Иу наци иннæмæ фыдæхдзинад куы æвдиса, уæд ын хъуамæ уа бындур – цы йын ракодта, цæмæн ын ис ахæм ахаст? Вæййы ма афтæ дæр æмæ, куыд фæдзурынц, – «йæ туджы ис йе ‘нæуынондзинад иннæ нацимæ». Фæлæ уым дæр хъуамæ уа логикæ. Кæцыдæр наци дæм бирæ хæттыты йе ‘ххуысы къух куы фæдаргъ кæна, йæ фæрцы дæ паддзахад куы уæвынад кæна, цалдæр хатты дæ скуынæгæй куы аирвæзын кæна, уæд ма ахæм хæларзæрдæ нацийæ дæ удхæссæг куыд хъуамæ уынай? Мæнмæ гæсгæ, ахæм æнæхайырджын наци ныллæууы деградацийы фæндагыл æмæ йын фидæны перспективæ нал вæййы, нал дæр ын лымæн нацитæ æмæ сыхæгтæ вæййы.

Гуырдзыстоны историмæ куы æркæсæм, уæд йæ къахдзæфтæй æмæ йæ архайдæй бæрæг у, лæггад сын бæсты кæй нæ цæуы. Ныр нæ дзурдзыстæм, нæ фыдæлтæ сын цахæм лæггад бакодтой, куыд-иу балæууыдысты сæ фарсмæ зындзинæдты, знаг-иу сæм куы æрбабырста, уæд-иу алайнаг равзаргæ хæстонтæ куыд ацыдысты Гуырдзыстоны паддзахад бахъахъхъæнынмæ. Гуырдзыстоны сæрвæлтау бирæ туг ныккалдтой нæ фыдæлтæ, фæлæ бузныджы аккаг никуы уыдыстæм. Ӕгæрыстæмæй ма нæм абоны бон дæр топпы дзыхæй кæсынц æмæ нæ аныхъуырынмæ хъавынц. Уый та дын сæ «арфæ».

Ныр æрдзурдзыстæм гуырдзиаг æмæ уырыссаг нациты ахастытыл, бæлвырддæрæй, дыууæ паддзахады æмахастытыл рагзамантæй фæстæмæ.

Гуырдзыстон географион æгъдауæй ахæм ран ис æмæ йын бынтондæр ницы фæрæзтæ уыд тыхджын паддзахад саразынæн, – бахаудта æртæ тыхджын империйы æхсæн. 14-æм æнустæй, ома Гуырдзыстоны кой историйы бæстонæй куы фæзынд, уæдæй фæстæмæ къухæй-къухмæ цыд Перс æмæ Туркы империты ‘хсæн. Стæй ма цæгатварсы та Уæрæсейы импери райдыдта тыхджын кæнын. Ис ахæм ахуыргæндтæ, кæцытæ фидарæй дзурынц, ома Гуырдзыстоны паддзахад æнусты дæргъы аккаг ныхкъуырд дæтта знæгтæн. Фæлæ уый раст нæу, – Гуырдзыстоны ‘ййас паддзахадæн уыйбæрц фæрæзтæ никуы уыд, цæмæй тыхджын империйæн ныхмæ фæлæууа – æдзух агуырдтой алыгъуызон амæлттæ, цæмæй бынтондæр куынæг ма æрцæуой, æмæ уый тыххæй йе ‘хсæнад алыхатт дæр уыд дыууæ дихы – иутæ персæгты ‘рдæм æнцадысты, иннæтæ та туркæгтæм. Æниу, æвæццæгæн, абоны бон дæр афтæ у, – зæгъæм, Батумы гуырдзиагау дзургæ ни-кæй уал фехъусдзынæ, туркæгтæ дзы бæстон æрбынат кодтой.

Куыд зонæм, афтæмæй Иран æмæ Турк сты пысылмон паддзахадтæ æмæ сæ фæндыд чырыстон Гуырдзыстонæй дæр пысылмон бæстæ саразын. Афтæмæй та бынтондæр фæтары уыдаид Гуырдзыстон дыууæ паддзахадæй искæйы сконды уæвгæйæ, æмæ гуырдзиаг нацийы кой хъуысгæ дæр никуы уал ракодтаид. Уыцы тæссагдзинад куыд нæ æмбæрстой гуырдзиаг элитæйы минæ-вæртты зондджындæртæ, зыдтой йæ, ахæм уавæрты сын сомбон кæй нæй, абон уа æви сæ сом – кæй басæтдзысты. Уымæ гæсгæ ма суанг 15-æм æнусы кæрон къахеттаг паддзах Александр хатыд йе ‘мдинон Уæрæсемæ, цæмæй сæ йæ дæлбазыр бакæна. Уымæй фæстæмæ дæр бирæ гуырдзиаг паддзæхтæ æрвыстой курдиæттæ уæрæсейаг паддзæхтæм се скондмæ айсыны æмæ скуынæгæй бахъахъхъæныны тыххæй. Фæлæ Гуырдзыстоны элитæ æдзух райвæз-байвæз кодта алырдæм, иу хъуыдымæ никуыд цыдысты æмæ Уæрæсейы импери ахæм уавæрты нæ разы кодта ахæм къахдзæф саразыныл. Цæмæн сæ хъуыд ахæм проблемон бæстæ, цæй тыххæй хъуамæ схæрам уыдаид дыууæ хъомысджын империимæ?

Гуырдзыстоны уавæр æнусæй-æнусмæ кодта æвзæрдæр – туркæгтæ æмæ йæ персæгтæ цыппар дихы ныккодтой (Картли, Къахет, Имерет æмæ Джавахет), цæмæй йæ æнцондæрæй контроль кæной. Рæстæгæй-рæстæгмæ та-иу сын кæрæдзи ныццæгъдын кодтой, нæ сæ уагътой баиу кæнын, сæ тыхтæ бамбырд кæнын. Афтæмæй сæ сæхæдæг дæр æвыдæй нæ уагътой – радыгай сæм бырстой æмæ сæ дæрæн кодтой, сæ цæрджыты сын цагъайрæгтæй тардтой, сæ фæллой сын тæлæт кодтой. Æппæт ацы процесстæ тынг æндæвтой Гуырдзыстоныл, куыд паддзахад, афтæ, – нæ йын уыд размæцыд, мæгуырæй-мæгуырдæр кодтой.

Уæрæсейы импери кæд Гуырдзыстоны къухдариуæггæнджытыл не ‘ууæндыд, зыдта йæ, кæдфæнды дæр æй кæй ауæй кæндзысты, уый, уæддæр йæ территорийæн уыд стратегион нысаниуæг æмæ уымæ гæсгæ хъуыд исты мадзæлттæ райсын. 1783 азы бафыст æрцыд «Георгиевский трактат», фæлæ уыимæ иумæ Гуырдзиæгты паддзах Ираклий II сусæ-гæй фæсаууонмæ ныхас кодта туркæгтимæ сæ æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй. Сæ хинæйдзаг миты тыххæй Екатерина II нал сæххæст кодта трактаты домæнтæ æмæ Гуырдзыстонæй конд æрцыд уырыссаг æфсæддон гарнизон. Уый фæстæ сæм, 1795 азы, æрбабырста ирайнаг шах Ага-Магамедхан Каджар æмæ сын ныддæрæн кодта се ‘фсады – æрмæстдæр ма хæсты быдырæй удæгасæй аирвæзт 150 хæстоны бæрц, горæт Тбилис та зæххимæ сраст кодтой.

Гуырдзыстон се ‘намонды бон базыдтой, бамбæрстой сæ рæдыд, æмæ сæ ног паддзах Георгий XII ногæй бахатыд Уæрæсемæ æххуысмæ. 1800 азы бафыст æрцыдис манифест Гуырдзыстоны Уæ-рæсейы империмæ æрбаиу кæныны тых-хæй æмæ уæдæй фæстæмæ фервæзтысты персæгты æмæ туркæгты зиан-хæссæг æрбабырстытæй. Фæлæ уый нæ нысан кодта æмæ гуырдзиæгтæ гадзрахатæй никуыуал рацыдаиккой Уæрæсейыл, – æрмæст сæ хъуыд æфсон æмæ тагъд рæстæджы уый дæр фæзынд.

Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ 1801 азы Уæрæсейы империйы скондмæ кæй бацыдысты æрмæстдæр Картли æмæ Къахеты паддзахадтæ. 1803 азы семæ æрбамбал ис Мегрелы кънйазад, 1804 азы та – Имереты паддзахад. Куыд уынæм, афтæмæй ацы заманты Гуырдзыстоны сконды нæдæр Хуссар Ирыстон ис, нæдæр Абхаз. 1809 азы Абхазы кънйаз Сафарбей-Георгий бахатыд, цæмæй сæ Уæрæсе бахъахъхъæна æмæ 1810 азы февралы мæйы паддзах Александра I йæ манифесты бындурыл Абхазы кънйазады бакодта Уæрæсейы империйы скондмæ (фæстæдæр, 1864 азæй суанг 1917 азы онг Абхаз уыд Кавказы паддзахы администрацийы къухдариуæджы бын), фæлæ нæ уыд Гуырдзыстоны сконды.

1810 азы ма Гуырдзыстоны скондмæ æрбаиу ис Гуры кънйазад. 1804-1813 азты уырыссаг-ирайнаг хæсты фæстиуæгæн Уæрæсейы скондмæ æрбаиу сты Гуырдзыстоны хуссар-скæсæйнаг территоритæ, кæцыты географион æгъдауæй бакодтой Гуырдзыстоны скондмæ, уымæн æмæ афтæмæй æнцондæр контроль кæнæн уыдысты, уæлдайдæр та Гуырдзыстон хицæн паддзахадыл нымад нæ цыд, фæлæ уыд Уæрæсейы империйы регион. 1828-1829 азты уырыссаг-туркаг хæсты фæстиуæгæн Уæрæсейы скондмæ æрбаиу ис Самцхе-Саатабаго, ома ныры Джавахеты æмæ Аджариияйы территориты гæппæлтæ. 1877-78 азты Берлины конгрессы бафыст æрцыд Бадзырд, кæцыйы фæстиуæгæн Уæрæсейы империйы скондмæ æрбаиу сты раздæры туркаг территоритæ – Аджари, Шавшети, Кларджети, Имерхеви, Кола-Артаани, Олтиси æмæ Батуми. Æппæт ацы территоритæ байсыны рæстæджы ныккалдис уырыссаг хæстонты туг, гуырдзиæгтæ дзы кæд исты хайад истой, уæддæр уæлæнгай. Æмæ афтæмæй Гуырдзыстоны территори æнæнхъæлæджы ауæрæх ис, афтæмæй та Уæрæсейы импери ацы зæххытыл гуырдзиæгты тыххæй нæ тох кодта.

1830 азы Уæрæсе Кавказы регионы сарæзта административон реформæ, цæмæй йын йæ егъау территоритæ æнцондæр контроль кæнæн уыдаиккой. Уæды рæстæджы ацы зæххытæ ничи дихтæ кодта националон территоритыл – иууылдæр уыдысты уæрæсейаг æмбæс-тæгтæ. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны территорийы бахастой Тифлисы æмæ Кутаисы губернитæм. Цæгат Ирыстоны территори хаст æрцыд Владикавказы комендантмæ, Дыгур та ахаудта Кæсæгмæ. Афтæмæй ирон адæмы акодтой æртæ дихы, географион æгъдауæй та – дыууæ дихы. Ныры гуырдзиаг къухдариуæггæнджытæй бирæтæ фидарæй фæдзурынц, зæгъгæ, Тифлисы губернимæ хаудтат æмæ нæ территорийыл нымад стут, афтæмæй та уыдон ууыл никуы ахъуыды кодтой, сæхицæн дæр уыцы рæстæджы кæй нæ уыд хæдбарад, кæй уыдысты Уæрæсейы империйы сконды.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн кæй уыд сæрмагонд социалон-экономикон статус, кæцымæ гæсгæ гуырдзиаг æлдæрттæн бар нæ уыд, цæмæй сæ контроль кæной. Ныры рæстæджы йæ юридикон æвзагмæ куы ракæнай, уæд æввахс лæууы политикон автономимæ. Хуссар Ирыстонæн уæды рæстæджы уыд сæрмагонд бынат Фæскавказы, – гуырдзиæгтæн нæдæр хъалон фыстой, нæдæр сæ дæлбар уыдысты. Æрмæстдæр территоримæ гæсгæ хаудтой Тифлисы æмæ Кутаисы губернитæм æмæ сæ комкоммæ контроль кодтой Уæрæсейæ.

Гуырдзиаг элитæ Уæрæсейы скондмæ сæ къах æрбавæрдæй фæстæмæ рав-дыстой се ‘нæуынондзинад Уæрæсемæ. Æдзух кодтой тылиф митæ, сайдæй зылдысты уырыссæгтыл, сæ ныхмæ сын кодтой хуымæтæг зæхкусæг адæмы. 1812 азы Уæрæсейы империмæ æрбабырстой французæгтæ Наполеон Бонапарты сæргълæудæй. Кæд историйы æрмæстдæр французæгты кой баззад, уæддæр æй историктæ сбæлвырд кодтой, Уæрæсейы ныддæрæн кæнынмæ кæй растадысты æгас хурныгуылæн Европæйы бæстæтæ, растдæр Гитлеримæ куыд æмдзу ракодтой, афтæ. Тынг уæззау уавæры бахаудта Уæрæсейы импери. Наполеон бахæццæ суанг Мæскуымæ æмæ йæ басыгъта. Тæссаг уыд, Уæрæсе, куыд паддзахад, афтæ бынтондæр мауал уа, уымæй. Уыцы уавæр рахатыдтой Гуырдзыстоны элитæ дæр æмæ, уавæрæй спайда кæнгæйæ, бахъавыдысты Уæрæсейы фæсчъылдым ныццæвынмæ.

Февралы мæйы 1812 азы Къахеты растадысты бынæттон цæрджытæ, кæцыты ахæм «адæмон бунт»-мæ сразæнгард кодтой сæ бæстæйы къухдариуæггæнджытæ, æмбарын сын кодтой, ома «уырыссæгтæ не знæгтæ сты æмæ сæ фæсурæм». Ацы змæстыты хайад райстой Картли, Арагви æмæ Дайраны кæмтты цæрджытæ, фæстæдæр сæм баиу сты иннæтæ дæр, æмæ дзы ныккалдис бирæ туг. Уæрæсейы импери Наполеоны æфсады ныхмæ хъазуатонæй кæй тох кодта, уымæ гæсгæ йæ бон нæ уыд  Тифлисы губернимæ тыхтæ рарвитын. Уымæй уæлдай ма, бар-æнæбары, егъау æфсæддон тыхтæ дардтой Гуырдзыстоны тер-риторийыл, цæмæй «змæнтджытæн» аккаг ныхкъуырд радтой. Афтæмæй та уыцы æфсæддон тыхтæ стыр ахъаз уыдаиккой французаг агрессорты ныхмæ.

Гуырдзиаг элитæ уайтагъд кæй бахатыд туркмæ æххуысмæ, ома нæ бахъахъхъæнут уырыссæгтæй. Уымæй уæлдай ма, раздæры гуырдзиæгты пад-дзахы фырт Александр лыгъд уыд Иранмæ, æмæ уым цард бирæ азты дæргъы. Уавæрæй спайда кæнгæйæ, æрбацыд Гуырдзыстонмæ æмæ бацархайдта, цæмæй адæм растой. Иран дæр баифтонг кодта йе ‘фсад æмæ стæры рафсæрстой Гуырдзыстонмæ, ома, Уæрæсейыл арт ирвæзы, ныллæмæгъ ис французæгтимæ хæсты æмæ  Гуырдзыстоны нæхи бакæндзыстæм. Æнæуый дæр Тифлис рагзамантæй фæстæмæ Ираны цæгаттаг форпост уыдис æмæ сæ фæндыд сæ зæххытæ фæстæмæ байсын. Фæлæ сæ фæндтæ фæсыкк сты – уæрæсейаг æфсæддонтæ, кæд æмæ зиæнттæ баййæфтой, уæддæр басастой ираны бирæнымæц æфсады дæр æмæ «адæмон бунт» дæр, æрцахстой аххосджынты æмæ цыренгæнджыты, æмæ æвиппайды «растад» ныссабыр. Уымæй фæстæмæ гуырдзиаг националисттæ сæ сæртæ сдарын нал бауæндыдысты суанг 1817 азы онг.

Октябры революцийы æрлæудимæ та гуырдзиæгтæ æвиппайды сæ чъылдым фездæхтой Уæрæсемæ æмæ та расидтысты хæдбар паддзахад. Æрмæст сæ ныр хъуыд æнæхъæн Гуырдзыстон, кæцыйы тыххæй уæрæсейаг мингай салдаттæ ныккалдтой сæ туг. Уымæй уæлдай ма се ‘сконды хъуамæ уыдаиккой Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз дæр, кæцытæ, историмæ æркæсгæйæ, Гуырдзыстонмæ бынтондæр ницы бар дардтой, никуы дæр се сконды уыдысты, нæдæр сæ цæрджыты фæндыд гуырдзиæгтимæ цæрын. Уый фæстиуæгæн гуырдзиаг меншевиктæ тугуарæн ныккодтой Хуссар Ирыстоныл, – басыгътой сæдæгай хъæутæ, лидзинаг фесты сæ фыдæлты уæзгуытæй мингай адæймæгтæ. Кавказы хохрагъы сæрты хизгæйæ лигъдæтты фылдæр хай фæмард, Хуссар Ирыстоны тер-риториты фылдæр хай та фæстæдæр сæхи бакодтой.

Нæ уыд хуыздæйраг абхазæгты уавæр дæр – уырдæм дæр ныббырстой гуырдзиаг фашисттæ æмæ скуынæг кодтой бирæ абхазæгты. Фæстæдæр, 1922 азы большевикты хицауад куы æрфидар, уæд арæзт æрцыдысты Хуссар Ирыстоны автономон область æмæ Абхазы Советон Социалистон республикæ Гуырдзыстоны сконды, кæд æмæ ацы территориты цæрджытæ разы нæ уыдысты, уæддæр. Уæдæй фæстæмæ та Гуырдзыстон райдыдта культурон геноцид, кæцыйы фæстиуæгæн гуырдзиаг цæрджыты нымæц бæрæг фæфылдæр æмæ иннæ нациты нымæц та бæрæг фæкъаддæр. Фæлæ Советон Цæдисы ахæм хабæрттæм сæ хъус тынг нæ дардтой, уæлдай сын уыдис чысыл нациты хъысмæт.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.