Куыд æппæт раздæры Советон Цæдисы тыгъдады, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр ныр 72 азы дæргъы нысан цæуы Стыр Уæлахизы бæрæгбон.  Æнæхъæн мæйы дæргъы  уагъд фæцæуынц алыгъуызон мысæн мадзæлттæ, куыд Цхинвалы, афтæ нæ республикæйы  алы районты дæр. Уыдонæн се ‘ппæтæн дæр сæ нысаниуæг у иу –  1941-1945 азты  Стыр Фыдыбæстæйон хæсты зын æмæ уæззау бонтæ зæрдыл æрлæууын кæнын, фæлтæрæй фæлтæрмæ адæттын  ирон хъайтарты нæмттæ.

Ахæм мысæн мадзал уагъд æрцыд Дзауы районы Синагуры хъæуы.  Мадзал уагъд æрцыд  Синагуры астæуккаг скъолайы директор Бестауты Аркадийы хъæппæрисæй.  Аркади йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй  ацы хъæусоветæй Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ ацыд 78 хæстоны. Уыдонæй  нал æрыздæхт 43 хæстоны, 35 хæстоны та æрыздæхтысты сæ Райгуырæн бæстæмæ чи цæфтæй, чи та – уонгцъухтæй. Ныртæккæ ма ам баззад æрмæстдæр иу ветеран – Декъаноидзе  Пъауле.  Пъауле райгуырд 1918 азы æмæ федта Фыдыбæстæйон хæсты дудгæбæттæ йæ райдайæнæй суанг йæ фæудмæ. Æрыздæхт фæстæмæ йæ райгуырæн Ирыстонмæ кад æмæ уæлахизимæ. «Абон нæ республикæйы къухдариуæгад бакодта стыр лæггад, нæ хъæуы ма цы иунæг ветеран баззад, уымæн, Декъаноидзе Пъаулейæн. Ногæвзæрст Президент Бибылты Анатоли уымæн æрбарвыста зынаргъ лæвæрттæ æмæ  кадджын майдан «Защитнику Отечества»,- загъта Бестауты Аркади. Скъолайы коллектив æмæ ахуыргæнинæгтæ, цытджын æгъдауæй бацыдысты Пъаулемæ хæдзармæ æмæ йын балæвар кодтой нæ Президенты æрвитæггæгтæ æмæ сæхи номæй та -дидинджытæ æмæ Георгийаг лентæ. Пъаулейæн ма йæ зæрдæ бахъæлдзæг кодтой ахуыргæнинæгтæ хæстон темæйыл фыст æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæй.

Пъауле, йæ хæстон бонтæ æрымысгæйæ, раарфæ кодта педколлективæн,  ахуыргæнинæгтæн æмæ загъта стыр бузныг нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн.  «Уал азы дæргъы-иу мын кæд мæ ном ссардтой, уæддæр мæнæн ахæм зынаргъ лæвæрттæ никуы  ничи бакодта. Уый тыххæй æз стыр бузныг зæгъын нæ ног Президент Бибылы фыртæн æмæ ма мæн тыххæй чидæриддæр бафыдæбон кодта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Макуыуал уæд хæст, мæнæ ацы чысыл рæзгæ фæлтæр макуы бавзарæд уыцы дудгæбæттæ. Нæ Ирыстоны дæр æмæ æппæт дунейы дæр кæддæриддæр уæд сабырад æмæ цины æнкъарæнтæй дзаг уæд уæ зæрдæтæ», – загъта Пъауле.   Пъауле ма скъоладзаутæн цыбыртæй æрдзырдта йæ хæстон цауты тыххæй дæр.

Уый фæстæ скъолайы педколлектив æмæ ахуырдзаутæ, араст сты Теделеты хъæуы Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты мемориалон комплексмæ æмæ уым ауагътой мадзал. Уырдæм, кæд æвзæр боныгъæд уыд æмæ уыд тынг цъыф, уæддæр æрæмбырд  сты хъæубæсты адæм. Афтæ ма уырдæм æрбацыдысты Синагуры хъæуы Арæнгæрон управленийы службæгæнджытæ дæр.

Ацы бынаты æвæрд сты цалдæр мемориалон цырты: уыдонæй сæ иуыл фыст ис, Фыдыбæстæйон хæстæй фæстæмæ чи нал æрыздæхтысты, уыдоны иумæйаг номхыгъд,  æмæ ма æрæджы та ам æвæрд æрцыд ног цырт – 18 хосдзауы номарæн цырт. «1941 азы нæ хъæубæстæм дæр æрбайхъуыст, зæрдæ кæмæй бакæрзыдта, ахæм уæззау хабар  райдыдта Фыдыбæстæйон хæст. Фæстæдæр нæ хъæуы æвзонг лæппутæ 18 сæумæрайсомæй ацыдысты хос кæрдынмæ. Уырдæм сæм æрбарвыстæуыд, хæстмæ сæм кæй сидынц, уый тыххæй. Уыдон кæрæдзимæ æнæсыбырттæй бакастысты æмæ иугай рараст сты уыгæрдæнæй. Сæ цæвджытæ та æрсагътой уыгæрдæны кæрон, ома, фæстæмæ тагъд зындзыстæм. Хъыгагæн сын хъысмæт æндæргъуызон тæрхон рахаста: уыдонæй иу дæр нал æрыздæхт фæстæмæ», – радзырдта Бестауты Аркади. Махæн, уыцы хъайтар лæппуты фæдонтæн, бар нæй, цæмæй сын ферох кæнæм сæ нæмттæ, ма сын æрдзурæм се сгуыхтдзинæдтыл Фыдыбæстæйон хæсты хайад исгæйæ. Уыдон лæууыдысты знаджы ныхмæ, мæлæты раз сæ сæртæ нæ къул кодтой. Сæ туджы фæстаг æртахы онг тох кодтой сæрибардзинады сæраппонд æмæ сæ къухты бафтыд Стыр Уæлахиз. Мах та сын хъуамæ ма рох кæнæм сæ нæмттæ, мысæм сæ æмæ сын кад кæнæм кæддæрид-дæр»,- загъта мадзалы райдайæны Бестауты фырт.

Уый фæстæ æрæмбырдуæвджытæ Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты ном ссардтой иу уысм æмырæй алæугæйæ æмæ Арæнгæрон управленийы  службæгæнджытæ фехстой цалдæр салютон æмæхсты.

Скъолайы ахуыргæнинæгтæ бакастысты хæстон темæйыл фыст æмдзæвгæтæ. Ирон æвзаджы ахуыргæнæг Бестауты Мери йæ ахуыргæнинæгтæ Декъанозты Динарæ æмæ Танделаты Анжелæимæ бацæттæ кодтой æмæ равдыстой Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъайы» æмæ Гулиты Андрейы «Хъæбатыры мæлæт».

Уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг Джиоты Залинæ æмæ  скъоладзаутæ азарыдысты  хæстон зарджытæ  «Катюша», «На поле танки грохотали», «Артиллерийский гимн» æмæ æндæртæ.  Сæххæст кодтой цалдæр кафты. Арæнгæрон управленийы службæгæнджытæ дæр азарыдысты цалдæр хæстон зарæджы.

Мадзалы кæрон æрæмбырдуæвджытæ цытджын æгъдауæй сæвæрдтой дидинтæ  Синагуры хъæусоветæй хæсты фæмардуæвджыты цыртытыл.

Банысан кæнын ма мæ фӕнды уый, ӕмӕ ам цы мемориалон цыртытӕ ис, уыдон кӕй сты уӕлӕнгай ӕмбӕрзт, ивӕрзынц сӕм фос ӕмӕ сын сӕ алыварс территори чъизи кӕнынц. Бестауты Аркади куыд зӕгъы, афтӕмӕй сӕ уый тынг тыхсын кӕны ӕмӕ хаты нӕ республикӕйы ног разамынадмӕ, цӕмӕй сын баххуыс кӕной ацы ӕвӕджиаг бынаты аив сӕмбонд кӕнынмæ.

 Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.