Ирон адæмы историйы бирæ зындгонд адæймæгтæ уыд, кæцытæ æнустæм баззадысты сæ мысынады. Уыдонæй сæ иу уыд, æппæт дунейы дæр йæ кой кæмæн айхъуыст, уыцы ирон бæгъатыр Хъаныхъуаты Бола. Къæдзæхы йас кæй уыд, тыхгæнæг ын тых кæй нæ ардта, уымæ гæсгæ йæ адæм схуыдтой Хъазыбеджы хох.

Абон мæ йæ кой ракæнын уымæн фæнды, æмæ кæстæр фæлтæр хъуамæ зоной æмæ аргъ кæной Ирыстонæн ном чи скодта, уыцы хъайтарты, ма сын рох кæной сæ рухс нæмттæ.

Революцийы агъоммæ дæрдтыл айхъуыст йæ кой Хъаныхъуаты Болайæн. Уый фæуæлахиз бирæ зындгонд богæлттыл æмæ кæд хъæбысæй дзæвгар рæстæг  фæхæцыд, уæддæр ыл никуы ничи фæтых. Йæ ас æмæ йæ хъаруйыл сæ цæст æрывæрдтой канд Уæрæсе-йы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Уый иу æмæ æмæ дыууæ хатты нæ фембæлд Европæйы тыхджындæр хъæбысæйхæцджытимæ. Париж æмæ къорд æндæр ныгуылæн-европæйаг горæтты йæ тых æвзæрста йæ рæстæджы домбайдæр богæлттимæ æмæ-иу алыхатт дæр рацыд уæлахизæй.

Хъаныхъуаты Дударыхъойы фырт Темырболат (Бола) райгуырд 1869 азы Хъобаны. Уый хъомыл кодта бирæ бинонты æхсæн. Уыдис лæ-мæгъ, низæфхæрд сывæллон æмæ афæдзы онг тынг хорз нæ рæзтис. Афæдз ыл куы сæххæст, уæд æнæнхъæлæджы рæзынмæ фæцис, æмæ дыууæаздзыдæй уыдис цыппараздзыды йас. Иуахæмы йæ мад, дыууæ бедрайы донæй сæ тæккæ дзаг, афтæмæй уынджы фæуагъта, йæхæдæг сæ сыхæгтæм бауад. Уыцы рæстæджы Бола уынджы хъазыд. Бедраты ауыдта æмæ сæ сæхимæ бахаста. Мад ахъуыды кодта, зæгъгæ, йæ лæг искуыцæй фæзынд æмæ сæ уый бахаста. Сæ хæдзары къæсæрæй куы бахызт æмæ Болайы дзаг бедратæ тæрхæгыл æвæр-гæ куы федта, уæд йæ дисæн кæрон нал уыд.

Болайыл азтæ куыд цыдысты, афтæ тыхджынæй тыхджындæр кодта, фæлæ йын мад цæстыйæ тарст æмæ йæ никæмæн дзырдта. Фыды та, кæй зæгъын æй хъæуы, æххуысгæнæг хъуыд æмæ йæ йемæ хъæдмæ кæнын райдыдта. Лæппу-иу ахæм хъæдтæ систа, æр-тæ стыр лæджы кæй нæ фæрæзтой. Иуахæмы та галтыл хъæдæй æрбацæйздæхт. Цæхгæр фæхæрдгæнæны галтæй иу фæлæууыд æмæ уæрдон фæстæмæ атылд. Бола галы феуæгъд кодта, йæ риу æфсондзмæ фæцарæзта æмæ иннæ гали-мæ сугтæй дзаг уæрдон фæуæле кодтой.

Дзæвгар рæстæг хъобайнæгтæ Болайы домбай хъаруйы хабарæн ницы зыдтой, фæлæ йæ иу хатт бафæлварынывæнд скодтой. Болайы фыдыфсымæры лæппу, æстдæс æмæ æртиссæдзаздзыд Хъаныхъуаты Гуыбе йæхæдæг æвдисæн уыд ацы цауæн æмæ афтæ радзырдта:

«Хъæуы фæсивæд бæлас къæлæты хуызæн æртасын кодтой æмæ йыл хосы цъына самадтой. Болайæн та бафæдзæхстой, цæмæй галтыл хос æрластаид. Æз дæр æмæ Бола дæр нæ зыдтам, хос таст бæласыл амад кæй уыд, уый. Цъынайы цурмæ куы схæццæ стæм, уæд ыл Бола бæндæн æрбабаста æмæ йæ йæ зæрды галуæрдоны цурмæ баласын уыд. Бæндæныл ахæцыд, фæлæ цъына йæ бынатæй сæн-къуысын кæнын дæр нæ бакуымдта. Уæд Бола ноджы тынгдæр ахæцыд æмæ бæндæн атыдта. Лæппуйы маст рафыхт. Бæндæн бабаста æмæ та йыл ногæй ахæцыд. Цъына афæлдæхт æмæ федтам, бæлас æд уидæгтæ куыд срæдывта, уый. Абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы, Бола нæ хъæуккæгты хин бамбар-гæйæ йæ мидбылты фæлмæн куыд бахудт, уый».

Уыцы фæлварæны фæстæ Болайы кой айхъуыст æнæхъæн Ирыстоныл. Авд æмæ йыл ссæдз азы куы рацыд, уæд йæ бæрзæнд уыд 2 метры æмæ  27 сантиметры, йæ уæз та  217 килограммы. Кæд ахæм егъау уыд, уæддæр йæ бакаст цæс-ты ахадыдта, уыди саджы фисынтыл амады хуызæн.

Болайы Хъобанæй фыццаг хатт балцы ахуыдта йе ‘рвад булкъон Хъаныхъуаты Мамсыр. Уый уыдис Майкоппы бæхты заводы хицау. Уазæгуаты уæвгæйæ, Болайыл сæ  цæст æрывæрдтой францаг хъæбысхæсты разамонджытæ. Хъаныхъуаты лæппу фыццаг хъæбысæй рахæцыд 1904 азы Калачы. Уым ын балæвар кодтой гуырдзиаг адæмон уæлæдарæс.

Уый фæстæ Болайы цæттæ кæнын райдыдта францаг хъæбысхæсты дæсны Шарлякс. Дзæуджыхъæуы горæты Бола æппæты фыццаг гауызмæ рацыд 1906 азы уый фæстæ йæ хъару æвзарын райдыдта Мæскуыйы, Бетъырбухы, Киевы, Одессæйы æмæ бирæ æндæр горæтты. Хъæбысæй хæцыдис италиаг æфсымæртæ Труцциты, Гампрелидзейы, Малягины æмæ бирæ æндæр цирчыты. Бола архайдта францаг хъæбысхæсты чемпионаты æмæ-иу нымад æрцыд уæлахиздзауыл. Йæ уæлахизты тыххæй арæх фыстой газетты. Газет «Терские ведомости» 1910 азы 5-æм октябры фыста: «Бола – Хъазбеджы хох 7 минутмæ портеры хæцгæйæ йæ уæнгтыл авæрдта Сепникы. Уый нымад уыд тыхджын богалыл, фæлæ Болайы ныхмæ лæууын 7 минуты йеддæмæ нæ бафæрæзта.

Бола канд францаг хъæбысхæсты дæсны нæ уыд, фæлæ арæхстджынæй архайдта америкаг хъæсхæст «каче-качейы» дæр

«Терские ведомости» ма 1910 азы хъусын кодтой: «Америкаг хъæбысхæст «каче-качейы» архайгæйæ Хъазбеджы хох (Бола) æмæ Шибильскийы фембæлд фæци иу минутмæ, Шибильский фæхæрд, афтæмæй».

Иуæй-иу хатт-иу Бола æмæ йæ ныхмæ-лæууæджы фембæлд ахицæн хæрæгсастæй. Афтæ дæр иу рауад, Болайы иу изæрмæ цалдæр богалимæ хæцын куы бахъуыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, се ‘ппæтыл дæр иу фæуæлахиз. 1910 азы 10 октябры Бола фæд-фæдыл рахæцыд цыппар богалимæ: Ван Ротенимæ, Сычевимæ,япойнаг Онуимæ æмæ Моховимæ. Се ‘ппæты дæр абырста, фондз минутæй дзы фылдæр никæуыл бахардз кодта, афтæмæй.

Бирæнымæц æвдисæнтæ куыд дзырдтой, афтæмæй Болайыл никуы ничи фæуæлахиз. 1915-1916 азты фæуæлахиз йæ рæстæджы тæккæ зындгонддæр богæлттæ Сали Сулейманыл, Майсурадзе Къостайыл, Али-Оглыйыл, Заикин Иваныл, Загорулькойыл, Горковенкойыл. Абырста йе ‘уæхсчытыл æфсæйнаг лæдзджытæ чи тасын кодта, уыцы Рубины.

Берлины дунейы чемпионаты йæ гæрзтæ æрæвæрын кодта Франц Миллерæн, дунейы чемпион Поль Поносæн, Болгарийы чемпион Николе Петровæн, туркæгтæ Шекир Пельванæн, Ахмед Пельванæн, Коч-Ахмедæн, Англисы чемпион негр Цыпейæн, америкаг Бамбулæйæн, италиаг Джаморейæн, даниаг Педерсон æмæ æндæртæн.

Газет «Каспий» 1909 азы Бакуйы дунеон чемипионаты тыххæй афтæ фыста: «9 апрель. Иогансон (Норвегийы чемпион) рацыд гауызмæ æмæ йæ ныхмæлæууæг ирон богалы куы ауыдта, уæд йе уæхсчытæ базмæлын кодта, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд, цы йын мæ бон бауыдзæн, зæгъгæ. Æцæгæйдæр, куыддæр тæрхонгæнджыты æхсидт райхъуыст, афтæ Бола йæ ныхмæлæууæджы роныл фæхæцыд æмæ йæ  26 секундмæ йе ‘уæнгтыл авæрдта».

 Ахæм хъаруйы хицау уыди не ‘мзæххон. Бола йæ царды фæстаг бонтæ арвыста Майскийы станицæйы. Уым цард йæ бинойнаг, йæ чызг æмæ йæ кæнгæ лæппу Василиимæ. Амард 1922 азы. Хъаныхъуаты Бола адæмы æхсæн баззад канд хæрзæгъ-дау, хæдæфсарм адæймагæй, тыхджын богалæй нæ, фæлæ ма хуымæтæджы  фæллойгæнæгæй.

Æрмæг бацæттæ кодта

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.