Комы  ивгъуыд цардæй

Бирæ хъæутæ фесты хъæууат Хуссар Ирыстоны. Уыдонæй сæ иу – Дзомагъгом. Зæгъын хъæуы уый æмæ Дзомагъгом йæхæдæг цалдæр комыл кæй дих кæны. Абон ацы комы хъæуты иу цæрæг дæр нал баззад, æрдзон карз уавæртæ, афтæ ма сын ныры царды уавæртæ дæр, сæ къух кæй нæ арæзтой уымæ гæсгæ фæлыгъдысты æндæр æмæ æндæр рæттæм цæрынмæ.

Ирон хорз æгъдæуттæ, ирон лæджы удыхъæды бирæ хорз миниуджытæ, ирон фарн, иумиагæй сисгæйæ, фылдæр æмæ хуыздæр бахъхъахъæд кæм æрцыдысты, Ирыстоны уыцы кæмттæй сæ иу у Дзомагъгом. Æмæ куыд æндæр кæмтты, афтæ ацы комæн дæр, кӕд йæ цæрджытæ фæлыгъдысты, уæддæр дзы чи кæдæм ацыд, уым дарддæр кæны æмæ йæ уды хæссы йæ фыдæлты стыр фарн.

Кæддæр Ирыстоны æндæр кæмттау ацы комы дæр цард цæдджинагау фыхтис. Ам, бæрзонд хæхты хъæбысы цардысты æрдзон карз уавæрты сыхаг сыхаджы ныфсæй, хъæу хъæуы ныфсæй. Алы хæдзары дæр хъомыл кодтой бирæ сывæллæттæ. Уыдон рæзтысты, ивтой хистæрты, фæлтæр фæлтæры. Æмæ кæд абон нырыккон афоны сæ цардыл дзурæн нал ис, кæд сæ фидæны цардæн та снывгæнæн, нæ цæстытыл ауайынгæнæн дæр нал ис уæддæр абон æмбæлы йæ ивгъуыдыл æрдзурын. Уый хъæуы канд дзомагъæгтæн сæхи нæ, фæлæ махæй алкæй дæр, Ирыстоны абон йæ ивгъуыд æмæ йын йæ сомбонмæ чи цымыдис кæны, уыдоны иууылдæр.

Дзомагъгомы æдæппæт уыдис фондз хъæуы: Дзыхъхъы Дзомагъ, Магъ, Дзугаты хъæу, Къæззаты хъæу æмæ Садджын-къуырфы хъæу. Фыццаг цæрджытæ ам кæд фæзындысты, уый бæлвырд бæрæгæй ничи зоны, фæлæ ацы хъæуæй рацæуæг, Джыгкайты Эльбрус куыд зæгъы, афтæмæй Мызурмæ хæстæг уыдис ахæм хъæу, Зынцъар, зæгъгæ, æмæ уымæн йæ хæдсæрмæ хохы рагъыл цардысты Джыккайтӕ цалдæр æфсымæрæй. Уый уыдис раджы заманы, сæ хистæр æфсымæр Додти фæтуджджын ис. Уæды заманы та туг тугæй истой æмæ цæмæй дарддæр тугкалд мауал æрцыдаид, уый тыххæй Додти хæхты сæрты рахызт æмæ ссыдис Дзыхъхъы Дзомагъ кæм уыдис, уырдæм. Уым ыл баталынг ис æмæ дзы æрæхсæвиуат кодта. Райсом куы райхъал, уæд йæ алыварс йæ цæст ахаста, йæ зæрдæмæ фæцыдис æмæ ахъуыды кодта, ам дон ис æви нæ, уый хъуамæ бабæрæг кæнон. Кæм æрæхсæвиуат кодта, уымæй фынддæс метры æддæдæр сыфтæрты бын ссардта дон. Ракъахта йæ, æмæ разынд заманайы хорз суадон. Уыцы суадон абоны бон дæр уæвы. Додти араст æмæ ссыдис Атынæг бадæн хохмæ, уый та ис Бурсамдзелийы бынмæ Сау хохы рагъыл. Додти йæ алыварс куы акастис, уæд федта – иу ранæй цæуы фæздæг. Лæг аскъуыддзаг кодта, цом фенон æмæ базонон чи сты, цы сты. Уыдон разындысты Плитæй. Хæдзары хицауы ном хуындис Бедзе æмæ йын уыдис фондз фырты. Фысымтæ сæ къæсæрыл уазæг куы федтой, уæд фæджихиау сты, зæгъгæ, ам сæхи йеддæмæ змæлæг куынæ ис, уæд кæцæй æрхаудтаид ацы лæг. Уазæджы мидæмæ бахуыдтой æмæ йæ суазæг кодтой. Фысымтæ йӕ куы æрфарстой, уæд сын лæг йæ хабæрттæ ракодта æмæ мын, зæгъгæ, кæд сымах ам æрцæрынæн бар ратдзыстут, уæд æз дæр дæлæ уыцы фæзы саразон иу халагъуд æмæ мæ бинонты уырдæм æркæнон. Бедзе бацин кодта, зæгъгæ, æгайтма мæ цуры цæрæг фæзындзæн.

ДЗОМАГЪГОМ

Додти хæдзар аразын райдыдта, æмæ уыцы иурæстæджы райдыдта мæсыг амайын дæр. Йæ бындурæй фондз метры уæлдæр куы ссыд, уæд сзындис хъæды астæуæй. Уыцы хъуыддаг Бедзе куы федта, уæд æрфæсмон кодта, ай цы сарæзтон, зæгъгæ, мæхицæн. Додти йын не схъæр кодта æртæ фырты йын кæй ис – Хосейа, Куыдзан æмæ Радзан. Куы бахъомыл уой æмæ, мыййаг, мæ фырттимæ куы фæхъаугъа уой. Исты фыдбылыз куы æрцæуа искуы, – хъуыды кодта Бедзе. Бахъомыл сты Додтийы фырттæ, устытæ æрхастой æмæ ахицæнтæ сты æртæ фыды фыртыл. Хъæу сыстыр – баисты 36 цæрæг хæдзары. Бедзетимæ дæ цæст сау дæр кæрæдзийæн никуы загътой.. кæрæдзийæ райдыдтой чызджытæ курын. Уыцы рæстæджы сæм æрбафтыди Дзугатæй иу хæдзар æмæ сын уыдонимæ дæр уыдис хъарм ахастытæ. Хъæу уæрæхæй уæрæхдæр кæнын райдыдта. Сæ кæрæдзийӕ чызджытæ кæй куырдтой, уымæ гæсгæ систы хæстæджытæ. Дзыхъхъы Дзомагъы куы сбирæ сты Джыккайтæ, уæд сын зæхх нал фаг кодта æмæ дзы æрбалыгъдис Магъы хъæумæ дæр. Фæстæдæр ма сæм æрбафтыдсты дыууæ мыггаджы – Уалытæ æмæ Касатæ, афтæмæй сырæзт Магъы хъæу. Дзомагъы ма æрцардысты Дзугатæ дæр æмæ сæ хъæу дæр рахуыдтой афтæ – Дзугаты хъæу. Уæлдæр ма куыд загътам, афтæмæй Дзомагъгомы æппæты фыццаг цы иунæг хæдзар цардис Плитæй – уыцы хъæуы цардысты Плитæ, афтæмæй Дзомагъгомы адæм æдæппæт баисты 80 цæрæг хæдзармæ æввахс. Дзомагъгомы бацæуæны ма Гуыбатæй дæр æрбынат кодтой дыууæ æфсымæры.

Къæззаты хъæу хуыдтой Сомихгом. Кæддæр, дам, уыцы бынаты цардысты соми-хæгтæ. Уый та бæрæг у, уымæй æмæ дзы цы зæронд уæлмæрдтæ ис, уыдоныл фыст уыдис сомихагау. Задис, дам, дзы сæнæфсир. Уый та уымæй бæрæг у æмæ дзы бирæ рæтты кæй разындис быркуытæ. Уæд, дам, ам мит нæ уарыд æмæ, дам, кæддæр Бонвæрнон ахст уыдис Уастырджимæ. Уастырджийæн фосы рæгъæуттæ уыд Турчы зæххыл æмæ сæ бæрæггæнæг куы цыдис, уæд йæ усæн бафæдзæхста Бурсамдзелийы цъуппыл ын цы аст хатæн уыдис, уыдоны. Авд дуары дæр иу æрбакæн, æстæммæ ма февнал, зæгъгæ. Уастырджи ацыдис йæ фæндагыл. Ус Уастырджимæ нæ байхъуыста æмæ æстæм уаты дуар дæр æрбакодта æмæ Бонвæрнон уырдыгæй атахтис. Уыцы рæстæджы Уастырджи бадт, йæ фос кæмæ уыдысты, уыцы хæдзары фынджы фарсмæ. Уæд сæм бауадысты фысымы сывæллæттæ æмæ дзурынц: уæлейæ, дам, урс цыдæртæ хауы æмæ дзы къæхтæ сийынц. Уастырджи бамбæрста, Бонвæр-нон кæй аирвæзтис. Йæ бæхыл абадт æмæ æрбахæццæ Оны калакмæ. Оны калак æй уымæн схуыдтой æмæ, дам, мит уыйбæрц æруарыд æмæ Уастырджийы бæх мит йæ онтæй ссыдта размæ…

Хъæутӕ ивтой хуыздæрæрдæм

Дзомагъæгтæн сæ царды уавæртæ бонæй бонмæ хуыздæр кодтой. Тыдтой хъæбæрхор, картоф, дардтой фос. Зымæг-иу лыстæг фосы аскъæрдтой Хъызлармæ. Дзомагъы чи куыд раздæр æрцард, афтæ йæм фылдæр зæхх уыдис, бонджындæр уыдысты. Дардтой æххуырстытæ дæр.

Ивгъуыд æнусы æртынæм азтæ дзомагъæгтæн уыдысты стыр ивындзинæдты азтæ, канд ахуыры хъуыддаджы нæ, фæлæ царды æппæт къабæзты дæр. Фидар цыдысты советон цардæвæрды бындуртæ. Райтынг ис колхозон арæзтад æмæ йæ иувæрсты нæ ахызтысты Дзомагъæгтæ дæр. 1937 азы Дзомагъгомы алы хъæуы дæр сарæзтой колхоз æмæ алы хæдзар дæр лæвæрдта, кæмæ куыд фылдæр фос уыдис, афтæ. Бонджынтæ сæ бархийæ нæ лæвæрдтой, æмæ сын сæ фос колхозмæ скъæрдтой тыхæй. Мæгуыртæ колхозмæ тындзыдтой сæхæдæг. Адæмæй цы зæххытæ райстой колхозон арæзтадæн, уыдоны тыххæй рахастæуыд ахæм фæндон, цæмæй зæххы хицау йæ хуымы йæхæдæг байтыдтаид йæхи хорæй æмæ йæ афтæмæй æд тыллæг радтаид колхозмæ. Дзыхъхъы Дзомагъы, уыцы рӕстӕджы фыццаг сӕрдарӕй куыста Джыккайты Серги, Дзугаты хъæуы – Дзугаты Гæбила, Магъы хъæу – Джыккайты Хабе, Садджын Къуырфы – Плиты Местор, Къæззаты хъæуы та – Плиты Техъа.

Адæм разы уыдысты сæ колхозтæй. Тыдтой, сæйраджыдæр, хъæбæрхор, картоф.

50-æм азты ацы хъæуты колхозты дæр сиу кодтой æмæ сæ рауадис иу хъомысджын колхоз. Сæрдæрттæй дзы куыстой Джыккайты Никъала, Плиты Андро, Дзугаты Къола æмæ фæстагмæ та Джыккайты Хазби.

1939 азы Дзомагъы сырæзт дурын бæстыхай æртæ хатæнæй – райдиан скъола. Фыццаг ахуыргæнджытæ дзы уыдысты рукъаг Дзеранты Бытъа æмæ уанелаг Цæбиты Мате, уый фæстæ та Джыккайты Лизæ æмæ Аннæ. Фæстæдæр Дзомагъгомы алы хъæуæн дæр уыд йæхи райдиан скъола. Æрмæст Дзугатæ æмæ Къæззаты хъæуæн уыдис иу скъола.

1946 азы Дзомагъы сырæзт астазон скъо-ла. Диекторæй дзы куыстой Джыккайты Есен, Плиты Арамос æмæ Бурляктæ – мад  æмæ чызг. Астæуккаг ахуырад райсынмæ та цыдысты Ручъы астæуккаг скъоламæ. Бон сæ дыууæрдæм цæуын хъуыд 24 километры. Зымæг та ахуыргæнинæгтæ Ручъы хъæуы цæрджытæм æххуырсты цардысты.

Дзомагъæгтæ æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæст

Азтæ куыд цыдысты, афтæ дзомагъæгтæн сæ цард кодта хуыздæрæй хуыздæр æмæ ноджыдæр хуыздæр кодтаид цадæггай, фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ сæ равзаргæ фæсивæд фæцыдысты немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ хæцынмæ. Дзомагъгоймæгтæ, авд æйтмардзæ хæстон лæппуйæ, цæттæ æфсæддонтæй фæцыдысты хæсты быдырмæ. Уыдон Калачы каст фесты æфсæддон ахуыргæнæндон. Систы лейтенанттæ æмæ хæсты цæхæрмæ бахаудысты. Уыдон уыдысты Джыккайты Герас, Стасик, Петя, Логка, Дзугаты Хазби, Филим æмæ Плиты Зауыр. Æдæппæт Дзомагъгомы фæсивæдæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдыр-мæ фæцыдысты 43 сагур лæппуйæ. Уыдонæй фæстæмæ нал сыздæхтысты 14.

Фæсхæсты æмæ уыйфæстæ азты цард ногæй æндидзын æмæ размæ цæуын райдыдта. Дзомагъæгтæн дæр сæ цард кæй хуыздæр кодта, уый сæйраджыдæр, уыди сæхи тых, сæхи хъаруйы руаджы. Дзомагъгомы адæмæн стыр фæллойадон æнтыстытæ уыдис. Сæ колхозы стурвосы нымæц схызтысты 800 сæрмæ, лыстæгкъах фосы нымæц та 2 мин æмæ æрдæгмæ. Тыдтой хъæбæрхор, картоф æмæ колхозонты куыстмыздмæ дих кодтой дыгай тоннæты бæрц. Фæлæ адæймаджы сконд ахæм у, æдзух æй хуыздæрæй хуыздæр цард хъæуы. Æмæ  1944 азы Мæхъæлы куы сыстын кодтой Горæтгæрон районæй, сæ цæрæн бынæттæй, уæд уырдæм Дзомагъгомæй цæрынмæ фæлыгъдысты бирæ адæм æмæ æрбынат кодтой Комгæрон, Ногир, Тарскæ, Комбилеевкæ æмæ Сунжæйы хъæуты.

Цы цæрджытæ ма дзы баззадис, уыдон 1963 азы баиу кодтой Ручъы хъæусоветмæ.

Ком сӕрыстыр кӕмӕй уыд

Дзомагъгомæй бирæ  номдзыд, дзырддзæугæ лæгтæ рацыд. Уыдон канд хæххон куыстыты не ‘вдыстой сæ арæхстдзинад, сæ лæджыхъæд, фæлæ стыр кад æмæ ном скодтой сæ хъæубæстæн. Ахæм дзырддзæугæ лæгтæ уыдысты Джыккайты Дауит, Гæбила, Хъазбег, Никъала, Хабе, Хазби, Дзугаты Гæбила, Хасæхъо, Борсæ, Гуыбаты Дзакко æмæ  Харшил, Плиты Техъа, Быдо æмæ Гиго. Адæмон хосгæнджытæ уыдысты Джыккайты Сачино ӕмæ Чъебо.

Ацы хъæуæй рацыдысты зынгæ ирон фысджытæ Дзугаты Георги æмæ Джыккайты Шамил, адæмон зарæггæнæг Джыккайты Аким, иллюзионист Джыккайты Эльбрус, юстицийы инæлæрттæ Георги æмæ Владимир, инженертæ Хетæг æмæ Соломон, нывгæнæг Мурат, дæлбулкъонтæ Дзоццæ æмæ Хъазбег, революционер Плиты Арон æмæ йæ фырт Агуыбе – тæлмацгæнæг.

Куыд Ирыстоны алы хӕххон хъæуты цæр-джытæ, афтæ Дзомагъгомы цæрджытæ дæр уыдысты кувæг адæм. Ис сын кæмæн фæкувынц, ахæм дзуæрттæ. Ахæм-тæ сты Атынæг, Уастырджийы кувæндон, Стыр-дзыхъхъы дзуар, Найфаты дзуар, Хъæузæд, Ичъынайы кувæндон, Реком. Ныхасы Уастырджи, Сæрыдзуар, Ракæсæны дзуар.

Дзомагъгомæй ма фæстаг цæрæг бинонтæ ралыгъдысты 1991 азы æмæ уæдæй фæстæмæ бынтондæр федзæрæг ис, банымæг дзы цард.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.