау лæвæрдтой, уыцы Райгуырæн бæстæ кæй ныппырх уыдзæн. Уый нæ, фæлæ ма сын сæ фæдонтыл, цы адæмы сæрыл мардысты, уыдоны иу хай туджы зæй рауадздзысты…

О, цал æмæ цал ныййарæджы баззад фæндаджы хъæбæрыл йæ хъæбулмæ æнхъæлмæкæсгæйæ. Цал æмæ цал æвзонг чызджы фæфыдæнхъæл кодта хæст. Фæлæ куыдфæнды ма уæд, уæддæр кæрон æрцыд уыцы æвирхъау сау бонтæн. Ирыстоны хæстонтæй, йæ хъул сахъ кæмæн абадт, уыдон æрыздæхтысты хæстæфхæрдæй, фæлæ уæлахиздзауæй. Сæ фæллад нæма суагътой, афтæ та ныллæууыдысты ног цард, сабыр дуг аразыныл. Сæ фæстиуджытæ адæмæй нæ уыдысты æмæ не сты рох. Уыцы куырыхон хистæрты рæнхъыты сæрбæрзондæй фæлгæсынц нæ Хъæбатыр ветерантæ. Кæд сыл азтæ сæ уæз æруагътой, сæ хæстон хъæдгæмттæ сæхион кæнынц, уæддæр нæ мынæг кæны сæ патриотон куыст фæсивæды ′хсæн. О, зонынц сын сæ хъæбатырдзинæдтæ, уымæн сын кæнынц ахæм аргъ дæр. Ахæм бæрæгбон нæ уыдзæн, кæм сæ не ‘рхъуыды кæной. Фæлæ, фондз азы дæргъы удуæлдай тох иумæйаг знаджы ныхмæ цы нациты кодтой, уыдон абон афтæ сæмтъеры сты æмæ нал ауæрдынц кæрæдзийы марыныл. Ногæй та нæ бахъуыд хæцæнгарз райсын, туг ныккалын. Нæ хæстон ветерантæ уæд афтæ æнхъæлдтой, æнустæм кæй басабыр сты сармадзанты хъæрзын, хæцæнгæрзты нæрын. Ууыл æууæндыд нæ хæстон фыссæг Чехойты Сæрæби дæр:

Æз мæ сау туг абон дæр ма калин,

Фæлæ не знаг къæхты бын фæцис.

Хæсты ныр цы туджы зæй ысмали,

Уыцы ран мæ туджы ′ ртах дæр ис.

Згъоры рæстæг. Тагъд та бæрæг кæндзыстæм Уæлахизы бон, æмæ ма нæм цы иугай ветерантæ баззад, уыдонæн уыдзæн мысæн бон. Кæрæдзийæн та фæкæндзысты сæ тохы хабæрттæ, æрымысдзысты, сау быдыры се ′мбæлттæй цы æдзард салдæттæ баззад, уыдоны рухс ном.

Афтæ уыд æмæ хъуамæ уа кæддæриддæр. Нæй сын рохгæнæн, уый хыгъд сын хъæуы аргъ, кад кæнын. Чехойы-фырт йæхæдæг дæр фæдзæхста, афтæ:

Курын æз, уæ куывды-иу нæ мысут,

Ахса мах æнусты дæргъы цæст.

Хорз-иу нын нæ цыртытыл ныффыссут,

Уадз, æвдисой фæлтæрæн нæ хæст.

Фæлæ куыд фæнды ма уæд, цыфæнды сау мæры дæр гага куы аппарай, уæд ауадздзæн таутæ, афтæ у адæймаджы цард дæр. Цыфæнды зындзинæдтæ ма бавзарæм, уæддæр та нæм фæзыны ногæй ныфсы цъыртт. Æмæ афтæ хъуамæ уа æнæмæнг дæр, тырнын хъæуы сæрибардзинадмæ, хæлардзинадмæ. Ирыстоны хæстонтæ æрыгонæй сæ удтæ дæр уый тыххæй радтой.

Къудухты Марина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.