Уалдзæг… Дидинджытæ сæ хæрздæф æмæ рæсугъддзинадæй адæймаджы сæхимæ ’лвасынц, расыг æй кæнынц. Æрдзы æппæт дæр райхъал ис, райгас, фæлæ алы уалдзæджы æрбалæудимæ дæр æнкъардæуы рог æнкъарддзинад. Уалдзæджы мах æрæмысæм 1941- 1945 азы хæст. Уый æрбахъуызыд фæззæгау, сусæгæй, фæлæ цæугæ та, гуылфгæнаг денджызау, акодта хъæрæй. Хæст у тæссаг дзырд, уымæн æмæ йемæ хæссы туджы зæйтæ, зæрдæйы рис æмæ, чи бабын, уыдоныл æгæрон маст. Хæствæндæгтыл цы адæм рацыдысты, уыдон хорз бахъуыды кодтой хæстæн йæ цæссыг æмæ мастæйдзаг цæстытæ. Хæст милуангай адæмы кæй фесафы, канд уымæй нæу тæссаг. Уый сахъатджын кæны удыгæсты дæр, асæтты сын сæ психикæ. Цъæл стæджытæ, пырх æрхæджытæ фæриссынц æвзæр боныгъæды размæ, фæлæ уæддæр байгас вæййынц, сдзæбæх вæййынц. Фæлæ куыд байгас уа уды уæззау рис æмæ, тас æмæ тугæй амæхст, дæхи æмæ искæйы зæрдæйы арф хъæдгом?

Стыр Фыдыбæстæйон хæстыл бирæ ныффыстæуыд, бирæ йыл фæдзырдтой. Фæлæ æмткæй хæсты рæстдзинад равдисыны хъуыддаджы тæпп æрæвæрæн нырма раджы у, уымæн æмæ хæсты рæстдзинад æнæбын у. Мах, абоны фæлтæр, хъыгагæн, æви стыр амондæн, уыцы хæсты тыххæй зонæм æрмæстдæр кинонывтæй, чингуытæй æмæ, азæй-аз кæй нымæц къаддæр кæны, уыцы ветеранты мысинæгтæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст у уды егъау рис адæмы зæрдæты. Милуангай сабыр адæмтæн райдыдтой мастæйдзаг зын рæстæджытæ, фыдæвзарæнтæ æмæ хиуæтты азар. Æвидигæ марш «Прощание славянки»-йы зæлтæм цыдысты æнæкæрон æфсæддон эшелонтæ фронтмæ.

Æгæрон хъайтардзинад æмæ æгас дзыллæйы уаз уырнондзинад сæ фæстаг тыхтæй фервæзын кодтой æгас бæстæйы цагъар æмæ уацарæй. Рыстзæрдæ мадæлтæ, идæдз сылгоймæгтæ, сæхи ныффидаргæнгæйæ, фырæххормагæй зæрдæхъæрмттæгæнгæйæ, суткæгай лæууыдысты станокты уæлхъус, фронтмæ техникæ æмæ хæцæнгæрзтæ æрвитгæйæ. Алы хæдзары бинонтæн дæр ис бастдзинад ацы хæстимæ. Мæ радзырд уыдзæн диссаджы бинонтыл — Уалыты Спиридон Уасилы фырты бинонтыл. Хæст уый хæдзары фæрсты дæр нæ ахызт. Уый ацыд хæстмæ æмæ хъæбатырæй фæмард, Севастополы горæт хъахъхъæнгæйæ. Ныр дæр æй йæ хъæбултæ æрæмысынц стыр уарзт æмæ хъармзæрдæйæ. Бинонты нывты альбомы хæрзæфснайд сты йæ къамтæ.

Уалыты Спиридон райгуырд 1901 азы 5 майы Знауыры районы Хъорнисы хъæуы. Каст фæци йæ райгуырæн хъæуы скъола æмæ 1918 азы бацыд сырх партизанты къордмæ.

1929 азы хæцыд Хуссар Ирыстоны бригадæйы Бургъуыстаны хæсты. Хуссаристойнаг хæстонтæн сæ фылдæр хъæбатырæй фæмард сты. Уыцы аз сси ОГПУ-йы рæнхъон сырхæфсæддон.

Уыцыиу рæстæджы ахуыр кодта политскъолайы. Уый фæстæ йæ арвыстой Мæскуыйы горæты арæнхъахъхъæнджыты уæлдæр скъоламæ. Ардыгæй райдыдта йæ рæзт куыд офицерон сконды командæгæнæг. 1927 азæй 1933 азмæ службæ кодта Персы бæстæйы, уыд арæнхъахъхъæнджыты къорды сæргълæууæг. Раст уыцы рæстæджы бацыд Коммунистон партийы рæнхъытæм. Арæнхъахъхъæнджытæм фæслужбæ кодта 14 азы. Персы арæныл службæ кæнгæйæ, хорзæхджын æрцыд майданæй РККА-йыл 10 азы кæй сæххæст, уый цытæн æмæ æвзист портсигарæй ахæм фыстимæ «За самоотверженную работу по охране границ РСФСР», афтæ ма йын лæвæрд æрцыд «Коровина»-йы системæйы хæцæнгарз, æхсынмæ иттæг хорз кæй рæхст, уый тыххæй. Йæ службæйон номхыгъды фæстаг бардзырдтæй иу у, Уалыты Спиридон дæргъвæтин рæстæгмæ «низы аххосæй» службæйæ кæй ссæрибар, уый. Æцæгæй та уый нысан кодта, фæсарæнтæм æй развæдсгарæгæй сæрмагонд хæслæвæрды фæдыл кæй æрвитынц. 1929 азы рацыд аттестаци, куыд Персы арæнхъахъхъæнджыты сæргълæууæг æмæ нысан æрцыд, бæрзонд æфсæддон фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм офицерæй.

1939 азы йæм Хуссар Ирыстоны æфсæддон къамисариатæй æрсидтысты æфсадмæ, куыд кадрон афицер æмæ активон хайад райста польшæйаг компанийы.

1940 азы хæцыд урсфинтимæ, хайад иста Цæгат Украинæ æмæ Белоруссийы Советон Цæдисмæ æрбаиу кæныны компанийы дæр æмæ дзы æрыздæхт цæфæй. 1941 азы 2 июлы, йæ хъæдгæмттæ нæма байгас сты, афтæмæй бархионæй ацыд фашистон Германы ныхмæ хæстмæ. Сæрибарæй йæ бон уыд фронтмæ ма ацæуын, уымæн æмæ уыд уæззау цæфтæ, уыдис ын бирæ хорзæхтæ, йе ‘мбæлтты æмæ къухдариуæгады æнæфæцудгæ авторитет. Спиридон æй хорз зыдта, хæстмæ йæ кæй нæ ауадздзысты æмæ уымæн ацыд бархионæй. Хæдзары йын баззад цыппар хъæбулы: хистæрыл цыд 12 азы, кæстæрыл — 9 мæйы.

Æцæг хæстон фæлтæрддзинад райста, 1941 азы 17 декабры советон æфсæддонтæ Севастополы горæты сæрыл куы тох кодтой, уæд.

Æхсæз мæйæ фылдæр Уалыйы фырт акъоппæй не схызт. Уыдæттыл дзурæг сты йæ бирæнымæц фыстæджытæ, йе ’мтохгæн джыты, афтæ ма, Хуссар Ирыстонæй чи уыд йемæ, уыдоны мысинæгтæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ комбат Уалыйы фырт кæддæриддæр уыд фыццаг рæнхъыты, æппæты зындæр кæм уыд, уыцы бынæтты æмæ йæхи сæрмагонд дæнцæгтæй ныфс дæтта хæстонтæн.

Не ’ппæт дæр æй хорз зонæм, Хъырымы ссæрибар кæныны тохты 500-æй фылдæр Хуссар Ирыстонæй кæй уыдысты. Уыдонæй иу уыд Хъоцыты Константин, фæстæдæр Советон Цæдисы Хъайтар, йæ катер абон дæр лæууы Севастополы порты. Фæлæ 1942 азы 7 июлы Севастополы горæты тугкалæн тохы фæмард.

Командир Уалыты Спиридоны хъæбатырдзинад, куыд фæлтæрд æмæ ныфсхаст æфсæддон, афтæ фæбæрæг Сапунхохы тохты дæр. «…26 июны Сапунхохы уыд тынг сцырын хæст, фашисттæ æппæрстой бомбæтæ. Матростæ райдыдтой хъæды æрфытæм лидзын (мæхи цæстытæй йæ федтон). Ацы хæсты æртæ хатты фæцæф Уалыты Спиридон, знаджы ныхмæ йæ салдæттимæ куы лæууыд, уæд. Уый скуынæг кодта знаджы танкæтæй дыууæ æмæ дыууынæй фылдæр та ныхмæлæууæг салдатты æмæ афицерты».

Бæгуыдæр, хæстон цаутыл дзургæйæ, рохуаты нæ аззайынц сæрмагонд æртæкъуымонтæ фæсчъылдымы иунæг бастдзинад фронтимæ. Æмæ сæ кæм нæ фыстой: блиндажты, сыджыткъæсы, къæбæр хæрыны æмæ цыбыр улæфтыты рæстæджы. Æмæ сæм фæсфронт дæр куыд æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты! Алы ахæм фыстæг дæр у æцæг трагикон хъысмæт, хъæбатыр адæймаджы удыгас хъæлæс. Ахæм æртæкъуымон фыстæджытæ æрвыста Спиридон дæр йæ цардæмбалмæ:

«…Рæхджы мæм ма æнхъæлмæ кæс. Мах хъуамæ ныддæрæн кæнæм немыцæгты, Хъырым ссыгъдæг кæнæм удхортæй. Тагъд, тагъд æрцæудзæн ныгæд, Севастополь бацахсынмæ чи хъавынц, уыцы немыцæгты бал Хъырымы зæххыл. Тынг æгъатыр тох уыд, фæлæ сæ нæ æхсарджын æфсад фæсырдта…»

 

«Дæ бон хорз, мæ уарзон æмкъай!

Райстон дын сывæллæтты нывтимæ дæ зынаргъ фыстæг æмæ мын тынг æхсызгон уыд. Дæ фыстæг дын райстон акъопы. Иу мæйы бæрц та фæндагыл уыд. Зæгъын уын æхсызгон хабар: радтой мын дæлбулкъоны цин. Тох кæнæм фашисттимæ. Къуырийы дæргъы æппынæдзух пъатæ кодтон, цы ныв мæм æрæрвыстай, уымæн. Райсом уыдзæн æгъатыр хæст. Зын мын у, уый тыххæй фыссын, фæлæ ныв фæстæмæ фервитын ничи йæ зоны, цахæм фæстиуæг уыдзæн уыцы тохæн. Мыййаг куы амæлон, уæд мæ нæ фæнды, цæмæй мæ хъæбултæ мемæ зæххы мæрайы æмбийой. Фашистты лæгхортæм æнхъæлмæ кæсы мæлæт. Уæ фыд».

Уый уыд йæ фæстаг фыстæг…

Спиридоны чызг Уалыты Лидæйы ныхæстæм гæсгæ, йæ хистæр хо 1973 азы уыд горæт-хъайтар Севастополы. Уым ын иу сылгоймаг радзырдта, мæ фыды полкмæ бынæттон цæрджытæ куыд æнхъæлмæ кастысты — немыцæгтæ сыл æрхъула кодтой, горæтыл бафтыдтой арт. Хæствæллад адæм æнхъæлмæ кастысты æххуысмæ Стыр зæххæй. Уыцы сылгоймаг-фронтовик Спиридоны полк схуыдта «гуырдзиаг полк», афтæ йæ хуыдтой адæм. Æмæ уыцы «гуырдзиаг полк» æрхæццæ, æвддæс науæй ма удыгас цы дыууæ науы баззад, уыдоныл. Севастополмæ ма дзы бахæццæ æрмæстдæр дыууæ… «Дыууæ къуырийы денджыз уыд тугæй сырх-сырхид», — дзырдта уыцы сылгоймаг.

Сапунхохыл ис цырт фæмардуæвæг салдаттæн. Æмæ уыцы цыртыл мæ фыды мыггаг дæр ис. Ныр дæр мæ дисы æппары иу диссаджы фембæлд: мæ хо Сапун-хохмæ фæцæйцыд таксийыл. Хæдтулгæйы сæрибарæй скъæрдта кардзыд сылгоймаг. Бацамыдта йын, куыд æнцондæрæй бахæццæ уыдзæн горæтмæ. Мæ хо музеймæ куы бахызт, уæд къулыл ауыдта уыцы сылгоймаг-таксисты, Советон Цæдисы Хъæбатыры портрет! Бæргæ ма рагæпп кодта уынгмæ, цæмæй йын «стыр бузныг» зæгъа алцæйы тыххæй дæр. Стæй йæхи фæсмонæй хордта: цæмæннæ бафарста уыцы сылгоймаджы, чизоны исты зыдтаид нæ фыды тыххæй. Хорз бахъуыды кодта уыцы сылгоймаджы, фæлæ кæцæй ахъуыды кодтаид мæ хо, æмæ йæ йæ фыды цыртмæ Советон Цæдисы Хъайтар таксийыл йæхæдæг баласдзæн! Нæ хæдзары бинонтæ æгæрон амондджын сты ис нын, сæрыстыр кæмæй стæм, нæ фыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатыр хайадисæг кæй уыд, кæй йын зонæм кæм хæцыд æмæ кæм ныгæд у, æппæт уыдæттæ.

Уæлахиз… Уый уыд алкæйы бæллиц дæр. Æмæ уыцы уæлахиз æрцыд 1418 боны фæстæ. Фæлæ схъæлæй, хъæлдзæгæй нæ, — æнкъардæй, уымæн æмæ æгæр зынаргъæй бафтыд нæ къухы. Ныртæккæ мах цæрæм ХХI æнусы, фæлæ ХХ æнусы тæссагдæр цаутæй иу — Стыр Фыдыбæстæйон хæст хъуыды кæндзыстæм цæрæнбонтæм. Дæ ивгъуыдæн хъуамæ кад æмæ цыт кæнай.

Уæлахизæн стыр ахъаз уыд, фæсфронт адæм цы фæллойадон хъайтардзинад æвдыстой Стыр Уæлахизы сæраппонд, уый. Уый тыххæй мын радзырдта Лидия Спиридоны чызг дæр. Йæ фыды мад цард Хъорнисы хъæуы. Иууыл быдта цъындатæ æмæ уæлæдарæс, чысыл Лидæ та колхозы куыста, æмбырд кодта мæнæу æмæ уый дæр æрвыстой фронтмæ.

Фæлæ цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Сырх майданыл астæуккаг скъола фæуыны фæстæ Лидæ ахуырмæ бацыд горæт Тбилисы медицинон институтмæ. Æййæфта материалон цухдзинæдтæ, фæлæ, фидар уды сконды хицау æмæ быхсындзинадæй æххæст, ирон чызг мединститут каст фæци сырх дипломыл. Уæдмæ уыд чындзыдзыд, йе ’мкъай — Магкоты Мурат, уыдис сын чызг. Институт фæуыны фæстæ йæ лæгимæ ацыд Къуайсамæ. Йæ лæг куыста æрзæткъахæн управленийы фæскомцæдисон организацийы нымæрдарæй, йæхæдæг та райдыдта кусын терапевтæй, фæстæдæр — медицинон санитарон хайы сæйраг дохтырæй. Цалдæр азы фæстæ бинонтæ се ’ртæ чызгимæ цæрынмæ рацыдысты Цхинвалмæ. Йе ’мкъайы йын ракодтой Хуссар Ирыстоны облæххæсткомы индустрийы хайадмæ. Лидия та райдыдта кусын Профцæдисты советы дохтырæй.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы йæ бирæазон намысджын куысты тыххæй ГССР-йы Уæлдæр Советы Барамындмæ гæсгæ Лидæйæн 1986 азы лæвæрд æрцыд «ГССР-йы сгуыхт дохтыры» кадджын ном. У бирæсывæллонджын мад. Ис ын «1-аг къæпхæны Мадæлдзинады» æппæтцæдисон майдан. Уый лæвæрд цыд фæндзæм сывæллоны райгуырды фæстæ. Йæ хъæбултæ се ’ппæт дæр райстой уæлдæр ахуырад, сты аккаг гоймæгтæ, алчи дæр сæ у хорз специалист йæхи сæрмагонд къабазы. Лидæ тынг сæрыстыр у йæ чызджытæй. Ныртæккæ йын ис 10 хъæбулы хъæбулы, рæзынц йæ хъæбулты хъæбулты хъæбултæ дæр.

Кæд Лидæ бахæццæ йæ нæуæдзæм азмæ, уæддæр кусы Зæрæдты хæдзары дохтырæй. Раздæрау у фидар, хъæлдзæг, йæ æвæрццаг зæрдæйы уаг алкæуыл дæр парахат кæны, кæд зын цардвæндæгтыл рацыд, уæддæр. Иудзырдæй, тыхджын æмæ аккаг сылгоймаг.

Бафæндид нæ Лидæйæн фидар æнæниздзинад, бирæ тыхтæ æмæ, йæ алыварс адæмæн рæдауæй цы лæвар кæны, уыцы энергийы æгæрондзинад.

Цхуырбаты Татьянæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.