Хæст… Фыдыбæстæйы Стыр Хæст. Йæ коймæ дæр баризы адæймаджы зæрдæ. Цал æмæ цал хæдзармæ æрхаста фыдбылыз, æнамонддзинад? Цал мады ныууагъта уарзон хъæбулыл зæрдæхалæн хъарæггæнгæ?  Цал сылгоймагæн бавзарын кодта идæдзы уæззау хъысмæт æнахъом сабитимæ?

Рагæй фæстæмæ дæр ирон адæммæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнын уыдис нæлгоймаджы кадджындæр æмæ ахсджиагдæр хæстæй иу. Уый уæлдай тынгдæр рабæрæг æмæ уæлдай ирддæрæй разынд, нæ бæстыл сау калм куы æртыхстис, уæд. Ам æппæт ирон адæм дæр равдыстой сæ иузæрдиондзинад  Райгуырæн бæстæйыл.

Нæ чысыл Хуссар Ирыстонæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ ацыдысты 22 мин хæстоны. Сæ фылдæр уыдысты, нырма царды ад чи нæма банкъардта, ахæм æрыгон лæппутæ. Уыди дзы чындздзон чызджытæ дæр.

 Цыппар азы дæргъы советон адæм фæцыдысты хæстон фæндæгтыл. Уымæн æмæ зæрдæйæ уарзтой, æцæгæй аргъ кодтой се стыр Фыдыбæстæн. Райгуырæн бæстæйы раз иу уыд сæ хæс – цыфыддæр знаг хъуамæ  саст æрцæуа. Цагъары бæсты – мæлæт!

Æмæ иннæ адæмты æмрæнхъ æрлæууыдысты ирон адæм дæр. Уæндонæй ныззарыдысты тохы зарæг.  

Тохы зарæг систой Иры поэттæ æмæ фысджытæ дæр. Уыдон цыдысты хæсты цæхæрмæ – бирæтæ бархи, барвæндонæй. Цыдысты æрцу æмæ ма рцуйы фæндагыл.  Уыдон сæ цард æмæ курдиат нывондæн æрхастой Фыдыбæстæ, Сæрибар æмæ Намысæн.

Бирæтæ дзы царæфтыд баисты – се ‘нæфыст зарджытæ ахастой семæ. Иннæтæ тохвæлладæй æрыздæхтысты сæ фыдыуæзæгмæ. Куыстой æмæ кусынц нæ адæмы удварнæн.

Уыдонæй сæ иу, йæ Фыдыбæстæ, йæ мадæлон æвзаг, йæ раттæг адæмы æгæрон уарзтæй чи уарзта, ирон æцæг поэт, прозаик, драматург, литературон критик æмæ æцæг лæгау лæг Гафез ( Гаглойты Федыр Захары фырт)

Уый  фыццаджы-фыццаг уыд йæ адæмы фырт æмæ уыцы ном кæрæй- кæронмæ фæхаста бæрзонд.   Йæ зæрдæйы рис уыдысты йæ адæмы сагъæстæ, йæ цин – йæ адæмы цинтæ.  Хистæртитмæ – хистæр, кæстæртимæ – кæстæр, афтæмæй фæцард йæ адæмы ‘хсæн.  Йæ алы уæнджы алы гъдау, уæздан, æмгаруарзаг.  Бахъуаджы сахат та – карз.

Стыр  Фыдыбæстæйы хæст куы райдыдта, уæд Федыр  дæр ацыд тохы быдырмæ. Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау карз хæстыты Гаглойы-фырт йæхи равдыста хъæбатыр æмæ сæрибарыл тохгæнæг поэтау æвзыгъд, ныфсджын æмæ уæндонæй.

Иу хатт  уæззау тохы фæмард Федырæн йæ командир. Политкусæг Гаглойты Федыр ын уайтагъд йæ хæстæ райста йæхимæ. Хæстонты йæ фæдыл тохмæ акодта ныфсджынæй. Æмæ цас æмæ цас уыдысты уыцы хъæбатыр тохтæ!

Гафезы поэзи  иртасджытæ дзырдтой, зæгъгæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы æрмæст йæхæдæг нæ ахæццæ ацæргæ лæджы кармæ,фæлæ уыцы кармæ ацыд йæ поэзи дæр.

Гафезæн йæ поэтикон хъæлæс сфидар ис æмæ сфæлтæрдта хæсты азты. Уыцы рæстæджы фыст уацмыстæ йын рацыдысты хицæн чиныгæй 1948 азы, «Адджын у цард», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ.

Поэты лирикон герой йæ сæр нывондæн хæссы Райгуырæн зæхх бахъахъхъæныны сæраппонд. Райгуырæн зæхх ын у мады синоним, патриотизм, хæстон лæгдзинад æмæ ныфсы гуырæн:

Нæ зонын æз, атакæйы хæд размæ

Кæмæ цы фæндтæ февзæры,æрмæст       

 Мæнæн мæ хъуыды атæхы Кавказмæ, –

Мæ уарзон Иры ауыны мæ цæст…

  Æмæ мын уый цахæмдæр ног тых ратты,

  Антейау мын уæд нал вæййы мæлæт!

Гафезы лирикон герой тугкалæн хæсты дæр нæ фесæфта йæ адæймаджы миниуджытæ. Уый фыссы йе’ мтохгæнæджы сау хабар йæ бинонтæн:

           Салдаты мадмæ сау гæххæтт фыссын:

           «Дæ фырт …» – мæ сис мæ къухы ризы,

           Цыма мæхи зынг ацы уысм хуыссы,

          Мæ зæрдæ тоны, риссы.

Гафезы поэт – салдат у тыхджын, лæджыхъæдджын, ныфсджын, фæлæ уыимæ – зæххон.  Йæ лирикон хъайтар цард æнкъары æмæ йын аргъ кæны, куыд у, афтæмæй.

 Куыд у, уымæй та Хъазиты Мелитоны загъдау, адæймаджы зæрдæ нырризы, æмдзæвгæ «Фæцæуынц сабитæ уынджы» кæсгæйæ:

Фæкæнынц сабиты уынджы, æрцытæ сæм дарынц.

Фæлæ сæ ызмур удтæ хъуыды дæр нæ кæнынц.

Æрмæстдæр сæ иу, –

Уылынджыйас – бецъа

сæвнæлдта арцæн йæ фындзмæ,

хæцы йыл æмæ гаккæй цæуы,

 цыма йæ мадæн

 йе ‘нгуылдз æрцахста,

  нæ йæ уадзы, –

  йемæ цæуы.

  Ахæм зæрдæрисгæ ныв фенгæйæ, зæххон æгъатырдзинад æмæ поэзийæ йе мдзаг уацмыс, йæхицæй нал ауадзы чиныгкæсæджы.  Бахауы уацмысы уацары. Уый поэтæн йе стыр курдиатыл дзурæг у.

Федыр у, Фыдыбæстæйы хæсты быдыры ирон фысджытæй иууыл хъæбатырдæрæй чи тох кодта, уыдонæй иу.  Йæ хæстон æхсардзинады тыххæй йын саккаг кодтой Сырх Стъалыйы орден æмæ бирæ майдантæ. 1943 азы уæззау цæф фæци æмæ хæцынæн нал сбæззыд. Æфсадæй йæ куы суæгъд кодтой, уæд æрыздæхт йæ райгуырæн Хуссар Ирыстонмæ æмæ та кусын райдыдта облæстон газеты.

 Гафез зæрдæйæ аудыдта ирон литературæйы рæзтыл, йæ кæстæртæй сфæлдыстады чысыл зынджы стъæлфæн дæр кæмæ хатыд, уыдоныл кæддæриддæр æнгом хæцыд йæхимæ. Никуы фæллад семæ кусынæй. Уыдон йæ хæлæрттæ уыдысты цæгаты дæр æмæ хуссары дæр.

Хæсты уæззау азтæ, удуæлдай æхсæнадон куыст бирæ хъару, бирæ æнæниздзинад байстой Гафезæй, фæлæ уæддæр уæхскуæзæй фæкуыста нæ литературæйы кæрæй-кæронмæ, æмæ йе ‘цæг дунемæ ацыд курдиатджын фыссæгæй. Цы литературон фæллæйттæ ныууагъта, уыдон ирон адæмы зæрдæйы никуы рафтдзысты, уыдон уыдзысты нæ сæрыстырдзинад…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.