Ныййарджытæ, бахизут уæ хъæбулты «Урс мæлæтæй»

26-æм июны дунеон æмæхсæнад нысан кæны дунеон нысаниуæджы бон — наркотикон буарадтæй пайда кæнын æмæ сæ æнæзакъонæй парахат кæныны ныхмæ Дунеон бон. Наркоманийы ныхмæ Дунеон бон сфидар кодта ИНО-йы Генералон Ассамблея 1987 азы 7-æм декабры. Раздæры, ома, Советон Цæдисы рæстæгимæ абаргæйæ, абон наркотикон буарадтæй чи пайда кæны, уыдон нымæц у бирæ фылдæр. Уæрæсейы Федерацийы барадхъахъхъæнæг органты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, абон бæстæйы наркотиктæй пайда кæнынц аст милуанæй фылдæр адæймаджы. Уыдонæй бирæтæ наркотикон буарадтæй пайда кæнын райдыдтой, скъолайы ма куы ахуыр кодтой, уæд. ИНО-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ та, наркотикон буарадтæй чи пайда кæны, уыдоны иумæйагдунеон нымæц ныртæккæ у 185 милуан адæймаджы бæрц (ома, нæ планетæйы æппæт цæрджыты 12% 15 азæй 30 азы кармæ). Хъыгагæн, наркотиктæй чи пайда кæны, уыдоны нымæц бонæй-бонмæ фылдæр кæны. Дохтыртæ-наркологтæ æвдисынц сæ катайдзинад наркоманийы проблемæйы тыххæй, сæ зонæнтæм гæсгæ, кæд 4-5 азы размæ æвзонг наркоманты астæуккаг кар уыд 16-17 азы, уæд абон уыцы бæрæггæнæн фæныллæгдæр 13-14 азы онг. Статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæстаг 12-14 азы авд хатты фæфылдæр наркотикон буарадтæй пайдагæнæг сылгоймæгты нымæц дæр.

Наркотиктæй пайда кæныныл цайдагъдзинад нырыккон дуджы ссис егъау æхсæнадон низ. Хъыгагæн, ныртæккæйы рæстæджы наркомани у тынг пайдахæссæг бизнес, кæцы фадат дæтты искæйы æнамонддзинадæй хи схъæздыг кæнынæн. Наркотиктæ чи уæй кæны, уыцы бæстæтæ сты Æввахс æмæ Астæуккаг Хурскæсæн, Азийы бæстæтæ. Героины дунеон масштабы ифтонггæнæг та у Афганистан.

2008 азы августы æгъатыр хæсты фæстæ Хуссар Ирыстон сæндидзын кæнынмæ æрцыдысты Уæрæсейы æмæ æввахс фæсарæнты минæвæрттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æххуысмæ нæм кæй фæзындысты, уый хорз хъуыддаг уыд, фæлæ ма уыдонæй бирæтæ семæ нæ хæстарыд зæххмæ æрхастой фыдбылыз дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уыдоны æндæвдады бын бахаудтой нæ фæсивæдæй лæмæгъдæр удыхъæд кæмæн ис, уыдон. Æрцæуæггаг кусджытæ сын бацамыдтой, афтиаджы цахæм хостæ балхæнын хъæуы, цæмæй сæ иумæ схæццæ кæной æмæ сæ рауайа наркотикон буарадтæ, уыимæ ма ахæм хиаразгæ наркотик лæууы бирæ асламдæр. Афтиаджы иуæй-иу цæсгомджын кусджытæ куы фæхатынц, æвзонг адæймæгтæ ахæм хостæ цæмæн фелхæнынц, уæд сын уыцы хостæ нæ рауæй кæнынц. Уый — иуæй-иу цæсгомджын адæймæгтæ, фæлæ не ’хсæнады ис ахæмтæ дæр, кæцытæ сæхи дзыппы пайдайæн æппындæр никæй сывæллоны фидæныл ахъуыды кæнынц. Иу-дыууæ азы размæ газет «Аргументы и факты»-йы газеткæсæг фарст радта, зæгъгæ, афтиæгты цæмæннæ уал ис ссарæн хуымæтæджы марганцовкæйæн. Ацы фарстæн газеты редакци ахæм дзуапп радта: марганцовкæйæ дæр саразæн ис наркотикон буарадтæ æмæ йæ уымæ гæсгæ ныртæккæ уæй кæнынц сæрмагонд афтиæгты. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм æнцонвадат наркотикон буарадтæй пайда кæнынц нæ чысыл Ирыстоны дæр. Наркотиктæ стыр тæссагдзинад кæй хæссынц æхсæнадæн, уый æмбаргæйæ, нæ республикæйы барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ арæх ауадзынц рейдон мадзæлттæ, басгæрст æрцæуынц республикæйы цæрджыты цæхæрадæттæ, цæрæн бынæттæм æввахс цы быдыртæ ис, уыдон. Нæ республикæйы уæлдай парахатдæр у марихуана, аразынц æй, наркотик цы зайæгойы ис, гæн, зæгъгæ, уымæй. 2014 азы урæд æрцыдысты аст адæймаджы æмæ 2015 азы та — дыууæ адæймаджы. Уыимæ иумæ рейдтæ арæх уагъд фæцæуынц Транскамы фæндагыл дæр, цæмæй Хуссар Ирыстонмæ ласт ма цæуой уæззау наркотиктæ. Æрæджы нæ республикæмæ не ’мбæстæгтæ бафæлвæрдтой, бар кæмæн нæй, ахæм хос æрласын. Уый фæстиуæгæн уыдон дæр урæд æрцыдысты. Фæлæ йæ чизоны, цал æдзæсгом адæймаг æрбаирвæрзын кæны Хуссар Ирыстонмæ наркотикон буарадтæ. Ахæмтæн хуыцауы хай дæр нæй, æндæра искæйы хъæбул дæ æгъатыр архайды аххосæй цæмæн хъуамæ бацарæфтыд уа.

Наркотикты аххосæй бирæ ныййарджытæ скодтой саутæ сæ иунæг хъæбултыл дæр. Нæ горæты цæрæг сылгоймаг иунæгæй схъомыл кодта иунæг лæппуйы. Ницы цух уыд, фæлæ куыд фæстагмæ фæхæст æвзæрдзинæдтыл, райдыдта наркотикон буарадтæй пайда кæнын. 2012 азы уыцы лæппуйы йе ’мбæлттимæ сæ фыдракæнды уæлхъус — наркотиктæ аразгæ баййæфтой милицийы кусджытæ æмæ сæ æрцахстой. Иннæ лæппутæ цы баисты уымæн ницы базыдтон, фæлæ ацы лæппуйæн рахастой ахæстоны фæбадыны æмгъуыд. Уый ахæстоны цасдæр рæстæджы абадыны фæстæ, бавдæлд æмæ алыг кодта йæ тугдадзинтæ, дохтыртæ ма йæ тыххæй фервæзын кодтой. Уæд бæргæ аирвæзт мæлæтæй, фæлæ 2015 азы уый йæ мæлæт ссардта наркотикты аххосæй, кæд йæ зæрдæрыст мад бирæ фæархайдта наркотиктæй йæ фæиппæрд кæныныл, уæддæр.

Æрæджы мын нæ горæты цæрæг сылгоймаг катайгъуызæй радзырдта иу æнамонд хабары тыххæй. Цæвиттон, йæ сыхаг сылгоймагæн йæ лæппу фæцайдагъ наркотиктыл æмæ хæдзарæй давын райдыдта куыд æхца, афтæ хæдзарон мигæнæнтæ дæр. Æмæ ма, зæгъ, æрмæст ууыл куы æрлæууид, фæлæ, дам, йæ мадмæ йæ къух систа, цалдæр хатты, дам, æй фæнадта. Мад, дам, къуыригæйтты дæр æмбæхст фæвæййы йæ хиуæттæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æцæг кæуинаг хъуыддаг у, ныййарæг мад йæ удæй цы хъæбулы балхæдта, уый йæ ныр нæмын райдыдта, цы ма уа, уымæй æвзæрдæр. Нæ горæты иу бирæуæладзыгон хæдзары цурмæ фæцахуыр сты æвзонг фæсивæд, се ‘хсæн уыд куыд 17-18 аздзыдтæ, афтæ 14-15 аздзыдтæ дæр. Сыхæгтæ сæ фæхатыдысты, æмæ нырма афтæ æнхъæлдтой, зæгъгæ, тамако дымынц, фæлæ йæ фæстæдæр куы базыдтой, уæд сын цалдæр хатты бауайдзæф кодтой æмæ ныр уырдæм нал æмбырд кæнынц, фæлæ чизоны æндæр бынат ссардтой æмæ сæ кæнон дарддæр кæнынц. Æмæ цал æмæ цал ахæм æвзæр хабары тыххæй ис фехъусæн. Æрæджы Транскамы фæндагыл таможнæйы дæр æрцыд æнамонд хабар. Наркотиктæ чи ласта, уыцы адæймæгтæ куы фæхатыдысты, сбæрæг сын сæ кæндзысты, уый, уæд сæ аныхъуырдтой æмæ ма сæ иу мæлæтæй тыххæй аирвæзт. Фарстæуы, цы уынгæджы бон сыл ныккодта æмæ ахæм æнæуаг митæ кæной?

Зынаргъ ныййарджытæ, сымах хъуамæ зонат наркотиктæй пайда кæнын чи райдайы, уыдоны миниуджыты тыххæй. 1. Æнæ аххосæгтæй зæрдæйыуагы цæхгæр фæивд. 2. Йæ фынæйы ритмы фæивд: Раздæр-иу адæймаг схуыссыд æмæ-иу раджы сыстад. Фæлæ ныр боныгон гæнæн ис æмæ уа хуыссæгхъæлдзæг æмæ лæмæгъ, æмæ æхсæвы та цæрдæг, ныфсджын. 3.Аппетиты фæивд. Раздæр адæймагмæ уыд хорз аппетит, фæлæ ныр хæры цъус. Кæнæ та иннæрдæм — раздæр хордта цъус æмæ йæм ныр та ис «бирæгъы» аппетит. 4. Йæ царды ритмы фæивд: уый къаддæр вæййы хæдзары. Ферох кæны йæ раздæры æмбæлтты, фæзыны йын ног зонгæтæ. Уыдонимæ фæныхас кæны зæрдæхсайгæ æмæ ныллæг хъæлæсæй. Хæдзарæй сæфын райдайынц зынаргъ дзаумæттæ æмæ æхцатæ. Наркотиктæй пайда кæнын чи райдайы, уыдонæн сæ ком фæсур кæны, сæ цæстытæ æмæ былтæ вæййынц сырх, сæ цæстыгагуытæ фестырдæр вæййынц. Наркоманæн иуран бадын йæ бон нал вæййы, æппынæдзух фæкæны змæлгæ, наркотиктæй йæ расыг куы æрцæуы, уæд ын вæййы тынг дойны. Гæнæн ис æмæ иу ныхас цалдæр хатты сфæлхатт кæна. Психостимулятортæй чи пайда кæны, уыдон вæййынц агрессивон, тагъд-тагъд фæныхас кæнынц æмæ фæивынц ныхасы темæ. Бирæтæ дзы æнæ исты аххосæй æррайы худт фæкæнынц сæ сæртæ къулыл хойгæйæ. Бирæтæн дзы адджинагæй бафсис нал вæййы. Фæдарынц даргъдысджын дарæс, цæмæй сæ судзины фæдтæ ма зыной.

Цыбыртæй ахæм сты наркоманы симптомтæ, æмæ, ныййарæг цас тагъддæр базона, йæ хъæбул сæфты къахыл кæй ныллæууыд, уый, уыйас ын фылдæр фадæттæ ис стажимæ наркоманты дзыхæй йæ стонынæн. Алы ныййарæг дæр хæсджын у, цæмæй йе ’взонг хъæбул боныдæргъы кæм вæййы æмæ цы фæаразы, уый зона. Науæд, ирон адæм æнæуый дæр чысылнымæц наци сты æмæ нын иу адæймаджы фесæфт дæр стыр зиан у.

 ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.