18 азы æххæст кæны Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы зæрдылдарæн бон – 2004 азы 19-æм августы хæстон цаутыл. Уыцы бон карз тохтæ цыдысты Тлиахъанайы бæрзæндты, кæцы адæмы мысынады баззад куыд «2004 азы хæст», афтæ. Уæд ничи ахъуыды кодтаид, æмæ 2004 азы сæрдыгон мæйты цаутæ суыдаиккой бирæазон террор, провокациты, локалон хæстыты политикæйы райдиан, кæцы 2008 азы августы фæцис уæлдай тугкалæндæр хæстон агрессийæ. Цыбыртæй уын уæ зæрдыл лæууын кæнæм 2004 азы сæрды тыхст æмæ уæззау бонты тыххæй, уымæн æмæ уыцы æбуалгъы цауты тыххæй рох кæнын райдыдтой не ‘мбæстæгтæй иуæй-иутæ.

2004 азы 31-æм майы уавæр фæкарздæр. Саакашвилийы къухты æнцонтæй бафтыд Аслан Абашидзейы йæ бынатæй раппаргæйæ, Аджарийы байсын æмæ уымæ гæсгæ сфæнд кодта Хуссар Ирыстоны проблемæйæн дæр кæрон скæнын. Уыцы рæстæджы конфликты зонæмæ, цыран хъуамæ уыдаиккой æрмæстдæр уæрæсейаг, гуырдзиаг, цæгатирыстойнаг фидауынгæнæг тыхтæ, гуырдзиаг фарс æрбакодта йæ мидæггагон æфсæдты уæззау хæстон техникæимæ. Эргнеты цы базар уыд, уый июны æмбисы Гуырдзыстоны хицауад зæххимæ сæмвæз кодта. Уым базар кодтой гуырдзиаг æмæ ирон амалиуæггæнджытæ. Июнь æмæ июлы мæйты уавæр фæкарздæр. Провокацитæ райдыдтой уæрæсейаг æмæ ирон фидауынгæнджыты ныхмæ. Уавæр кæй фæкарздæр, уымæ гæсгæ Æм-хæццæ контролон къамисы фæлгæтты уагъд цыдысты баныхæстæ, фæлæ сын фæстиуджытæ нæ уыд Тбилисы аххосæй.

2004 азы 4-æм августы Хуссар Ирыстонмæ гуырдзиаг-ирон конфликты зонæмæ æрцыд уæрæсейаг делегаци, УФ-йы Паддзахадон Думæйы ХПÆ-йы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Андрей Кокошины сæргълæудæй, афтæ ма делегацийы сконды уыдысты Цæгат Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæ. Фидауынгæнæг тыхты машинæтыл цæугæйæ, Сарабукъы хъæумæ æввахс, 16:35 сахатыл уыдон бахаудтой æхстыты бын. Делегацийы уæнгтæ иууылдæр рагæппытæ кодтой машинæтæй æмæ бамбæхстысты къутæрты. Уый фæдыл УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Гуырдзыстонæн расидт протест æмæ æрдомдта гуырдзиаг фарсæй, цæмæй ауадзой фæдагурæн куыстытæ.

6-æм августы Гуырдзыстоны мид-хъуыддæгты министр фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстон æхсдзæн уæрæсейаг хæстон хæдтæхджыты, кæд æмæ уыдон æрбатæхой йæ бæстæйы тыгъдадмæ, уæд.

10-æм августы гуырдзиæгтæ Цхинвалы æхстой минометтæй, æхстытæ нæ банцадысты фондз сахатæй фылдæры бæрц. 11-æм августы Мæскуыйы Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Георги Барамидзе æмæ Уæрæсейы Генштабы хистæр Юри Балуевский баныхæсты рæстæджы бадзырдтой, цæмæй Хуссар Ирыстонæй раконд æрцæуой æппæт хæстон тыхтæ æмæ ма дзы баззайа æрмæстдæр фидауынгæнæг контингент. Уыцы бон æнæхъæн æхсæв гуырдзиæгтæ интенсивон æгъдауæй æхстой Цхинвалы цæгаттаг районтæ.

12-æм августы æхсæвы гуырдзиаг хæстонтæ æхстой Цхинвалы районы хъæуты, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты æртæ адæймаджы, 26 адæймаджы та фесты цæфтæ. 12-æм августы райсомæй гуырдзиаг хъæутæ Тамарашен æмæ Ачабетæй ногæй æхсын райдыдтой Цхинвалы егъаукалиброн хæцæнгæрзтæй. Уый фæстæ та фехстой уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты пост. Гуры танкон полк æрбацыд Хуссар Ирыстоны арæнтæм Цхинвалы ‘рдæм. Гуырдзиаг фарс аххосджын кæны уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты, зæгъгæ, уыдон хæцынц ирæтты æвварс. Афтæ ма бонæй-бонмæ уавæр æндыгъддæр кодта, тыхджындæр кодтой æхстытæ. 12-æм августы Ныгуылæн Гуырдзыстоны уæлæмхас мидæггагон æфсæдты дæлхæйттæ  сæ фæндаг ракодтой Хуссар Ирыстонмæ æмæ конфликты зонæйы уавæр тынг скарз. 13-æм августы Цхинвалы уагъд æрцыд Æмхæццæ-контролон къамисы рабадт, цыран бадзырдтой æхстытæ æруромыны тыххæй. Гуырдзыстоны парламент та уынаффæ рахаста, цæмæй конфликты зонæйæ раконд æрцæуой уæрæсейаг фидауынгæнджытæ æмæ дзы баконд æрцæуа дунеон фидауынгæнæг контингент.

17-æм августы райсомæй раджы, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады дæлхайы 39 полициагæн, кæцытæ æнæза-къонæй уыдысты Уанаты хъæуы, ирон лæппутæ сæ хæцæнгæрзтæ байстой, æр-кодтой сæ Цхинвалмæ æмæ сæ сæ зонгуы-тыл æрлæууын кодтой Театралон фæзуаты. Гуырдзиаг хæстонтæй дыууæйæ Ни-но Бурджанадземæ сарæзтой сидт, зæгъгæ, махимæ Хуссар Ирыстоны цæмæннæ сты дæ дыууæ фырты. Гуырдзиæгтæн хæсгонд уыд, цæмæй æрæхгæдтаиккой Джер æмæ Дменисы ‘хсæн фæндаг æмæ æнхъæлмæ кастаиккой бардзырдмæ ацы цæрæн пунктты тыхон операци ауадзыны тыххæй. Æнæхъæн дуне федта Цхинвалы централон фæзуаты гуырдзиаг салдатты сæ зонгуытыл лæугæйæ. Ацы эпизод æрранизы фæтынг расайдта Саакашвили æмæ Окруашвилийæн.

18-æм августы Владимир Путин фехъусын кодта, зæгъгæ, уавæр кæй фендыгъддæр, уый бахынцгæйæ, æмбæлоныл нал банымадта Гуырдзыстонмæ йæ сплангонд балцы ацæуын. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе цæттæ у конфликтты фæрстæн æхсæны лæгæй балæууынмæ.

19-æм августмæ æхсæвы горæты ныгуылæн арæнтæм æрбацыд колоннæ 40 автомашинæ хæцæнгæрзтæ æмæ адæмимæ. Уыцы бон райсомæй раджы гуырдзиаг спецназонтæ танкæты, уæззау артиллери æмæ РСЗО «Град»-ы æххуысы руаджы штурмæй систой Тлиахъаны районы стратегион бæрзæндтæ. Афтæ ма ацы операцийы хайад истой гуырдзиаг элитон дæл-хæйтты хæстонтæ. Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Иракли Окруашвилийы ныхæстæм гæсгæ, хæстон операцийы рæстæджы амардтой аст хъазахъхъаджы-уæрæсейаг æмбæстæгты. Фæлæ кадрты фенын кодтой æрмæстдæр иу адæймаджы. Уый хъазахъхъаг нæ уыд, фæлæ – дзауаг ирон лæппу Санахъоты Геннади, кæцы гуырдзиæгтæм бахауд уацары, кæй фæцæф, уый фæстиуæгæн. Фыдмитæ фæкæныны фæстæ йæ амардтой æмæ йыл скодтой хъазахъхъаджы формæ сæ фыдракæнды фæдтæ бамбæхсыны нысанæн. Афтæмæй уыдон дунейæн фенын кодтой, зæгъгæ, ирæттæн æххуыс кæнынц хъазахъхъæгтæ. Мæнг ныхæстæ кæнын сын амонын нæ хъæуы, уый сæ туджы ис гуырдзиæгтæн.

Тлиахъанайы бæрзæндтыл цыдысты карз тохтæ, уымæн æмæ йын уыд стратегион нысаниуæг. Ауылты цæуы фæндаг, кæцыйыл гуырдзиæгтæ сфæнд кодтой Дзаумæ бацæуын æмæ Транскамы фæндаг æрæхгæнын, цæмæй Хуссар Ирыстонæн бастдзинад мауал уыдаид Уæрæсеимæ. Боны дыккаг æмбисы Тлиахъанайы бæрзæндтæ фæстæмæ байстой ирон хъæбатыр лæппутæ. Афтæмæй фæсыкк сты Гуырдзыстоны къухдариуæгады фæндтæ. 19-æм августы Тбилисы телеканалы информацимæ гæсгæ, Тлиахъанайы бæрзæндтæ байсыныл тохты гуырдзиæгтæй фæмард цалдæр адæймаджы. Гуырдзиаг «сахъгуырдтæ» сæ фæстæ ныууагътой би-рæ хæцæнгæрзтæ æмæ æгады лыгъд кодтой Хуссар Ирыстоны зæххæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ гуырдзиаг фарсы кæй бафæдзæхста уæрæсейаг къухдариуæгад, зæгъгæ, уыдон нæ бауадздзысты конфликт хæстон æгъдауæй аскъуыддзаг кæнын.

20-æм августы Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Георгий Барамидзе фехъусын кодта, зæгъгæ, гуырдзиаг æфсæдтæ раконд цæуынц конфликты зонæйæ.

«Хуссар Ирыстоны хæстон операцийы нæ афицерты æнæнтыстдзинад ис уый мидæг, æмæ уыдон æфсæддон ахуырад кæй райстой уæрæсейаг æфсæддон ахуыргæнæндæтты æмæ академиты. Уымæ гæсгæ мах хъуамæ æххæстæй рахизæм ныгуылæйнаг бæстæты æфсæддон ахуыргæнæндæттæм æмæ академитæм», – фехъусын кодта Саакашвили 28-æм августы. Æмбæлон хатдзæгтæ сарæзтой америкæйæгтæ дæр. 2005 азы уалдзæджы райдыдта америкæйаг ног программæ Гуырдзыстоны гарзджын тыхты бацæттæ кæныны тыххæй. Программæтæй дарддæр, 2004 азæй 2008 азы онг масштабонæй æлхæд цыдысты хæ-цæнгæрзтæ æмæ æфсæддон техникæ. Разæй уыд 2008 азы тугæйдзаг август…

Уæдæ 2004 азы 19-æм августы Гуырдзыстон бахъавыд уæрæхмасштабон хæст расидынмæ, фæлæ уæддæр Уæрæсейы руаджы йæ тугмондаг фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Гуырдзыстоны дыууæ уæрæхмасштабон бабырстытæ дæр кæй уыдысты Олимпион хъæзтыты рæстæджы. 2004 азы августы – Афинты Олимпион хъæзтыты æмæ 2008 азы та – Пекины Олимпион хъæзтыты рæстæджы. Рагон традицимæ гæсгæ, Олимпион хъæзтыты рæстæджы хæстытæ æрлæууынц, нал фæхъуысы сармадзанты богъ-богъ, фæлæ гуырдзыйы разамынад уыйас тугмондаг уыдысты æмæ ацы ахсджиаг традици дæр ницæмæ æрдардтой.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.