Райсом, 5-æм марты сæдæ азы æххæст кæны горæт Цхинвал гуырдзиаг меньшевикон æфсæдтæй сæрибар куы æрцыд, уыцы боныл. 1921 азы 5-æм марты æрцæугæ историон цау ссис историон æмæ адæймагады рæст-дзинады символ. Уыцы цауæй  иу азы размæ, 1920 азы июны мæйы гуыр-дзиæгтæ ирон адæмæн сарæзтой геноцид. Меньшевикон æфсæдтæ тард куы æрцыдысты Хуссар Ирыстонæй, æрмæстдæр уæд сæ бон ссис лигъдæттæн фæстæмæ сæ Райгуырæн бæстæмæ æрæздæхын. Уыдон фæстæмæ здæх-тысты сæ сыгъд уæзгуытæм, хæдзæрттæм.

1921 азы марты райдианы, Сырх Æфсады 11-æм дæлхæйттæ Сомихстоны ‘рдыгæй Тифлисмæ куы бырстой, уæд ирон къордтæ та Цæгат Ирыстонæй æрхызтысты Къуыдаргом æмæ Рукъгоммæ. Кæд уыцы рæстæджы зæйтæ цæуынæй тас уыд, уæддæр райгуырæн зæхх ссæрибар кæныны тыххæй хæстонтæ нæ фæтарстысты сæ удтæн дæр. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ къордтæй сæ иу æппæрст (æрвыст) кæй æрцыд Ирыстоны хурскæсæнмæ, Тырсыгоммæ (ныртæккæ нæ фыдæлты  ацы зæххытæ рæстæгмæ сты Гуырдзыстоны), цыран стыгуыр сты гуыр-дзиаг æфсæдтæ. Тырсыгомæй гуырдзиаг æфсæдтæ æппæрст куы æрцыдысты, уый фæстæ ирон партизантæ уым ссардтой,  гуырдзиаг абырджытæ Дзауы комæй кæй радавтой, уыцы фосы, мулкы. Уыцы азты гуырдзиæгтæ этникон æгъдауæй сыгъдæг кодтой ирон хъæуты ирæттæй. Ирон хъæутæй æндæр рæттæм цыдысты, чи ма дзы баззад, уыцы ирæттæ æмæ сын сæ бынæтты цæрын кодтой имереттæгты, гуйрæгты…

1921 азы февралы Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны эмигрантты-растадонты съезд, афтæ ма уыцы иурæстæджы  арæзт æрцыд Революцион комитет дæр, бæрæг æрцыд йе сконд. Арæзт цыд партизанты къорд æмæ йæ резервон къорд Гаглойты Сергей æмæ Тотойы командæкæнынады бын. Раздæр Врангелимæ тохты хайад, кæцы регулярон ирон бригадæ иста, уый дæр цæттæ уыд архайдмæ. 1921 азы 1-æм марты хотыхджын ирон къордтæ рацыдысты райдайæн позицитæм æмæ 5-æм марты бацахстой Цхинвал. Горæтмæ фыццаг æрбацыд Гаглойты Тотойы резервон къорд. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм гуырдзиаг æфсæдтæй Хуссар Ирыстон ссæрибар кæныны операцийы хайадисджыты мысинæгтæй цалдæр. Гаглойты Сергей: «1921 азы 2-æм марты резервон батальон 150 адæймаджы скондæй, рацыд Бæхфæндаджы æфцæгыл Рукъгоммæ. Батальон тагъдыл ацыд Дзаумæ. Баиу æм сты ацы районы архайæг партизантæ. 3-æм марты æппæт тыхтæ дих æрцыдысты æртæ хайыл: уыдонæй иу, кæцы конд уыд æрмæстдæр растадонтæй, ахызт Църуйы хъæуыл æмæ ацыд Ортъеугомыл, иннæ та – Стыр Леуахийы галиу донбылгæрæтты, æртыккаг, кæцы конд уыд, сæйраджыдæр, сырхæфсæддонтæй, ацыд Леуахийы рахис донбылгæрæтты Чъехы нарæгмæ. Æппæт хæйттæ дæр райдианы не ‘мбæлдысты ныхмæлæудыл. Ортъеугомыл ацæугæйæ, растадонтæ Уанаты дæлвæзы бахаудтой гуырдзиæгты тыхджын æхстыты бын, æмæ Леуахийы галиу донбылгæрæтты цæуджытæ та æхстыты бын бахаудтой Серы хъæуы районы. Цыбыр тохы фæстæ ныхмæлæууæджы басæтгæйæ, 4-æм мартмæ æппæт хæйттæ дæр æртæ фарсырдыгæй бацыдысты Цхинвалмæ. 5-æм марты райсом раджы Цхинвал сæрибар æрцыд».

Гаглойты Тото: «Бардзырдмæ гæсгæ, къорды хаймæ æз ахызтæн хуссармæ Дзомагъы æфцæгыл. Иннæ хай Джиоты Архипы командæкæнынады бын ахызт Зикъарайы æфцæгыл. Митджын хохы цъуппытыл хизыны рæстæджы нæ хæстонтæ равдыстой æнахуыр фæразон-дзинад. 4-æм марты райсом раджы æз мæ хæстонтимæ бацахстон Чъехы хъæу. Байстон меньшевикты хæцæнгæрзтæ – 30 винтовкæйы сæ гилдзытимæ. Джиоты Архипы къордæн тох бацайдагъ меньшевикон къордимæ Чемерты хъæуы цур, цыран састы бынаты баззад ныхмæлæууæг. Æхсæвы мах сарæзтам бастдзинад Цхинвал æмæ Хъорнисы районимæ, æмæ райсом бонцъæхты бацыдыстæм Цхинвалмæ. Уыцы иурæстæджы Гуры ‘рдыгæй Цхинвалмæ æрбацыд Сырх Æфсады бæхджын дæлхай дивизионы командир А.Боковы командæйы бын».

Гуырдзыстонæн йæхи та меньшевиктæй сæрибар кодтой 11-æм Сырх Æфсад. Гуырдзиаг æфсæддон дæлхæйттæ чысыл ныхмæлæуды фæстæ тагъдыл сæ позицитæй цыдысты æмæ фæстæмæ алæууыдысты. Тифлис практикон æгъдауæй йæхи радта æнæ тохæй. Æрмæстдæр афицерон ахуыргæнæндон-юнкеры ахуырдзаутæ чысыл ныхмæ фæлæууыдысты Тбилисмæ бахизæны. Регулярон гуырдзиаг æфсæддон дæлхæйттæ, кæцытæ зындгонд систы æрмæстдæр Хуссар Ирыстоны æнæхъæн хъæуты скуынæг кæнынæй, лыгъдысты тæппуд тæрхъустау.

1921 азы 5-æм марты Цхинвал ссæрибар кæныны фæстæ æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны Рæстæгмæйон революцион комитет, кæцыйы скондмæ бацыдысты Коцты Бидзина, Гаглойты Тото, Хаханов Соломон æмæ Плиты Ольга. Уæдмæ Цхинвалмæ Гуры ‘рыдгæй æрбацыдысты Сырх Æфсады кавалерион дæлхæйттæ дæр. Хъыгаг у уый дæр, æмæ гуырдзиаг хицауады къухдариуæгадæй, кæцытæ хуссайраг ирæттæн сарæзтой геноцид æмæ уый фæстæ ацыдысты Францмæ, æфхæрд ничи баййæфта. Фæлæ уæддæр фыдракæндты рæнхъон хайадисджытæй иуæй-иутæ æмбæлон æфхæрд баййæфтой. Фыццаг хатт 1920 азы сæрды цауты æмæ сæрмагондæй 13 коммунары кæй фехстой, уый тыххæй хъуыддæгтæм æркастысты 1921 азы 5-æм декабры. Фæдагуырд уагъта гуырдзиаг уæлвæткон комитеты фæдагурæг Александр Гинкулов. Фæдагуырды бын уыдысты 20 адæймаджы, ноджы 12 адæймаджы та уыдысты лыгъд, аххосджынтæй уыцы рæстæгмæ фондзæй сæрæгас нал уыдысты. Ахст чи уыд, уыдоны ‘хсæн уыдысты гуырдзиаг гвардийы уæнгтæ, сауджын æмæ дохтыр, кæцытæ комкоммæ кæнæ фæрсаг хайад истой коммунарты амарыны.

Дыккаг хатт фæдагуырд уагъд цыд 1923 азы марты. Фæдагурæг Захарий Машкевич тæрхон рахаста коммунарты фехсыны аххосджынтæй сæрæгас чи уыд, уыдон – Гогия Касрадзе, Сандро Гогинов æмæ Ила Майсурадзейæн. Фæдагуырды æрмæджыты уыд сæдæгай фæрстæ, цыран æвдыст цыдысты æвдисæнты æвдисæн дзырдтæ.

1920 азы 12 июны гуырдзиаг мень-шевикон гварди Цхинвалмæ куы æрбабырста, уый фæстæ райдыдтой ирæтты куынæг кæнын. Горæты ирæттæ компактонæй кæм цардысты (Ирæтты æмæ Тугъанты Махарбеджы уынгты), уым алы хæдзармæ дæр лæбурдтой куынæггæнджытæ. Практикон æгъдауæй ирон нæлгоймæгтæ куынæг æрцыдысты. Сæрæгасæй ма баззадысты йæ бон бамбæхсын кæнæ растадонтимæ хæхтæм чи ацыд, уыдон. Æдæппæтæй гуырдзиаг куынæггæнæг æфсæдтæ æрмæст Цхинвалы амардтой 5279 адæймаджы, уыдонæй сылгоймæгтæ уыдысты 1375, сывæллæттæ та – 1844 адæймаджы. Æмæ уыдон сты, удæгасæй кæй басыгътой æмæ Цæгат Ирыстонмæ лидзгæйæ, фæндæгтыл чи фæмард, уыцы адæймæгты нæ банымайгæйæ…

Фæдагуырды æрмæджыты бирæ ис гуырдзиаг удхорты фыдмиты тыххæй. Бирæтæ-иу сæ æппæлгæ дæр кодтой, зæгъгæ, æз амардтон цалдæр ироны. Зæгъæм, Гогия Касрадзе иу фынджы фарсмæ æппæлыд, зæгъгæ, сæрмагондæй йæхæдæг фехста 9 коммунары æмæ расыгæй пъатæ кодта йæ наганы дзыхæн. Иннæ удмар Ила Майсурадзе та ныфс æвæрдта ирæтты фæстæ та куынæг кæнынмæ сомихæгтæм кæй æрæвналдзæн, уымæй. Æвдисæнтæ дзырдтой сауджын Кванчахадзейы ныхæстæ коммунарты фехсыны рæстæджы: «Бей коммунистов и осетин», зæгъгæ.

Фæдагуырды рæстæджы ма бæлвырд æрцыдысты аххосджынты æндæр сырдон миты фактты тыххæй дæр. Уыдон æрмæст 13 коммунары нæ фехстой, фæлæ ма куынæг кодтой Цхинвалы æмæ йæ алыварс хъæуты хуымæтæджы цæрджыты, давтой сын сæ мулк æмæ сын тыхми кодтой…

Ирæтты геноциды темæ ма хъуамæ ферох уа Ирыстоны фæлтæртæй. Хъуамæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ зонгæ кæной ирон адæмы цæрæнбонты знæгтæ нæ адæмæн цас хъизæмæрттæ бавзарын кодтой æмæ сын иу æнусы дыууæ геноциды кæй сарæзтой, уый тыххæй. Уымæй дарддæр ма 1920 азы геноцид хъуамæ суа бæлвырдгæнæн, Гуырдзыстоны хицауады националистон зондахаст æнусты дæргъы дæр кæй нæ ивы, уымæн. Уымæн та æвдисæн сты Хуссар Ирыстоны 1989-2008 азты гуырдзиаг тыхæйисджыты фыдракæндон цаутæ.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.