Дæргъвæтин æндыгъд азты дæргъы Хуссар Ирыстонмæ бирæ журналисттæ æрцыд. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм уыдоны уацтæй цитатæтæ: «…Æз уый размæ дæр бирæ æндыгъд бынæтты уыдтæн, бирæ федтон, фæлæ адæмы фæстæ сармадзантæй цуан кæнай, уый фыццаг хатт федтон…». «…Бирæтæ, гуырдзиаг-ирон конфликт кæй хонынц, уый æцæгæй та у ирон адæмы æбуалгъ геноцид…». «…Мах нæ хъуыды кодтам, æмæ Гуырдзыстон фашизмæй афтæ тынг рынчын у. Уæрæсейаг демократтæ афтæ тынг цæуыл цин кодтой, уый у Гамсахурдиайы раппæрст, фæлæ уый уыд æрмæстдæр вывескæйы фæивды хуызæн. Нацистты раивтой æндæр нацисттæ, гæнæн ис æмæ уыдон уой раздæры нацисттæй ноджы хъыггагдæртæ…».

Тынг раст фыстой æрцæуæггаг журналисттæ гуырдзиаг æнæадæймæгты ахасты. Гуырдзиаг адæм рагæй фæстæмæ дæр фашизмæй рынчын кæй сты, уымæн æвдисæн сты бирæнымæц цаутæ æмæ факттæ. Абон уын мæ уацы цы цауты тыххæй радзурынмæ хъавын, уыдон дæр ирдæй æвдисынц фашистон Гуырдзыстоны æбуалгъ, æнæадæймагон архайдтыты тыххæй. Æмбисонд афтæ у, зæгъгæ, сылгоймагыл, дам, куыдз дæр нæ рæйы, фæлæ гуырдзиаг лæгхортæ сæ къух систой, æгæрыстæмæй, æдых сылгоймæгтæм дæр. Гъе, уый дын кавказаг нæлгоймæгтæ. Иу æнусы дæргъы Гуырдзыстон ирон адæмæн сарæзта дыууæ геноциды Ирыстоны хуыздæр фыртты æмæ чызджыты скуынæг кæнгæйæ.

26-æм марты 30 азы æххæст кæны Тлиахъанайы трагедийыл. 1991 азы 25-æм марты гуырдзиаг абырджытæ æхсæвы бамбæхстысты Тлиахъанамæ æввахс æмæ 26-æм марты райсомæй æрбабырстой хъæумæ, цыран гуырдзиаг куынæггæнджытæ сæ хæдзæртты амардтой æмæ басыгътой сабыр цæрджыты. Фæмард сты авд адæймаджы: Цъæхилты Надя, Хъуылымбегты Гриша, Дзабиты Таси, Кумситы Катя, Джиголаты Алекси, Хъуылымбегты Любæ æмæ йæ лæппу Гуыцмæзы фырт.

Ацы трагедийы тыххæй хорз хъуыды кæны фæмардуæвæг Цъæхилты Надяйы чызг Хъуылымбегты Рузана, кæцыйæн ма ацы трагедийы фæмард сты йæ фыды æфсымæр Хъуылымбегты Гриша æмæ йæ цардæмбал Дзабиты Таси. Тлиахъанайы хъæуы уыд 18 хæдзары. Цардысты дзы  Хъуылымбегтæ, Кокойтæ, Тыбылтæ, Бужитæ. Чысыл хъæуы цæрджытæ цардысты хæларæй, зындгонд уыдысты сæ уазæгуарзондзинадæй. 90-æм азты Тлиахъанайы хъæуыл уыд фæндаг Присы æмæ æндæр хъæуты лигъдæттæн. Хъуылымбегты Рузанайы ныхæстæм гæсгæ, йæ фыд Хъуылымбегты Илуша арæх æххуыс кодта Сарабукъ, Къохат, Дменис, Присы хъæутæй лигъдæттæн Дзауы поселокмæ ацæуынæн. «Уый хорз зыдта фæндаг, цæуын хъуыд хъæдтыл. Лигъдæттæ-иу арæх баззадысты махмæ Тлиахъанайы. 26-æм марты райсомæй раджы мæ фыд ацыд лигъдæтты хъæдыл Залдамæ æмæ уый фæстæ та    Дзаумæ ахизын кæнынмæ. Æхстытæ куы фехъуыста æмæ фæздæг куы федта, уæд сын бацамыдта фæндаг, йæхæдæг фæстæмæ ратагъд кодта. Фæлæ хъæуы иу адæймаджы дæр нал æрбаййæфта, алцы дæр пиллон калдта», – радзырдта уый.

Гуырдзиаг куынæггæнджытæ хъæуы æхсын куы райдыдтой, уæд цæрджытæ фыртасæй лыгъдысты хъæды ‘рдæм, фæлæ зæрæдтæн сæ бон не ссис сæ райгуырæн хъæуæй ацæуын. Уыдон æнхъæлдтой, зæгъгæ сын ницы ракæндзысты. Хъуыды кодтой, зæгъгæ, куыд гæнæн ис æмæ сæ къух сисой æдых ацæргæ адæймæгты амарынмæ. Фæлæ раст нæ разындысты, гуырдзиаг лæгмартæ ницæуыл аурæстой, ницæуыл æлгъ кодтой. Хорз уыд, æмæ хъæуы цæрджыты фылдæр хай бамбæхстысты æмæ лигъдæттæ та уæдмæ ацыдысты хъæуæй, æндæра фæмардуæвджыты нымæц уыдаид бирæ фылдæр. Уый фæстæ гуырдзиаг абырджытæ бабырстой сыхаг Бужиты хъæумæ æмæ йæ басыгътой, фæлæ стыр æхсызгонæн уæдмæ хъæуы ничиуал уыд.

«Тлиахъанайы трагедийы иууыл кæстæр уыд Хъуылымбегты Любæйы лæппу. Мæ мадыл та цыд 65 азы. Гуырдзиæгтæн уæлдай нæ уыд, фæнды – зæрæдтæ, фæнды – сылгоймæгтæ, алкæй дæр мардтой, басыгътой сын сæ хæдзæрттæ. Мæ фыды æфсымæр, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран, сæрæгасæй æрыздæхт немыцаг фашистты ныхмæ хæсты цæхæрæй, фæлæ гуырдзиаг фашисттæй нæ аирвæзт æмæ йæ басыгътой. Ацы тæссаг хабар фехъусгæйæ, ме ‘фсымæр Петр ацыд Тлиахъанамæ. Цыдæр ныфс æй уыд, зæгъгæ, бамбæхстысты. Агуырдта сæ алы ран дæр æмæ нæ сыгъд хæдзары цур ссардта нæ мады мард буар. Иу хорз уыд, æмæ мæ хо Розæ уый размæ ацыд Дзæуджыхъæумæ, æндæра уый дæр нæ аирвæзтаид гуырдзиаг лæгсырдты къухтæй», – цæссыгкалгæйæ радзырдта Хъуылымбегты Рузана.

Ацы æбуалгъы трагедийы амæттæгты æгъдау куыд амоны, афтæ баныгæнын сæ бон нæ уыд сæ хиуæттæн, уымæн æмæ тарстысты, гуырдзиаг æнæадæймæгтæ та хъæумæ куы æрбаздæхой, уымæй. Фæмардуæвджыты мард буæрттæ рæстæгмæ баныгæдтой Гуыцмæзты хъæуы æмæ сæ 40 боны фæстæ скъахтой æмæ сæ ногæй баныгæдтой Тлиахъанайы. Æввахс хъæуты цæрджыты фæсивæд зæрдæйæ банкъардтой Тлиахъанайы хъæуы цæрджыты трагедийы тыххæй æмæ сын баххуыс кодтой сæ мард буæрттæ аласынæн.

1991 азы 26-æм марты гуырдзиаг тыхæйисджытæ хъæу куы басыгътой, уый фæстæ уым ничиуал цард. Хъуылымбегты чызг рыстзæрдæйæ радзырдта хæсты размæ йæ райгуырæн хъæуы царды тыххæй. Загъта, зæгъгæ, Тлиахъанайы ис æнахуыр рæсугъд æрдз, ис дзы цæрынæн æппæт уавæртæ дæр, уыцы нымæцы бирæ суадæттæ, зæхх та дзы у хъæздыг.

Хъуылымбегты бинонтæ гуырдзиаг агрессорты къухæй хъыгдард баййæфта æрмæст 1991 азы нæ, фæлæ 1920 азы   ирæтты фыццаг геноциды рæстæджы дæр. Рузана куыд радзырдта, афтæмæй йæ нанайæн уыд 6 лæппу æмæ 2 чызджы. 1920 азы ирон адæм сæ цард аирвæзын кæныны тыххæй куы лыгъдысты, уæд гуырдзиаг æфсæдты къухæй фæмард сты йæ дыууæ чысыл лæппуйы. Æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд иннæ цыппар лæппуйы та ацыдысты фронтмæ. «Уыдонæй мæ фыд æмæ Гриша æрыздæхтысты фæстæмæ. Иннæ дыууæ æфсымæры – Цуца æмæ Ладико æнустæм баззадысты тохы быдыры. Абоны онг дæр нымад цæуынц æбæрæгæй сæфтытыл. Мæ нана йæ царды фæстаг боны онг дæр æнхъæлмæ каст йæ фырттæм», – йæ зæрдыл æрлæууыд Хъуылымбегты чызгæн.

Тлиахъанайы трагедийы æмæ мæ мады амæлæты фæстæ мæ фыды æнæниздзинад цæхгæр фæцудыдта æмæ цардæй ахицæн цалдæр азы фæстæ.

1991 азы 27-æм марты та гуырдзиаг лæгмартæ сыхаг гуырдзиаг хъæутæй бабырстой Хелцуайы хъæумæ. Йæ бон кæмæн ссис, уыдон алыгъдысты хъæдмæ æмæ уырдыгæй та æрцыдысты Цхинвалмæ. Лæгсырдтæ адавтой хъæуы цæрджыты исбон æмæ уый фæстæ зынджы хай бакодтой 220 хæдзары. Йæ хæдзары баззад 90-аздзыд зæронд рынчын ус. Бандиттæ йын йæ галиу къухы æнгуылдзыл сыгъзæрин къухдарæн куы ауыдтой, уæд ын æй хъуамæ рафтыдтаиккой, фæлæ зæронд усы æнгуылдзæй нæ куымдта, дæсгай азты дæргъы йæ куыствæллад къухыл тæппæлтæ (мозоль) кæй фæзынд, уымæ гæсгæ. Уæд гуырдзиаг абырæг райста кард æмæ удæгас усæн йæ къухы æнгуылдз алыг кодта. Сылгоймаг йæ туджы фæмæцыд æмæ стыр хъизæмæрттæ бавзарыны фæстæ амард дыууæ боны фæстæ. Хелцуайы хъæуы трагедийы тыххæй уын бæстондæрæй радзурдзыстæм æндæр хатт.

Ирыстоны фидæны фæлтæртæ хъуамæ зоной, гуырдзиаг æнæадæймæгтæ ирон адæмæн цы фыдракæндтæ фæарæзтой, уыдоны тыххæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.