Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы 1991 азы январы трагикон цаутæн ис уæлдай сæр-магонд бынат. 1991 азы 6-æм январы райсомæй раджы гуырдзиаг милицийы дæлхæйттæ æмæ æнæформалон бандитон къордтæ Цхинвалмæ куы æрбацыдысты, уыцы бонæй суанг 26-æм январмæ нæ горæты уыдысты тынг æндыгъд бонтæ, цыдысты дзы уынгты хæстытæ. 1991 азы 26-æм январы гуырдзиаг бандмилицийы дæлхæйттæ горæтæй æппæрст куы æрцыдысты, уыцы боныл сæххæст 30 азы.

Гуырдзиаг тыхæйисджытæ кæд бирæ фылдæр уыдысты, стæй алыгъуызон хæстон техникæйæ дæр ифтонг кæй уыдысты, уымæ нæ кæсгæйæ сын ирон хъæбатыр лæппутæ лæвæрдтой аккаг ныхкъуырд. 4-5 январы Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты управленийы кусджыты барæй æрымысгæ операцийы æфсонæн арвыстой горæтæй. Уыцы рæстæджы мидхъуыддæгты управленийæ æнæзакъонæй ахастой 250 иуæджы автоматон хæцæнгæрзтæ. Уæрæсейаг афицеры бæсты горæты комендантæй нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты управленийы кусджытæй сæ иу – гуырдзиаг В.Шаламберидзе, кæцы йæ удхæссæг уыдта ирон адæмæй. 5-æм январы горæтæй сусæгæй ацыдысты гуырдзиаг цæрджытæ, уый размæ сæ хæдзæртты уæлхæдзæртты снайпертæн бынæттæ сифтонг кæнгæйæ. Уыимæ иу гуырдзиаг дæр нæ бафæдзæхста, æгæрыстæмæй, сæ хорз зонгæ ирæтты, сы-хаджы дæр. Фæстæдæр куыд рабæрæг, аф-тæмæй Гуырдзыстоны къухдариуæгад бауырнын кодта этникон гуырдзиæгтæн, зæгъ-гæ, Хуссар Ирыстоны «фæтк æрæвæрыны фæстæ» фæстæмæ æрбаздæхдзысты ирæттæй ссæрибаргонд горæтмæ.

Хæцæнгæрзтæй хотыхджын 6 мин гуырдзиаджы, кæцытæн се ‘мбис уыдысты ахæстæттæй кæй рауагътой, ахæмтæ бацахстой горæты централон уынгтæ. Зæгъæн ис афтæ дæр, æмæ алы дыууæ ирон нæлгоймаджы ныхмæ дæр кæй лæууыд иу автоматджын тыхæйисæг. Горæты уынгтæ кæмыты иу кæнынц, уыдонæн сæ сæйрагдæрты ирон лæппутæ арæзтой баррикадæтæ бетонон конструкцитæ æмæ змисæй йедзаг голджытæй. Стихион æгъдауæй саразгæ штаб æрæмбырд кодта цалдæр дæсгай æвзонг лæппуты.

7-æм январы Советон Цæдисы сæргълæууæг М.Горбачев йæ къух æрфыста барамындыл, цыран бардзырд лæвæрдта фæрстæн хæстон архайдтытæ æруромыны тыххæй. 10-æм январы цхинвайлæгтæ сæ фæстаг фæндагыл фæндараст кодтой фыццаг амæттæгты. Горæты уæлмæрд гуырдзиаг оккупацийы зонæйы кæй уыд, уымæ гæсгæ ныгæд æрцыдысты 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты. Афтæмæй уым сырæзт мемориалон уæлмæрд. Горбачевы барамындмæ нæ кæсгæйæ, хæстон архайдтытæ дарддæр кодтой. Цхинвал фактон æгъдауæй уыд дыууæ хайыл дих – хурскæсæн, кæцыйы рæстæгмæ соккупаци кодтой знæгтæ æмæ ныгуылæн хайыл, кæцыйыл контроль кодта республикæйы Уæлдæр Совет. Хибахъахъхъæныны тыххæй сырæзт цалдæр штабы, кæцыты хæстонтæ æрвылæхсæв дæр ныхкъуырд лæвæрдтой знаджы атакæтæн. Уæдмæ Гамсахурдияйæн цы рæстæг рахицæн æрцыд «ирæтты гуырдзиаг æфсæйнаг уисойæ асæрфынæн» уый кæронмæ бахæццæ. Тбилисы ирон лæппуты æхсардзинад дисы баппæрста, сæ фæразондзинад æмæ хъæбатырдзинад сын уыд бынтон æнæнхъæлæджы.

26-æм январы ирон хъæбатыр лæппутæ гуырдзиаг бандмилицийы дæлхæйтты бынтондæр аппæрстой горæтæй. Сæ фæстæ цахæм фæд ныууагътой, уый нæ горæты цæрджытæй алчи дæр зоны. Ахæм фæд сæ фæстæ ныууадздзысты иууыл цъаммардæр адæймæгтæ. Бандмилици асастой Хуссар Ирыстоны паддзахадон банчы сейфтæ æмæ сæ адавтой 7 милуан сомы (уæды рæс-тæджы уыдон уыдысты стыр æхцатæ). Фæстæдæр фашист Гамсахурдия ацы фыд-ракæнды йæхи сраст кæныны тыххæй загъта, зæгъгæ, уыцы æхцатæй ирæттæ уæддæр самал кодтаиккой хæцæнгæрзтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, 26-æм январь хуссарирыстойнаг адæмæн уыд бæрæгбоны хуызæн, фæлæ уый фæстæ гуырдзиæгтæ бацахстой горæты сæрмæ позицитæ æмæ уырдыгæй æхстой сабыр цæрджыты. Уыцы рæстæджы фæмард æмæ фæцæфтæ сты бирæ адæм. Фæлæ уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, 26-æм январь уыд ирон адæмы фыццаг уæлахизы бон. Номхуындæй, уыцы рæстæджы фæбæрæг сты хихъахъхъæ-нынады къордты командирты хуыздæр ми-ниуджытæ, куыд, зæгъæм, Джиоты Алан (Парпат), Коцты Гри, Хуыбылты Валери, Джиоты Владик (Басмач), Бестауты Бала, Дзуццаты Владимир (Коко)  æмæ æндæртæ. Уыдоны хъæбатырдзинад, фæразондзинад Хуссар Ирыстоны бахъахъхъæдтой стыр фыдбылызæй, йæ адæмы та – скуынæг кæнынæй. Сæ нæмттæ систы легендарон æмæ цæрæнбонтæм бацæудзысты Ирыстоны историмæ.

 1991 азы 29-æм январы нæ горæты турбаза «Ирыстон»-ы бæстыхайæ, цыран дислокацигонд уыдысты Советон Цæдисы ми-дæггагон æфсæдтæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг сæргълæууæг Хъуылымбегты Торезы гуырдзиæгтæ куы аскъæфтой, уыцы боныл дæр æххæст кæны 30 азы. Ныхмæлæууæг фарс афтæмæй бафæлвæрдта ирон адæмы басæттын, фæлæ сæ фæндæй ницы рауад, сæ фæнд сæ хъуыры фæбадт.

Хъуылымбегты Торез æмæ йæ шофыр Уалыты Сергей  гуырдзиаг ахæстæтты цы зындзинæдтæ, тухитæ бавзæрстой, уыдæттыл ногæй дзурын уæлдай у. 1991 азы 23-æм декабры Гамсахурдияйы ныхмæлæуджытæ, ома, оппозици фæактивондæр кодтой сæ архайд, хъуамæ раппæрстаикоой хицауиуæгады режимы. Уымæй спайда кодтой криминалон авторитеттæ дæр. 23-æм декабры ахæстонæй ралыгъдысты сæдæгай ахæсты, уыцы нымæцы – ирæттæ дæр. Ирæттæ адих сты дыууæ къордыл, сæ фæндаг уыд ахæм: Кутаисæй Къуыдаргомы хæхтыл – Къуайсамæ. Хæдзармæ цæугæйæ, Уалыты Сергейы фæндаг аххæссыд 11 суткæйы дæргъы. Сæдæгай километртæ хæххон бынæтты лæгæрстой астæумæ миты, ахæм фæндагыл цæуын алкæй бон нæ бауыдаид. Цыдысты хиаразгæ «компасмæ» гæсгæ æххормаг æмæ фæлмæцыдæй. «Компасы» рæдыдтыты аххосæй æнæхъуаджы фесæфтой бирæ рæстæг æмæ ма тыхæйты сæрæгасæй сæмбæлдысты сæ райгуырæн Ирыстоныл.

Уымæй цалдæр боны фæстæдæр Алексей Востриков Цхинвалмæ вертæхæгыл фæхæццæ кодта республикæйы Сæргълæууæг Хъуылымбегты Торезы дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хъуылымбегты Торезы æнæниздзинад фæцудыдта Гуырдзыстоны ахæстоны æмæ цалдæр азы размæ йæ цардæй ахицæн цæрынхъуагæй, фæлæ йæ Хуссар Ирыстоны адæм никуы ферох кæндзысты.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ хуссарирыстойнаг адæм 1991 азæй фæстæмæ цы уæззау фæндæгтыл рацыдысты æмæ 2008 азы августы тугуарæн хæсты цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдоны тыххæй нæ хъæуы рох кæнын. Науæд йæ ивгъуыд чи ферох кæны, уыцы адæмæн хорз фидæн никуы вæййы…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.