Дзырд та адæймаджы куыннæ хъуамæ бауырна, фæлæ йыл ацы хатт ирон адæм уæддæр тынг нæ баууæндыдысты. Ау, уый та куыд, цæй тыххæй нæм бырсынц!?

Ӕцæг, дзырд куыд уыдысты, афтæ 16-æм ноябры не ‘рбацыдсты. 17-æм ноябры та уыд Гуырдзыстоны ССР Сæйраг Советы сесси. Стыр ныфс сæ уыд уым ахсджиаг уынаффæтæ рахæссынæй. Иттæг карз ныхæстæ та рауад уым дæр  Хуссар Ирыстоны автономон областы фæдыл. Уыдис дзы, йе скуынæг кæныны тыххæй кардæлвæстæй чи лæбурдта, ахæмтæ дæр. Уæдæ дзы мидхæстмæ сидджытæ дæр фæзынд. Уалынмæ æрбайхъуыст ахæм хабар: 23 ноябры “сабыр митинг” аразынмæ æрбацæудзысты Калакæй цалдæр мин адæймаджы. Адæм скатай сты. Дыууæрдыгæй дæр кæрæдзимæ райдыдтой минæвæрттæ æрвитын: цы сæрæн нæ бахъуыд ахæм митинг? Фæлæ гуырдзиаг экстремистты саркал Гамсахурдиа фидарæй загъта: “Ӕнæауадзгæ йын нæй, ис нæм дзуринæгтæ!” Йæ фарсмæ бадт Гуырдзыстоны адæмон фронты сæргълæууæг Натадзе æмæ  фæхъæр ласта: мæ зæхх, дам. Нæ зæхх дæр нæ, фæлæ дам, Хуссар Ирыстон мæ зæхх у æмæ, дам, кæд Ир мæн куыд фæнды, афтæ кæндзысты, уæд хорз, кæннод сыстæнт æмæ афардæг уæнт! Ацы ныхæстæм ма лæмбынæг æркæсут, кæддæра уын  20-æм аз уæ зæрдыл не  ̀рлæууын кæной. Уæддæр нæ тынг нæ бауырныдтой йæ ныхæстæ. Фæлæ куыд нæ хъуамæ бауырныдтаиккой ирон адæмы гуырдзыйы саркал  Гамсахурдиайы ныхæстæ. Уый рухæны мæйы 1989 азы Эреды хъæуы цы митинг уагъта  Ирыстоны æмæ ирон адæмы ныхмæ, уым  карзæй дзырдта: “Ӕз, горæт Цхинвалы астæу ауадздзынæн митинг, æмæ уый фæстæ гуырдзиаг цъылынæй асæрфдзынæн ирон адæмы Ручъы тъунелæн иннæ фарсмæ æмæ сæ фервæздзыстæм”.

22-æм ноябры Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Георгадзе Чъребамæ æрбацыд, æрæмбырд кодта хицауады æмæ сын загъта: кæд мæ марды сæрты рахизой, æндæра сæ зæгъгæ, æз не ‘рбауадздзынæн, фæлæ, уæддæр хъуамæ цырддзаст уат, æниу, сæ тæрсгæ мацæмæй кæнут.  Ӕмæ нын сæ кæд ницы тас уыд, уæд цæмæн дзырдта, мæ удæгасæй уыдон æз ардæм  не ‘рбауадздзынæн.

Ӕмæ мæнæ ноябры 23-æм бон. Фæсæмбисбон уыдис, адæм горæты уынгты тыгуыртæ кæнын райдыдтой. Мидæфсæддонты къорд уæдмæ театры раз фæзуаты  рæнхъæй слæууыд. Уалынмæ хурскæсæнырдыгæй æрбатахт иу верттæхæг, горæты сæрты цалдæр зылды æркодта æмæ фæстæмæ йæ фæд-фæд аздæхт.  Раст ма 20-æм азы меньшевикты æфсад дæр сæ хæдтæхæг разæй афтæ æрбарвыстой. Туг уарын уый фæстæ райдыдта Ирыстоныл. Сæ чъизи тугæйдзаг къухтæй басыгътой  Дзауы ком, ирон адæм та сыстадысты æмæ лидзинаг фесты сæ хъарм артдзæстытæй Цæгат Ирыстонмæ.

Уымæй бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ Згъудеры къуылдымæй, Тбилисæй Чъребамæ “сабыр митинг” аразынмæ цы 400 «Икарус» автобустыдзаг адæм æрбацыд (иннæ машинæтæ нымады не сты), уыдон æрбазындысты.  Сæ разæй цыдысты Гуырдзыстоны ЦК компартийы фыццаг секретарь Г.Гумбаридзе æмæ мидхъуыддæгты министр Ш.Георгадзе. Уæддæр иу хуыцау хорз, æмæ нæ лæппутæ иу-дыууиссæдзы бæрцæй горæтмæ æрбахизæны Згъудеры фæхæрдгæнæны сæ размæ фесты. Сæ кæрæдзийы цæнгтыл æрхæцыдысты афтæмæй сæ ныхмæ уæйгуыты лæуд æркодтой æмæ æнæсанкцигонд митинггæнджыты Тройаг бæх йæ мидбынаты фæсæццæ, размæ акъахдзæф кæнын æй нал бауагътой.

Хъуамæ нæ адæм уыцы цалдæр ирон лæппуйæн æнусбонтæм арфæ кæной, кувой сын сæ лæджыхъæдæн, сæ нæмттæ фыст æрцæуой нæ хæдбардзинады сæрыл тохгæнæг ирон адæмы тугхъулон историйы сыфтыл.  Афтæ зæгъæн ис, æмæ уыдон сæ риутæй бахъахъхъæдтой  сæ адæмы кад æмæ намыс,  нæ адæмы фидæн, нæ адæмы цард. Уыцы бонæй фæстæмæ Ирыстоны сæрвæлтау нæ зæххыл бирæ хъæбатыр фæсивæды туг ныккакалд. Уæдмæ фæдис дæр æрбахæццæ сты, фæзынд мидæфсæдтон хæйттæй дæр иу къорд æмæ 60 000 бæрц Чъребамæ лæгæрдæг гуырдзиаг “сабыр митинггæнджыты” бахъуыд дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæвы уым арвитын. Гуырдзиаг неофашисттæ домдтой, цыфæндыйæ дæр сæ горæтмæ куыд бауагътаиккой æмæ уым сæйраг фæзуаты “митинг” куыд сарæзтаиккой, уый. “Митинггæнджыты” сæрмæ фæйлыдтой Жорданияйы меньшевикон хицауады тырысатæ, 20-æм азы Хуссар Ирыстоны адæмæн геноцид цы тырысаты бын расидтысты, уыдон. Ӕппæты разæй та хастой лозунг: Хуссар Ирыстон дæр нал, фæлæ “Самачабло-Гуырдзыстонæн”. Ирыстон æмæ ирон адæмы номыл хъæр кодтой æнæфсарм ныхæстæ. Уæдæ адæттæй дæр бæрæг у, се  ̀рбацыды нысан цы уыди, уый.

“Митинггæнджытæ” Чъребамæ æрбацæуæны 10 км бæрц цы фæндаг бацахстой, уым сæ астæуты рацыдысты нæ бæлццæттæй бирæтæ æмæ уыдон се  ̀ппæт дæр æмдзыхæй дзырдтой, зæгъгæ, “митинггæнджытæ” хæрз стæмты едтæмæ, се ̀ппæт дæр сты хотыхджын. Сæ саркал Гамсахурдиа “уаритæ” кæй рахуыдта, уыдон дæр – семæ, алкæй цонгыл дæр сæ, бæрæг дарыны  тыххæй лентæ баст уыд. Уый дæр æмбæрстгонд у, цæмæн.  Диссаг ноджы уый уыд, семæ кæй ракодтой æнахъом сывæллæтты сидзæрдонæй. Цымæ уыдон та цæмæн? Уыцы рæстæджы тынг базмæлыдысты Чъреба æмæ йæ алыварс цæрæг гуырдзы дæр, сæ тырысатæ сдардтой æмæ сыл æмбæлдысты цины хъæртимæ.

Хуссар Ирыстонмæ алырдыгæй фæдис цæуын райдыдтой – скæсæнæй, хуссарæй, ныгуылæнæй. Ам Знауыр æмæ уæлдайдæр Къуайса равдыстой стыр лæгдзинад. Фынæй нал уыдтой адæм, æхсæв уа – бон, уазал нæ хынцгæйæ, Чъребамæ æрбацæуæнты æртытæ скодтой æмæ горæт, Ирыстон хъахъхъæнæг слæууыдысты. Тынг хорзæй хъуыды кæнын горæты адæм куыд лыгъдысты горæты æрцæуæнмæ. Къухбатъыссæн дзы нал уыд.  Адæймаджы зæрдæ ныддур. Ӕризæр, æнхъæл дæн дыккаг æхсæв уыд, афтæ дардæй райхъуыстысты хæцæнгæрзты æхстытæ æмæ адæмы хъæлæба. Кæй зæгъын æй хъæуы тынг фæтарстæн. Нæ сыхы ма цы адæм баззад уыдон дæр æдтæмæ рахызтысты, тыхстæй рауай-бауай кодтой. Цы йын зыдтам, нæ фыдæбæттæ уæд райдайдзысты.

Ӕппынфæстагмæ, дыууæрдыгæй фарс дæр сразы сты æрцæуджытæй 300 лæджы æрбауадзын æмæ уыдонимæ аныхас кæнын. Фæлæ уый куы базыдтой семæ хæцæнгарз хæссынц æви нæ, уый бæрæг кæндзысты, уæд сæ фæнд аивтой. Горæтмæ æрбахизынæй сын кæй ницы  рауайдзæн, уый куы бамбæрстой, уæд фæстæмæ аздæхтысты. Ома, аздæхтысты фæстæмæ, фæлæ цæй æздæхт.  Ирон адæмы хъизæмæрттæ уæд райдыдтой,  сæ фыдбылызæн  гуырдзыйы неформалтæ ныппырх сты Чъребайы алыварс гуырдзиаг хъæутыл – Никоз, Хеит, Ачабет, Чъех, Аунеу æмæ æндæр рæтты æмæ бавнæлдтой сæ сырдон митæм.

25-æм ноябры мидхъуыддæгты министр Георгадзе 23 ноябры гуырдзиаг экстремистты æрбабырсты фæстиуджыты фæдыл йæ ныхасы басаст æмæ хатыр ракуырдта, ам гуырдзиаг милици цы æнæгъдау митæ фæкодта, уыдон тыххæй.  Ӕнæ аххосæй надтой адæмы, милицийы кусджыты, истой сын сæ хæцæнгæрзтæ. Экстремисттимæ  иумæ æрхъула кодтой  горæтыл, адæмы  нал мидæмæ, нал æддæмæ уагътой, æвзыстой хæцæнгæрзтæй. Чъребамæ хæстæг Ирон Присы  цæрджытæ иу æхсæв арвыстой хъæды, дыккаг бон æрцыдысты Чъребамæ æмæ сæ уазæгдоны æрцæрын кодтой. Дзаумæ бæлццæттæ ласæг автобусæй æрхизын кодтой адæмы, нæ сыл бацауæрстой, фæнадтой сæ, афтæмæй сæ, 60-йæ фылдæрæй, батардтой Чъехы скъолайы агъуысты, уым сæ фæдардтой цалдæр боны, кæй зæгъын æй хъæуы, табу сын кæм кодтой, надтой сæ, куыд сæ бон уыд, афтæ.  Дыууæ бонмæ нæмыгæй цæфты нымæц ахызт 20-æй, се ̀ппæт дæр ирæттæ. Бирæтæ дзы бахаудысты рынчындонмæ. Хæцæнгæрзты гæрæхтæ уæлдай арæхдæр хъуыстысты æхсæвыгон. Горæт бахауд блокадон уавæры.

Гуырдзыйы неформалтæ райдыдтой ирон хъæутыл зилын семæ суайнæгтæ дæр.  Хъыгдардтой сæ. Сæ зондыл чи нæ цыд, уыдоны надтой, æхстой.

Уавæр æндыгъдæй-æндыгъдæр кодта. Горæтмæ æрбацæуæнты слæууыдысты гуырдзиаг экстремисттæ. Гуырдзиаг хъæуты та æрбадтысты хотыхджын æххуырст  суайнæгтæ  æмæ бынæттон гуырдзиæгтимæ лæбурдтой ирон хъæутæм, стъыгътой сæ, истой сын сæ фос. Уый адыл адæм сыстадысты сæ цæрæнбынæттæй  æмæ лыгъдысты.

Афтæ уыдысты Хуссар Ирыстоны трагикон хабæрттæ,  гуырдзыйы “сабыр митингæн” йæ сырдон архайдтытæ.

ÆЛБОРТЫ Агуындæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.