Хуссар Ирыстоны историйы ис ахæм зæрдылдарæн бонтæ, кæцытæ баст сты хуссарирыстойнаг адæмы хъайтардзинадимæ. Растдæр нæ 31 азы хицæн кæнынц, уыцы хъысмæтскъуыддзаггæнæн боны цаутæй, кæцытæн уыд ахсджиаг нысаниуæг Хуссар Ирыстоны дарддæры историйы.

1989 азы 23 ноябры цаутæ Хуссар Ирыстоны алы цæрæг дæр хъуыды кæны, раст цыма знон уыдысты, афтæ. Уыцы уазал æмæ къæвдабоны 50 мин гуырдзиаг националисты автобустыл, уæзласæнтыл æмæ хисæрмагонд транспортыл рацыдысты Тбилисæй Цхинвалы ‘рдæм. Фæндагыл колоннæмæ æрбаиу сты Гуырдзыстоны æндæр цæрæн пунктты националисттæ æмæ криминалон элементтæ. Уый размæ бон, 22 ноябры газет «Сакартвело»-йы мыхуыр æрцыд сидт «Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм», кæцыйыл сæ къухтæ æрфыстой националистты лидертæ З.Гамсахурдиа, И.Церетели æмæ И.Батиашвили, цыран уыдон æргомæй æрсидтысты гуырдзиаг адæммæ Цинвалы митинг ауадзыны тыххæй. «Уыцы бон Цхинвалмæ рацæудзæн æнæхъæн Гуырдзыстон. Æмбырд кæнæм 9 сахатыл спорты галуан æмæ кинойы хæдзары цур. Транспорт мобилизацигонд у. Иууылдæр Цхинвалмæ! Немæ ис Хуыцау! Æгас цæуæд хæдбар Гуырдзыстон», – дзырдæуыд сидты.

1989 азы 23-æм ноябрь… Номхуындæй, ацы бонæй райдыдта Хуссар Ирыстоны ногдæр истори. 1989 азы 23-æм ноябры национ бæрæгбон – Джиуæргуыбайы боны Къуайсайы поселокыл айхъуыст ахæм хабар, зæгъгæ, боны 12 сахатмæ æввахс поселокыл хъуамæ рацæуа, Тбилис æмæ Ныгуылæн Гуырдзыстонæй Цхинвалмæ «сабырадон митинг» уадзынмæ чи цыд, уыдоны колоннæ. Ацы информаци бафидар кодтой Къуайсайы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ дæр. 31 азы размæ æрцæугæ хабæрттæ йæ зæрдыл æрлæууыдысты гуырдзиаг-ирон æмæ ирон-мæхъæлон хæстыты активон хайадисæг, къуайсайаг Зассеты Валойæн.

«1989 азы 23 ноябры Къуыдаргомы цæрджытæ уыдысты катайгъуыз, зын зæгъæн у, уыцы бон мах банкъардтам Фыдыбæстæйон хæсты райдиан кæй у, æви нæ, фæлæ сахатæй сахатмæ хатыдыстæм, уавæр æндыгъддæр кæй кæны, уый. Æмбисбонмæ æввахс мах ацыдыстæм автофæндагыл Часавалы хъæуы ‘рдæм. Фыццаг хидыл куы ахызтыстæм, уæд федтам, гакъон-макъон фæндагыл Ныгуылæн Гуырдзыстоны ‘рдыгæй кæй æрбацæуы автобусты æмæ æндæр автомашинæты колоннæ. Трассæмæ ма сæ хъуыд 200 метры бæрц, уырдæм мах тагъд цыдæй уайтагъд бахæццæ стæм, цæмæй сын сæ фæндаг æрæхгæдтаиккам. Уыдыстæм фондзæй: Плиты Виктор, Наниты Павлик, Тедеты Влад (абон дзæнæттаг, хъæбатырæй фæмард ирон-мæхъæлон хæсты рæстæджы), Æлборты Валик æмæ мæхæдæг Зассеты Вало.

Автобусты рудзгуытæй радардтой æмæ дымгæмæ фæйлыдтой алыгъуызон хуызты тырысатæ, æрмæст дзы нæ уыд Советон Цæдисы сырх тырыса. Æдæппæтæй дзы банымадтам 23 транспортон иуæджы æмæ 700 адæймаджы бæрц. Мах слæууыдыстæм иу рæнхъыл æмæ сын сæ фæндаг æрæхгæдтам. Уыдон нæ куы федтой, уæд колоннæ æрлæууыд, автобустæй рахызтысты 100 адæймаджы бæрц æмæ æрбацыдысты махырдæм. Се ‘хсæн уыд, милицийы формæ кæуыл уыд, ахæм адæймæгтæ. Куы нæм æрбахæццæ сты, уæд сæхи афтæ равдыстой, ома, ницы бамбæрстой æмæ нæ бафарстой, зæгъгæ  нæ цы бартæ æмæ бындурмæ гæсгæ  æрурæдтат æмæ нæ нæ фæндагыл цæмæннæ уадзут. Бынтон æввахс нæм æрба-цыдысты авд адæймаджы милицийы формæйы æмæ карзæй æрдомдтой, цæмæй мах апырх уыдаиккам æмæ сæ ауагътаиккам, загътой нын, зæгъгæ, уыдон цæуынц Цхинвалмæ «сабырадон митинг» уадзынмæ. Æз сæ афарстон, зæгъын, уыцы «сабырадон митинг» цæмæннæ уадзут Кутаисы, Амбролаурийы, Зестафоны кæнæ Оны. Уæд мын разæй, капитаны цинимæ цы милиционер лæууыд, уый карзæй сдзуапп кодта, зæгъгæ, сæхи хъуыддаг у Гуырдзыстоны территорийыл кæцы горæты уадзынц митинг, уый. Уæд Æлборты Валик йæхи нал баурæдта æмæ йын йæ капитаны пъагæттæм фæлæбурдта, иуы дзы раскъуыдта, иннæ дæр ма тыхæй хæцыд æндахыл, йæ сæхтæджытæй дæр цалдæр рахаудта. Уайтагъд милиционер йæ пъагон фелвæста, чысыл фалдæр алæууыд æмæ йæ пысултæ дзæбæхтæ кæныныл схæцыд. Мах сын фидарæй куы загътам, зæгъгæ, дарддæр иунæг машинæ дæр нæ ацæудзæн, уæд иуварс алæууыдысты æмæ цæуылдæр уынаффæ кæнын рай-дыдтой гуырдзиаг æвзагыл. Митингмæ цæуджытæ уыдысты,  сæйраджыдæр, 18 азæй 30 азы онг кæуыл цыд, ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уыдонæй хъавыдысты спайда кæнынмæ, гæнæн ис æмæ йæ уыдон зонгæ дæр ма кодтаиккой, Цхинвалмæ сæ цæй тыххæй æрвитынц, уый. Автотранспорты ‘хсæн хицæн кодта иу автобус тарбын рудзынгæмбæрзæнтимæ, цыран уыдысты 30 гæрзифтонг æвзонг, фидæрттæконд нæлгоймаджы, уыдон командæ кодтой колоннæйыл.

Нæ зæрдæтæ æнкъардтой цахæмдæр тыхст-дзинад, уымæн æмæ нырма йæ тыхы уыд Советон Цæдисы Уголовон кодекс, æмæ гæнæн уыд æмæ нæ уголовон бæрндзинадмæ æркодтаиккой, иннæ ахæм областы къухдариуæгадæй дæр ницахæм бардзырд райстам. Цыбыр рæстæгмæ нæ фæстæ æрæмбырд сты Къуыдаргомы цæрджытæй ноджы 100 адæйма-джы бæрц. Уыдонæн сæ цæсгæмттыл зынд фæндвидардзинад æмæ ныфсхастдзинады æнкъарæнтæ. Ирдæй сыл зындис,  цæттæ кæй уыдысты сæ райгуырæн Ирыстон куыдфæндыйæ дæр бахъахъхъæнынмæ.

Къуайсайы мидхъуыддæгты хайады милицийы капитан Хъоцыты Уырызмæг автомашинæ ЗИЛ-130 шофыр Икъоты Павликимæ сæ машинæйæ афтæ æрæхгæдтой фæндаг, цæмæй йыл ацæуæнтæ мауал уыдаид. Минутæй минутмæ уавæр кодта карздæрæй-карздæр. Гæрзифтонг лæппутæ цы автобусыл уыдысты, уымæн йæ дуæрттæ сæх-гæдтой, фæлæ гом рудзгуытæй бардзырдтæ дæттой милиционертæн æмæ сæм уыдон дæр хъуыстой. Уæдмæ нæ цурмæ æрбацыд æвзонг чызджыты къорд æмæ цалдæр лæппуйы. Уыдон нæм бахатыдысты, цæмæй сын бар радтаиккам къахæй Цхинвалы онг ацæуынæн. Ирыстоны сылгоймагимæ быцæу кæнын худинаг кæй у, уымæ гæсгæ мах аскъуыддзаг кодтам æмæ сæ ауагътам, уыимæ йæ тынг хорз æмбæрстам, ноябры мит кæй æруарыд, йæ бæрзæнд уыд æрдæг метры бæрц æмæ уазал кæй уыд, уымæ гæсгæ уыдонæй иуæн дæр йæ бон не суыдаид Цхинвалмæ 62 километры ацæуын нæ, фæлæ Кировы хъæуы онг бахæццæ уæвын дæр. Куыд ахъуыды кодтам, афтæ дæр рауад, æрдæг сахаты фæстæ тынг суазал æмæ сыдых сты, афтæмæй сæ ссардтой Кировы фæндагыл. Уыдонæн сæ бон не ссис дыууæ километры бæрц ацæуын дæр.

Фæнды мæ банысан кæнын майоры цины  гуырдзиаг милиционеры, иунæг адæймаджы, кæцы уæдмæ дæр дзырдта митингмæ цæуджытæн, цæмæй разылдтаиккой сæ машинæтæ æмæ ацыдаиккой фæстæмæ Гуырдзыстонмæ. Уый бацыд, тарбын рудзынгæмбæрзæнтæ кæцы автобусыл уыд, уыцы гæрзифтонг лæппутæм æмæ дæргъвæтин рæстæджы семæ быцæу кодта. Уыдон æм барт-хъирæн кодтой, зæгъгæ, фæлæуу, мах дын дæ хъуыддаг равзардзыстæм хæдзары.

Æртæ сахаты бæрц фæлæугæйæ, куы бамбæрстой, дарддæр сын фæндаг кæй нæй, уый, уæд разылдысты æмæ аздæхтысты фæстæмæ. Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй Къуыдаргомы цæрджытæ сæхи гæрзифтонг кодтой, цæмæй сæ бон уыд, уымæй: фæрæттæй, кæрдтæй, сагæйттæй, цуаноны хæцæнгæрзтæй. Ацы инциденты рæстæджы фидар кæй фæлæууыдыстæм, уымæй бамбæрстам, Къуайсайы поселок кæй у фидары хуызæн нæ респуб-ликæйы ныгуылæн хайы. Уыцы хъуыддаг иу æмæ дыууæ хатты нæ бафидар кодтой Къуыдаргомы цæрджытæ, 20 азы хæстон уавæрты цæргæйæ, кæцыйæ мах стæм сæрыстыр», – радзырдта нын Зассеты Вало.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.