Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади базонгæ ис Цхинвалы районы Къостайыхъæумæ æввахс уалдзыгон-быдырон куыстыты цыдимæ, кæцыты æххæст кæны Паддзахадон унитарон куыстуат «Ирагропромсервис».

Бынаты Хицауады сæргълæууæгыл фембæлд Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан, кæцы банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадон куыстуат тауы уалдзыгæнд хъæбæрхор Хъæууон хæдзарады министрадæн 200 гектары фæзуатыл.

«Тауынæн нын тауинæгтæ радтой нæ уæрæсейаг коллегæтæ. Уыдон сты хорз тыллæгдæттæг, фæлæ уыдон фаг не сты фермерон хæдзарадтæн. Уымæ гæсгæ мах сфæнд кодтам  ныр сæ байтауын, цæмæй фæззæгмæ райсæм  фылдæр тауинæгтæ, кæцытæ дих æрцæудзысты фермертыл. Мах æнхъæлмæ кæсæм 40 онг ног хъæууонхæдзарадон техникæмæ, кæцыты нымæцы ис культиватортæ, мæрхырызгæнæнтæ, комбайнтæ æмæ æндæр машинæтæ, кæцыты фæрцы быдырон куыстытæ уагъд æрцæудзысты гъæдджындæрæй», – загъта Мæргъи-ты Алан.

Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, афтæмæй Хицауады иууыл фыццаградон хæстæй сæ иу у аграрон фадыгæн æххуыс бакæнын фермерты бæрзондгъæдджын тауинæгтæй сифтонг кæныны тыххæй.

«Фæстаг дыууæ азы хуыздæр кæнынц фермерон хæдзарадтæн æххуыс кæныны мадзæлттæ. Фермерон хæдзарадты ахадындзинад æмæ уыдоны уагъд продукцийы гъæд фæбæрзонддæр кæныны фарст скъуыддзаггæнгæйæ, фыццаджы дæр, æнæмæнгхъæуæг у гъæдджын тауинæгтæй сæ сифтонг кæнын, афтæ ма сæ тауыны æмæ æфснайыны рæстæджы хъæууонхæдзарадон техникæйæ сифтонг кæнын, æмæ сæ рæстæгыл æнæ сæфтытæй бафснайын.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Хъæууон хæдзарады министрады сæйраг хæсты нымæцы ис паддзахадон хуымзæххыты, тауыны фæзуæттæ фæфылдæр кæнын, æмæ бынæттон базары фыдыбæстæйон хæлцадон товарты хай фæбæрзонддæр кæнын, хъæууонхæдзарадон продукцийыл æргътæ оптимизаци кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.