Наркотиктыл цайдагъдзинад нырыккон дуджы ссис егъау æхсæнадон низ. Стыр хъыгагæн, ныртæккæйы рæстæджы наркомани у стыр пайдахæссæг бизнес, кæцы фадат дæтты искæйы æнамонддзинадæй хи схъæздыг кæнынæн. Наркотиктæ чи уæй кæны, уыцы бæстæтæ сты Æввахс æмæ Астæуккаг Хурскæсæн, Азийы бæстæтæ. Героины дунеон масштабы ифтонггæнæг та у Афганистан. Æрвылаз дæр нароктиктæй амæлынц 100 мин адæймагæй фылдæр.

Хæрзæрæджы уыд ахæм цау. Аргентинæйы полици ссардта наркотиктæ дунеон сувенирон кубокты, кæцыты ластой Уæрæсемæ футболæй дунейы чемпионатмæ. Буэнос-Айресы полицийы департамент куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ барадхъахъхъæнæг кусджыты руаджы æрцахстæуыд, Уæрæсемæ арвитынмæ цæттæ чи уыд, уыцы наркотикон буарадты. Æдæппæтæй партийы æмбæхст уыд 10 килограммы кокаин æмæ 20 килограммы та – марихуаннæ. Алы сувениры дæр бацыд иу килограмм æмæ æрдæг наркотиктæ. Сæххæстгонд операцийы хатдзæгтæм гæсгæ æрцахстой 6 адæймаджы – 4 нæлгоймаджы æмæ 2 сылгоймаджы, кæцытæ уыдысты фыдракæндон организацийы уæнгтæ.

Ныр та ракæнæм нæ чысыл Ирыстоны кой. Сусæггаг нæу уый, æмæ хуссарирыстойнаг æвзонг фæсивæдæй дæр иуæй-иутæ кæй бахаудысты наркотикты æндæвдады бын. Раздæры, ома, Советон Цæдисы рæстæгимæ абаргæйæ, ныртæк-кæ наркотикон буарадтæй чи пайда кæны, уыцы адæймæгты нымæц у бирæ фылдæр. Уыцы рæстæджы къухты æнгуылдзтыл банымайæн уыд, Хуссар Ирыстоны  наркотикон буарадтæй чи пайда кодта, уыцы адæймæгты. Тынг дисау нæм каст ахæмты тыххæй фехъусгæйæ. Кæддæр раздæры Облæххæсткомы бæрнон кусæджы лæппу (йæ мыггаг ын барæй нæ дзурæм) ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон институты æмæ уым фæрæзджын ныййарджыты фырт фæцайдагъ наркотиктыл. Иу хатт лæппуйæн йæ дозæ æгæр бирæ кæй фæцис, уый аххосæй йе ‘взонг цард аскъуыд æмæ йæ мард ласгæ фæцис Цхинвалмæ. Уыцы хабар  адæммæ тынг диссаг фæкаст. Фæлæ абон ахæм трагикон цаутæ кæд бирæ фылдæр сты, уæддæр диссаг никæмæ уал кæсынц. Нæ цард афтæ сæмтъеры рацарæзты дуджы æмæ диссагыл дис ничиуал кæны. Уæ цæст ма ахæссут æндæра æрмæст нæ чысыл горæты наркотикон буарадты аххосæй цал æвзонг адæймаджы цард аскъуыд. Уыдонæй цалдæр уыдысты иунæг лæппутæ сæ ный-йарджытæн æмæ афтæмæй æвæстаг фесты. Нæ чысыл Ирыстонæн иу адæймаджы цард дæр тынг зынаргъ у.

2008 азы августы хæсты фæстæ Хуссар Ирыстон æндидзын кæнынмæ  æрцыдысты Уæрæсейы æмæ æввахс фæсарæйнаг бæстæты минæвæрттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, арæзтадон куыстытæ сæххæст кæнынмæ нæм æххуысмæ кæй фæзындысты, уый хорз хъуыддаг уыд, фæлæ ма уыдонæй бирæтæ семæ æрхастой фыдбылыз дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уыдоны æндæвдады бын бахаудтой, нæ фæсивæдæй лæмæгъдæр характер кæмæн ис, уыдон, бацамыдтой сын, афтиаджы цахæм хостæ балхæнын хъæуы, цæмæй сæ иумæ схæццæ кæной æмæ сæ рауайа наркотикон буарадтæ, уыимæ ма ахæм хиаразгæ наркотикæн йæ аргъ дæр зынаргъ нæ лæууы. Афтиаджы иуæй-иу цæсгомджын кусджытæ куы фæхатынц, æвзонг адæймæгтæ ахæм хостæ цæмæн фелхæнынц, уæд сын сæ нæ рауæй кæнынц. Уый иуæй-иу цæсгомджын адæймæгтæ, фæлæ не ‘хсæнады ис ахæмтæ дæр æмæ сæхи дзыппы пайдайы тыххæй æппындæр ницæуыл æмæ никæйы сывæллоныл ахъуыды кæндзысты æмæ ахæмтæ æнцонтæй фæуæй кæнынц ахæм препараттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ æнцонвадат наркотикон буарадтæй пайда кæнынц нæ чысыл Ирыстоны дæр.

Хæрзæрæджы базыдтон,  наркотикты æндæвдады бын чи бахаудта, иу ахæм æвзонг нæлгоймаджы тыххæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй йын йæ ныййарджыты зонын тынг хорз æмæ ацы хабар фехъусгæйæ цавддурау фæдæн. Ау,  ахæм æгъдауджын ныййарджытæ кæмæн ис, уый афтæ цæмæн хъуамæ сынамонд уыдаид. Цæмæннæ кад кæны йæ кадджын ныййарджытæн. Нæ горæты цæрæг æвзонг нæлгоймаг цалдæр хатты бахаудта ахæстонмæ, куы хылы, куы та давыны цауты тыххæй æмæ йын уыдæттæ зондзонæн нæ фесты æмæ ныр та æрæвнæлдта наркотиктæ уæй кæнынмæ. Куыд базыдтон афтæмæй уый ныртæккæ бады ахæстоны. Æмæ цал æмæ цал ахæм цауæн ис æрхæссæн. Фарстæуы, цы уынгæджы бон сыл ныккодта æмæ ахæм æнæуаг митæ кæной?

Зынаргъ ныййарджытæ, ноджыдæр уын иу хатт уæ зæрдыл лæууын кæнæм:  сымах хъуамæ зонат, наркотиктæй пайда кæнын чи райдайы, уыдоны миниуджыты тыххæй. 1. Æнæ аххосæгтæй зæрдæйыуагы цæхгæр фæивд. 2. Йæ фынæйы ритмы фæивд: Раздæр-иу адæймаг схуыссыд æмæ-иу раджы сыстад. Фæлæ ныр боныгон гæнæн ис æмæ уа хуыссæгхъæлдзæг æмæ лæмæгъ, æмæ æхсæвы та – цæрдæг, ныфсджын. 3.Аппетиты фæивд. Раздæр адæймагмæ уыд хорз аппетит, фæлæ ныр хæры цъус. Кæнæ та иннæрдæм – раздæр хордта цъус æмæ йын ныр та ис «бирæгъы» аппетит. 4. Йæ царды ритмы фæивд: уый къаддæр вæййы хæдзары. Ферох кæны йæ раздæры æмбæлтты, фæзыны йын ног зонгæтæ. Уыдонимæ фæныхас кæны зæрдæхсайгæ æмæ ныллæг хъæлæсæй. Хæдзарæй сæфын райдайынц зынаргъ дзаумæттæ æмæ æхцатæ. Наркотиктæй пайда кæнын чи райдайы, уыдонæн сæ ком фæсур кæны, сæ цæстытæ æмæ былтæ вæййынц сырх, сæ цæстыгагуытæ фестырдæр вæййынц. Наркоманæн иуран бадын йæ бон нал вæййы, æп-пынæдзух фæкæны змæлгæ, наркотиктæй йæ расыг куы æрцæуы, уæд ын вæййы тынг дойны. Гæнæн ис æмæ иу ныхас цалдæр хатты сфæлхатт кæна. Психостимулятортæй чи пайда кæны, уыдон вæййынц агрессивон, тагъд-тагъд фæныхас кæнынц æмæ фæивынц ныхасы темæ. Бирæтæ дзы æнæ исты аххосæй æррайы худт фæкæнынц сæ сæртæ къулыл хойгæйæ. Бирæтæн дзы адджинагæй бафсис нал вæййы. Фæдарынц даргъдысджын дарæс, цæмæй сæ судзины фæдтæ ма зыной.

Цыбыртæй ахæм сты наркоманы симптомтæ æмæ ныййарæг цас тагъддæр базона, йæ хъæбул сæфты къахыл кæй нылæу-уыд, уыйас ын фылдæр фадæттæ ис стажимæ наркомантæй йæ фæиппæрд кæ-нынæн. Алы ныййарæг дæр хæсджын у, цæмæй йæ хъæбул боныдæргъы кæм вæййы æмæ цы фæаразы, уый зона. Науæд, байрæджы уыдзæн…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.