Горæты централон библиотекæйы коллектив банысан кодтой  Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны бæрæгбон. Мадзалмæ фæхуыдтой библиотекæйы активондæр чиныгкæсджыты, уыцы нымæцы скъоладзауты дæр.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта библиотекæйы сæргълæууæг Прокопенко Ирина. Уый æрæмбырдуæвджытæн æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн раарфæ кодта бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта Уæрæсейы Федераци ныфсджын къахдзæф кæй сарæзта нæ республикæйы хæдбардзинад банымайгæйæ æмæ уымæй йæхи авторитет дæр кæй схизын кодта. Уый радзырдта 2008 азы августы хæсты размæ дæр æмæ нын уый фæстæ дæр Уæрæсе цы æххуыс кодта æмæ кæны, уыдæтты тыххæй.

2008 азы августы онг дæр хуссайраг ирæттæ цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, уый тыххæй сæ мысинæгтæ радзырдтой Тедеты Эльзæ æмæ Гуыззыдтаты Этери, Габодзе Маринæ, Къæбысты Валентинæ æмæ Коцты Людмилæ та радзырдтой, августы хæсты рæстæджы сæхæдæг цы федтой æмæ цы тас бавзæрстой, уыдæтты тыххæй.

Скъоладзаутæ Зассеты Аделинæ æмæ Гуыззыдтаты Алинæ бакастысты докладтæ республикæйы хæдбардзинады тыххæй. Сæ докладтæ уыдысты мидисджын æмæ цымыдисон. Дзæгъиаты Агуындæ æмæ Гаглойты Виктория та  бакастысты æмдзæвгæтæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.