РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдауон хъомылады паддзахадон комплексон нысанмæздæхт программæйы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны сорганизаци кæндзæн «Этно-лагерь» хистæр кълæсты ахуыргæнинæгты ‘хсæн интеллектуалон хъазт «Брейн-ринг»-ы хайадисджытæн.

Комитеты пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ «Этно-лагерь» кусдзæн 2 июлæй 8 июлмæ. Къуырийы дæргъы йæ хайадисджытæн сæ бон уыдзæн ирон этносы, æвзаджы æмæ культурон дунейы аныгъуылын.

«Иу къуырийы дæргъы йæ хайадисджытæн фадат уыдзæн фат æхсын, уадындзыл цæгъ-дын сахуыр кæнын. Уагъд сын цæудзысты национ кæфтытæ сахуыр кæныны фæдыл мастер-къластæ, афтæ ма сын организаци æрцæудзысты экскурситæ историон æмæ фенддаг бынæттæм. Уымæй дарддæр ма уыдон базонгæ уыдзысты ирон къæбицы сусæгдзинæдтимæ», – загътой ведомствойы.

Лагерь уыдзæн Дзауы районы  Хъеуселты хъæуы. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы мадзалы нысан кæй у  ирæтты историон æмæ культурон бынтæм фæсивæды хъусдард аздахын, афтæ ма этно-лагеры хайадисджыты сæ адæмы культурæ æмæ традицитыл сахуыр кæнын.

Интеллектуалон хъазт «Брейн-ринг» уагъд æрцыд ацы аз майы мæйы æмæ баст уыд, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны боныл 10 азы кæй æххæст кæны, уыимæ. Турнир уагъд цыд горæты скъолаты 9-11 кълæсты ахуырдзауты ‘хсæн, афтæ ма уæлдæр æмæ астæуккаг ахуырадон уагдæтты студенттæн дæр фæсивæды ин-теллектуалон курдиат рæзын кæныны нысанæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.